Стыр  Фыдыбæстæйон  хæсты Уæлахизы 72 азы сæраппонд бирæ бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд цæуы куыд горæты, афтæ республикæйы районты дæр. Хæсты ветеранты сæ бæрæгбоны цытæн фæбуц кæнынц бирæ æхсæнадон организацитæ æмæ уагдæттæ.

Ацы аз дæр нæ ветерантæ Арфæйы фыстæджытæ райстой Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæй, сæрмагонд лæвæрттæ сын бакодта УФ-йы Арæнхъахъхъæнæг управлени. Уымæй дарддæр ма сын сæ нæмттæ æрфарстой Юстицийы министрады Тæрхондонон приставты службæ йæ къухдариуæггæнæг Дзæгъиаты Вадимы сæргълæудæй. Уыдон æрвылаз дæр ссарынц нæ буц ветеранты нæмттæ. Нæ Республикæйы уæвæг УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ дæр сын бакæнынц алыгъуызон цардуагон лæггæдтæ – кæмæн хæдзары æмбæрзт раивынæн баххуыс кæнынц, кæмæн йе ‘мбонд саразынц, кæй сугæй ифтонг кæнынц  æмæ а.д. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад дæр архайы ветеранты къух фæрог кæныныл. Æрвылаз дæр сæм фæхæццæ кæнынц, Уæрæсейы къухдариуæгад цы арфæйы фыстæджытæ æмæ лæвæрттæ æрæрвиты, уыдон.

Æгас Уæрæсейы территорийыл активон куыст цæуы «Æнæмæлгæ полк»-ы фæлгæтты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдыры æбæрæгæй чи фесæфт, уыдонæй исты бæрæг базоныныл. Ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл куыст цæуы нæ республикæйы дæр. Нæ республикæйы Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ветеранты номхыгъд бавдыстой паддзахадон нысаниуæгджын бæрæгбонон мадзæлтты фæдыл организацимæ. Уым сты, сæрæгасæй чи æрыздæхт, уыдоны номхыгъд дæр æмæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон дæр. Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, ацы организаци ныридæгæн сбæрæг кодта æбæрæгæй сæфт къорд хæстоны ингæны.

Нæ республикæйы территорийыл ис бирæ цыртытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты салдатты номыл. Уыдон кæд æрвылаз нæ, уæддæр фæхъæуы цалцæг кæнын. Ветеранты советы уæнгтæ кусынц ацы хъуыддагыл, бæрæг кæнынц цыртыты уавæр, цалцæг кæнын кæй хъæуы, уыдон тыххæй бахатынц бынæттон администрацитæм, иннæтæн ссыгъдæг кæнынц сæ алфæмблай æмæ сæ æмбæлон уагмæ æркæнынц. Уымæй дарддæр ма бирæ бынæтты арæзт цæуынц ног цыртытæ. Бесаты Вячеслав нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ныртæккæ ахæм цырт сцæттæ Цхинвалы районы Присы хъæуы. Ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл бакуыста парти «Иугонд Ирыстон»-ы фæсивæдон къорд. Уыдон бахатыдысты Ветеранты советмæ, цæмæй сын бахæс кæной Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты номыл искæцы цырт сæндидзын кæныны хъуыддаг. Уыцы хæрзиуæгон хъуыддагыл райгондæй сæмбæлдысты Ветеранты советы уæнгтæ. Вячеслав сын бацамыдта, цæмæй ахæм куыстытæ бакæной, горæтмæ æввахс хъæуы цы цырт ис, уым.

Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав ма нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ аразынц, Хуссар Ирыстонæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад чи райста, уыдоны къамтæй стенд. Уыцы стенд æвæрд æрцæудзæн кæнæ музейы, кæнæ та горæты администрацийы æрбахизæны цытджын бынаты.

Совет активонæй сæхи бацæттæ кодтой 9 майы Стыр уæлахизы бонмæ. Цытджын трибунæйæ ветерантæн фадат уыдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 72 азы боны цытæн Æфсæддон парадмæ бакæсынæн.

Бæрæгбонон парады ма ивгъуыд азау организацитæ æмæ скъоладзаутæ рахæсдзысты Хуссар Ирыстонæй «Æнæмæлгæ полк»-ы хæстонты къамтæ. Бæрæгбоны къæсæрыл Вячеслав зæрдиаг арфæтæ ракодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн, фыццаджыдæр сын, зæгъгæ, мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ, уадз Уæлахизы бирæ азтæ ноджыдæр нысан кæнæд сæ хиуæттæ æмæ хæстæджытимæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.