2004 азы 3-æм сентябры Беслæны скъолайы амынæтты ирвæзын кæнгæйæ, фæмард сты сæрмагонд дæлхæйттæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы 10 кусæджы. Уæды онг ацы дæлхæйттыл уыйбæрц уды зиæнттæ никæцы ирвæзынгæнæн операцийы рæстæджы æрцыд.

Æрæджы мын Беслæны цæрæг, ме ‘ввахс хион радзырдта йæ зонгæ сылгоймаг, раздæры амынæт Уазæгты Еленæйы тыххæй. Чызджы, дам, аирвæзын кодта «Альфа»-йы кусæг Александр Перов. Афтæ ма уый йæ царды аргъæй бахъахъхъæдта æндæр сывæллæтты цард дæр. «Перов куы нæ уыдаид, уæд абон сæрæгас нал уыдаин. 3-æм сентябры срæмыгъд куы æр­цыд, уæд мæ бон нал уыд уæлæмæ сыс­тын. Арты æвзæгтæ мæм æрбаввахс сты, райдыдтон судзын. Æрбалыгъдысты нæм «Альфа»-йæ. Бахъуыды дзы кодтон Алек­сандр Перовы. Уый мæ фервæзын кодта мæлæтæй. Мæ зæрдæ æвзæр кодта, бирæ туг фесæфтон. Перов мæ фелвæста астæр­дæй æмæ мæ рудзынгæй адæтта. Срæ­мыгъды рæстæджы мæ хо та уыд хæрæн­доны æндæр сывæллæттимæ. Террорист­тæ уырдæм баппæрстой гранат, Александр Пе­ров йæ буарæй бамбæрзта сывæллæт­ты. Уыдон махæн сарæзтой, гæнæн цæмæн нæ уыд, уый», – арæх æрæмысы уыцы тæс­саг цаутæ Уазæгты Ленæ.


Мæ хæстæг мын куыд радзырдта, аф­тæмæй 2022 азы сентябры Уазæгты Еленæ ацыд Мæскуымæ æмæ дидинджытæ сæ­вæрдта, Беслæны «Альфа» æмæ «Вымпел»-æй чи фæмард, уыцы хъайтарты уæл­мæрды. Сæркъулæй дæргъвæтин рæс­тæджы фæлæууыд йæ ирвæзынгæнæг Са­ша­йы цырты раз.
Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы хъа­йтарты музейы æвæрд сты УФ-йы хъайтар, уп­рав­ление «А» («Альфа»)-йы 1-аг хайады оперативон къорды хистæр, майор Алек­сан­др Валентины фырт Перовы хисæрмагонд дзаумæттæ. Хъайтары Стъалы, Хъæ­ба­тырдзинады орден, майдантæ, афтæ ма ра­диостанц, пейджер æмæ æндæртæ, æп­пæт уыдон уыдысты иууыл уæззаудæр уыс­мы беслæйнаг сывæллæтты боевикты нæм­гуытæй йæ буарæй чи бамбæрзта, уыцы æцæг хъайтары. «Альфа»-йы æвзонг афицер уыд бирæнымæц контртеррористон опе­рациты хайадисæг.
Уæрæсейы æмæ Беслæны фидæны хъайтар райгуырд советон Эстонийы горæт Вильяндийы булкъоны бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Валентины æфсæддон службæмæ гæсгæ, бинонтæ цыдысты иу горæтæй иннæмæ. Спортивон, нысанмæтырнæг лæппу йæ разы æвæрдта бирæ хæстæ. Афтæ уыд скъолайы, афтæ уыд спорты, афтæ уыд служ­бæйы дæр. 1977 азы Александры фыд, бул­къон Валентины ракодтой Мæскуымæ, Фрун­зейы номыл æфсæддон академимæ – æф­сæддон кадрты сæйрагдæр куырдадз­мæ.
Орехово-Борисовойы 937-æм скъолайы ахуыр кæнгæйæ, Перов Александр фи­дарæй аскъуыддзаг кодта æфсæддон суæ­вын æмæ тынг хорз нысæнттыл фæл­ва­рæнтæ радта Мæскуыйы уæлдæр иумæйаг æф­сæддон командон ахуыргæнæндонмæ. Ахуыр кодта стыр цымыдисимæ æмæ тынг хорз нысæнттыл. 1994 азы уалдзæджы райдыдта æмбуар хæстæй архайын. 1995-æм азы клубты ‘хсæн Мæскуыйы чемпионаты Перов бацахста призон бынат. 1996 азы рауагъдон фæлварæнты размæ, ахуыргæ­нæндонмæ æрбацыд къамис «Альфа»-йæ, агуыр­дтой кадртæ. Фынддæс кандидаты фæл­варæн лæвæрдтой физикон цæттæ­дзинадæй: æртæкилометрон кроссы нор­матив дæс минутмæ алидзын, сæдæ хатты хи сисынæй æмæ а.д. Æмæ ноджы хæстон спарринг дæлхайы кусджытимæ. Афтæ ма уа­гъд цыд тест æртæ сæдæ фарстайæ æмæ уыдонæй сæ 90 процентæн Алек­сандр сдзуапп кодта раст – исæн балл та уыд 75. Афтæмæй фынддæс бархионæй «Альфа»-мæ райстой æрмæстдæр иу адæймаджы. Тест рацæуыны фæстæ Сашайы бафарстой: «Цæттæ дæ амынæтты ир­вæ­зын кæныны рæстæджы дæ цард рад­тын­мæ?». Уый фидарæй загъта, зæгъгæ, цæт­­тæ дæн.
Æнтыстджынæй паддзахадон фæлва-рæнтæ ратгæйæ Перовы бахастой элитон спецдæлхайы хыгъдмæ. Спецназы службæ райдыдта кæстæр оперæххæстбарджыны бынатæй æмæ ссис оперкъорды хистæр. Командировкæтæй сæ иуы рæстæджы спец­назонтæ спырх сты фугасыл. Перов ра­йста тыхджын контузи, æвзæр хъусын ра­йдыдта йæ иу хъусæй. Куы сдзæбæх ис, уæд та Цæгат Кавказмæ йæ командиров­кæтæ сног сты. Александр хайад иста Ком­сомольскоейы хъæуы сæрыл карз тохы, уый бахъуыд йе ‘мбæлтты бахъахъхъæныны сæр. Æххæстæй куынæг æрцыд бы­дырон командир Руслан Гелаевы бандæ, цы­ран уыд цалдæр сæдæ хорз бацæттæ­гонд боевикы.

