Хъайтарты уынджы 118-æм бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ 2008 азæй фæстæмæ æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй сын сæ бæстыхай сцалцæг кæной.

Цæрджытæ ардæм æрбалыгъдысты 1983 азы æмæ кæд уый стыр æмгъуыд нæу, уæддæр сæ корпус ныртæккæ ис æдзæллаг уавæры. 2008 азы хæсты Гуырдзыстоны хотыхджын æфсæдтæ уæззау артиллерийы æхстыты бын фæкодтой ацы бирæуæла-дзыгон хæдзары. Цы 60 фатеры дзы ис, уыдонæй басыгъд 17.

Хæсты фæстæ æндидзынгæнæн куыстытæм куы бавнæлдтой, уæд æрывнæлдтой ацы хæдзары агъуыст раивынмæ дæр. Фæлæ куыстытæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ ныддаргъ сты æмæ бирæ рæстæг баззад æнæмбæрзтæй. Къæвдайы дæттæ цыдысты æмæ тынг разиан кодтой, хæстæй ма æнæхъыгдард цы фатертæ аззадысты, уыдонæн дæр.

Хæдзары уавæр сбæрæг кæныны тыххæй иу æмæ дыууæ хатты  не ‘рхуыдтой Цæгат Ирыстонæй экспертон къамис. Уыдон-иу æр-выл хатт дæр радтой ахæм хатдзæг, ома, хæ-дзар у аварион æмæ йын сцалцæггæнæн нал ис.

Хæдзар аварион кæй у, уый бæлвырд уыд, фæлæ йæ хъысмæт уæддæр скъуыддзаг нæ цыд.

Æрæджы республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли бацыд Хъайтарты уынджы 118-æм хæдзары кæртмæ æмæ сын официалонæй фехъусын кодта сæ хæдзар арæзт кæй æрцæудзæн ногæй. Цалынмæ арæзт цæуа, уæдмæ уал кæй цæрдзысты, Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы ног хæдзæрттæ арæзт æрцыд, уыдонæй сæ иуы. Цæрджы-тæн хицауад бар дæтты, цæмæй равзарой, цæрынæн сæм хуыздæр кæм кæсы, уыцы бынат. 2021-æм азы арæзт фæуыдзæн хæ-дзар æмæ уый фæстæ кæй бафæнда, уымæн бар уыдзæн фæстæмæ йæхи фатермæ раздæхынæн.

Зæгъын хъæуы уый æмæ Гуыбаты æфсы-мæрты уынгыл цы 75 цæрæн фатеры арæзт æрцыд, уыдон дзуапп дæттынц хæрзвадат нормæтæн. Аразгæ та йæ скодта арæзтадон организаци «СТМ-Юг». Ацы арæзтадон организаци йæхицæн хорз номскодта Хуссар Ирыстоны. Йæ бакæнгæ куыстытæм нæ вæййы фау æрхæссæн. Гуыбаты æфсы-мæрты уынгыл цы дыууæ хæдзары сырæзт, уым æдæппæт ис 150 фатеры. Уыдонæй 50 – дыууæ хатæнонтæ, иннæтæ та сты иухатæнон фатертæ. Се ‘ппæт дæр арæзт æрцы-дысты иууыл хуыздæр планировкæйыл. Хæ-дзæртты кæртыты æрцыд асфальт æвæрд, сывæллæттæн дзы сарæзтой хъазæн фæзуат. Кæрты ис фæхсбандæттæ æмæ мини стадион дæр.

ЦАРЗ-ы микрорайонмæ ивгъуыд аз æрцыд асфальт фæндаг арæзт. Ам ма цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдон кæртытæ дæр æрцыдысты  хæрзарæзт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.