Хуссар Ирыстоны делегаци Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй хайад райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фыдохы мадзæлтты, кæцытæ баст уыдысты Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы æнæадæймагон терактыл 12 азы сæххæсты бонимæ. Теракты рæстæджы фæмард 334 адæймаджы, кæцытæй 186 уыдысты сывæллæттæ.

Беслæны мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæты» Президент Тыбылты Леонид æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой «Хъынцъымы бæласы» цыртдзæвæныл. Афтæ ма цыртдзæвæныл дидинджытæ сæвæрдтой æрæмбырдуæвæг скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, чырыстон æмæ пысылмон диныл хæст минæвæрттæ, национ-культурон æмæ фæсивæдон змæлдты минæвæрттæ, цæрджытæ.

Фыдохы митинджы хайадисджытæ зæрдæрыстæй хъуыстой мадзал амонæджы сабыр хъæлæсмæ, кæцы метрономы зæлты бын бакаст теракты амæттæгты нæмтты. Ацы хъæлæс зæрдыл æрлæууын кодта 2004 азы сентябры райдианы æбуалгъ цауты æмæ æрдзырдта æрцæугæ трагедийы масштаб æмæ æнæпрецедентондзинады тыххæй.

Мадзалы хайадисджытæй алчи дæр куывта, цæмæй ахæм цау макуыуал æрцæуа фæлхаттгонд. Арвмæ стахтысты 334 урс тымбылæджы, Беслæны Зæдтæ цахæм уыдысты, ахæмтæ.

Тыбылты Леонид æмæ Битарты Вячеслав æппæт æрæмбырдуæвджытимæ иумæ ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты нæмттæ иу уысм æмырæй алæугæйæ, афтæ ма дидинджытæ сæвæрдтой спецназонты цыртдзæвæныл, кæцытæ фæмард сты амынæтты сæрибар кæнгæйæ. Афтæ аргъуаны службæ-гæнджытæ бакуывтой теракты рæстæджы фæмардуæвджыты удты æнцойдзинады тыххæй.

РХИ-йы Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.