«Норд-Ост»-æй Беслæны онг

2002 азы террористтæ бацахстой Мæс­к­уыйы Дубровкайы театралон центр. Майор Перов æртæ суткæйы хæдзары нæ уыд. 26-æм октябры райсом раджы уагъд æрцыд бæстыхайы комбинацигонд штурм. Перов æмæ ма ноджы фондз кусæджы архайдтой иууыл вазыгджындæр æмæ тæссагдæр фадыджы – сценæмæкæсæн залы. Уым бæс­­тыхайы центры æвæрд фæндзай ки­лог­­раммы бомбæйы срæмыгъды тæссагдзинады бын уыдысты 700 адæймаджы бæрц. Террористты æмæ «шахидкæты» скуынæг кæнгæйæ, спецназонтæ æрæв­нæл­дтой амынæтты эвакуацимæ. 40 ми­нуты дæргъы уыдон æддæмæ хастой адæ­мы. «Норд-Ост»-ы тыххæй майор Перов хорзæх­джын æрцыд Хъæбатырдзинады ор­денæй.

Фæстаг командировкæ

2004 азы 16 августы къорд ацыд Цæгат Кавказмæ. Александр ацы хатт ма хъуамæ атахтаид: 1-æм сентябрæй йын хъуамæ райдыдтаид ахуыр æдасдзинады федералон службæйы академийы. Фæлæ йын ба­хæс кодтой, куыд оперативон къорды ко­ман­дир, афтæ семæ атæхын. Кусджытæ сæ фылдæр уыдысты æвзæнгтæ, фаг фæл­тæрддзинад сæм нæ уыд. Перов уайтагъд сразы ис æмæ ацыд «Альфа»-йы аст азы службæйы дæргъы йæ дæсæм командировкæйы. Уый фæстæ æрцыд нæ дуджы историйы иууыл тæссагдæр цаутæй сæ иу.


