24 октябры уагъд æрцыд РХИ-йы Парламенты дыккаг сессийы цып-пæрæм рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Боны фæткы уыд иу пункт-«2019 азы РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Хъæлæс кæныны рæстæджы ма боны фæткмæ депутатты къорд уынаффæ кæнынмæ рахастой иу фарст-«Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уæнгтæ – РХИ-йы мидхъуыддæгты министр æмæ РХИ-йы юстицийы министрæн æнæууæнкдзинады тыххæй» 2019 азы 23 октябры РХИ-йы Парламенты Президиумы уынаффæ аиуварс кæнын.

Ацы фæндоныл сразы сты парламентариты фылдæр хай.

Фыццаг фарсты фæдыл ралæууыд РХИ-йы Парламенты бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты фæдыл сæрдар Джиоты Еленæ, кæцы банысан кодта, ацы закъоны проекты фарс кæй рахæцыдысты комитеты æппæт уæнгтæ.

Джиоты чызгы ныхæстæм гæсгæ, йæ æнæмæнгхъæуындзинад баст у ахæм фактортыл: 9 мæйы дæргъы фактикон æххæсткæнынады тыххæй паддзахадон бюджетмæ æфтиæгтæ кæй фæбæрзонддæр сты æмæ æфтиæгты сæйраг администраторты хатдзæгтæм гæсгæ, хицæн хардзон статьятæ фæфылдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад, афтæ ма здæхтыты ‘хсæн хæрдзтæ байуарын фидаргонд бюджетон ассигнованиты фæлгæтты бюджетон фæрæзты сæйраг уагдарты фæндонмæ гæсгæ.

Закъоны проект ист æрцыд депутатты фылдæр хъæлæсæй.

Уый фæстæ уынаффæ кæнынмæ хаст æрцыд боны фæткы дыккаг фарст. 18 депутаты сразы сты, кæцыйы фæстиуæгæн ист æрцыд РХИ-йы Парламенты уынаффæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уæнгтæ РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр æмæ РХИ-йы Юстицийы министрæн æнæууæнкдзинады тыххæй» 2019 азы 23 октябры РХИ-йы Парламенты Президиумы уынаффæ аиуварс кæнын».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.