Фыццаг уæззау уæзы дунейы раздæры чемпион Гасситы Мурат Инстаграмы йæ фарсы ныффыста, зæгъгæ, сног кодта йæ тренировкæтæ, 2021 азы декабры мæйы  Украинæйы минæвар Андрей Руденкоимæ    спланогонд тохы размæ спаррингы рæстæджы йæ къух куы асаст, уый фæстæ.

«Травмæйы фæстæ æндидзын хорз. Æппынфæстагмæ здæхын тренировкæтæм», – ныффыста Гасситы Мурат социалон хызæгты. Боксеры тохы бон æмæ ныхмæллæуæг нырма бæрæг не сты.

Уый размæйы тох Гасситы Муратæн уыд 2021 азы июлы мæйы. Уæд ирон спортсмен нокауты арвыста Германы минæвар Михаэл Валлишы суперуæззау тохы. Иумиагæй сисгæйæ, Гасситы фырт йæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз 28 хатты æмæ иу хатт фембылд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.