2004 азы 1-æм сентябры «булкъон» Ортсхоевы лæгмарты къорд бацахста Бес­лæны фыццæгæм скъола. Æртæ боны дæр­гъы террористтæ бæстыхайы дардтой 1128 амынæты – сывæллæтты, ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты. Александр Перовы къорд æнæхъæн хайадæй боны æмбисы Ханкалайæ æрбацыд Беслæнмæ. Æмæ куыд командиртæй сæ иу, афтæ Перовæн бахæс кодтой пулеметчиктæ, снайпертæн бынæттæ сбæрæг кæнын, æхсæн бынæт­тæ сын сифтонг кæнын. Уый федта, терро­ристтæ скъолайы мидæг сæрибарæй куыд цыдысты æмæ минæтæ куыд æвæрдтой. Фехсæн сæ нæ уыдис, уымæн æмæ алы фæмардуæвæг террористы тыххæй æрт­хъирæн кодтой фæндзай амынæты ама­рынæй. «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы кус­джыты иу хай лæмбынæг репетици кодтой сыхаг хъæуы ахæм бæстыхай бацахсыны фæдыл.
3-æм сентябры 13 сахатыл скъоламæ уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ машинæйыл куы бацыдысты, цæ­мæй террористтимæ къухыбафтгæ ба­дзыр­дмæ гæсгæ бандиттæ уынгмæ кæй рап­пæрстой, уыцы амынæтты мæрдтæ ралас­таик­кой, уæд, спортивон залы æрцыд тæс­саг цау. Тыхджын тæвды нæ бафæрæзта баскет­болон къалатимæ ныхæст скотч. Ууыл фидаргонд уыдис рæмудзæн æрмæг. Æрцыд срæмыгъд. Террористтæ афтæ фенхъæлдтой, зæгъгæ, райдыдта бæс­тыха­йы штурм æмæ спырх кодтой ноджы иу егъау заряд. Иу минуты фæстæ скъолайы раз зынын райдыдтой тугæйдзаг сывæл­лæттæ æмæ сылгоймæгтæ. Бандиттæ сæ æхсын райдыдтой фæстийæ. Перовы къор­ды хъуыд фыццæгæм уæладзыджы ха­тæн­тæ æмæ хæрæндон бандиттæй асыгъ­дæг кæнын. Æндыгъддзинад тынгæй тынг­дæр кодта. Боевиктæ лæвæрдтой тыхджын ныхкъуырд. Рудзгуыты ‘рдæм агæпп кæн­гæ­йæ, спецназонтæ федтой скъоладзауты: гом рудзгуытæй сæхи радаргæйæ, сæ къух­ты тылдтой урс гæппæлтæ æмæ хъæр код­той: «Ма æхсут, ам уыдон бирæ сты!». Уæд Александр Перов йе ‘мбæлттимæ, рудз­гуыты бын слæууыд æмæ райдыдта сы­вæл­лæтты рудзгуыты тæрхджытæй зæх­мæ исын, уыцы иурæстæджы боевикты дзуап­пон æхст кæнгæйæ.
Хъуыд хæрæндонмæ баирвæзын. Перов батахт рудзынгæй, йæ бон ссис уæлæмхас хатæны цур боевикы амарын. Райдыдта карз тох. Хæрæндоны уыд æппынкъад­дæрæй 70 æдых сывæллоны. Ахæм уæззау уавæры спецназонтæ асыгъдæг кодтой тыгъдад. Перов дыууæ кусæгимæ цыдис разæй, террористтæн ныхкъуырд дæтгæ­йæ. Афтæ зынд, цыма къорды раз цы хæс­лæвæрд уыд, уый сæххæст кодтой æнæ уды зиæнттæй. Фæлæ та ног хæслæвæрд: бæс­тыхайы рахиз фарс иууылдæр асыгъ­дæг кæнын. Цыбыр рæстæгмæ къух­ты бафтыд бандиттæй цыппар къласы ссæ­ри­бар кæнын. Æрæвнæлдтой кинозалы асыгъ­дæг кæнынмæ дæр. Прапорщик Олег Лоськов хатæнмæ баппæрста дыууæ гра­наты. Срæмыгъдтыты фæстæ, хъуамæ бахыз­таид мидæмæ, фæлæ йыл уæдмæ суа­гъ­той автомат. Перовæн йæ къах фæ­цæф æмæ къуылыхгæнгæ балыгъд Олег­мæ æмæ йæ раласта къæлидоры асинты цур­мæ. Æххуысмæ сæм балыгъдысты «Вымпел»-ы дыууæ кусæджы. Уæдмæ рыг къæлидорæй, «Аллах акбар» хъæргæнгæ, ралыгъд террорист æмæ сыл суагъта ав­томаты æнæхъæн магазин.
Уæззау цæф уæвгæйæ, ма Александр бæр­гæ æрхæцыд автоматыл, фæлæ фес­ты йæ гилдзытæ. Перовæн бронежилетæй дæлдæр йæ гуыбын фæцис дыууæ цæфы. Иннæ спецназон сцæф кодта боевикы. Уый гранат баппæрста хæрæндонмæ æмæ йæ­хи бааууон кодта. Тыхджын рыстмæ æнæ­кæс­­гæйæ, Перовæн йæ бон ссис хæрæн­дон­мæ багæпп кæнын æмæ сывæллæтты нæмгуытæй йæ буарæй бамбæрзын.
Афтæ фæмард майор Перов. Цыдис ыл æрмæстдæр 29 азы. Йæ амæлæты фæстæ Перов Александрæн саккаг кодтой Уæ­рæ­сейы хъайтары ном. Йæ ном хæссы мæс­куыйаг скъолатæй иу, йæ номыл ын схуыд­той Горьковскы æфсæнвæндаджы элек­тропоезд. Йæ ном хæссы, йæ ныййарджы­ты хæдзар кæм ис, уым – Михаленинойы хъæуы уынг. Сывæллæтты æнæниз­гæнæн-ахуырадон центр дæр хæссы Уæ­рæсе æмæ Беслæны хъайтары ном…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.