Сабатизæры нæлгоймæгтæ

Уæ хорзæхæй, хорз адæм, ацы æрмæджы сæргонд уæм диссаг ма фæкæсæд! Раздæр ирон адæммæ марды сабатизæр уыд сылгоймæгты. Кæд-иу хæдзары фынгыл цыппар – æхсæз, æппæты фылдæр дæс нæлгоймаджы æрбадт, уæд хорз. Æфсинтæ æмæ-иу хæрзхиуæттæ марды фæдыл цы æрцæттæ кодтой, уый-иу ын нæлгоймæгтæ хæдзары ныххæлар кодтой, стæй йын йæ фылдæр хай сылгоймæгтæ хастой уæлмæрдмæ. Уым ыл-иу фæкуыдтой, рухсæгтæ йын-иу фæкодтой. Сæ хæссинæгтæй ма-иу цы баззад, уыдон мæрдджынты хæдзармæ хæссын нæ фæтчыд, кæрæдзийы мидæг сæ-иу адихтæ кодтой. Æмæ сæ алчидæр хаста сæхимæ. Ахæм æгъдау нæм ис ныр дæр. Афтæ кæнгæ у марды мысæн бонты уæлмæрдæй здæхгæйæ алы хатт дæр.

Уыцы хæссинæгтæй уынджы сывæллоны къухы исты авæр, уый та мардæн у стыр æхсызгон. Уымæн æмæ, марды фæдыл цы хойраг æмæ хæлц æрцæттæ кæнынц, уыдон, дам, цас адджынæндæр хæрд æрцæуой, уый бæрц æм хуыздæр хæццæ кæнынц Мæрдты бæстæм. Уæлдайдæр, рæзгæ адæймаг цы бахæра, уый. Уынджы хъазæг сывæллон æдзух змæлгæйæ æххормаг кæны, æмæ йын-иу уæлмæрдæй цæуæг сылгоймæгтæ йæ къухты цы авæрдтой, уыдон хæрз адджынæн хордта.

О, фæлæ мæнæн мæ ныхас сабатизæры нæлгоймæгтыл куы у. Сабатизæртæ фылдæр уыдысты сылгоймæгты. Уыдон дзы архайдтой, бирæтæ дзы-иу уым фыццаг хатт кæрæдзи федтой, кæнæ кæрæдзи рагæй нал федтой, æмæ сын-иу ныхас ацайдагъ, рафæрс-бафæрсыл-иу фесты. Уæлдайдæр та уæлмæрдæй здæхгæйæ. Кæд ма фендзысты кæрæдзи, кæд ма фæдзурдзысты сæ зæгъинæгтæ кæрæдзийæн… Æмæ-иу сыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Мæнæ абон дзыппыдаргæ телефонтæй дзурджытау. Гъе, уымæ гæсгæ нæм фæзынд ахæм ныхас: «Сабатизæры устытау та ныхасыл куы фестут…»

Ныр нæ сабатизæры нæлгоймæгтæ фæфылдæр вæййынц. Уæлдайдæр Горæтгæрон районы хъæуты. Уыдоныл дзы ницы хæс æвæрд вæййы, æмæ дзурынмæ нæ сылгоймæгтæй фæфыддæр сты. Цæугæ та цæмæн æрбакæнынц? Ирон адæммæ сабатизæр сылгоймæгтыл нымад куы у! Мæрдджынты уæлдай фæлхасы тыххæй! Бæрц нал зонæм, æмæ нæ хъуыдыджын æгъдæуттæ цаудæй-цауддæрмæ цæуынц. Сабатизæр у ног марды ном ссарынæн, фæхъыг ыл кæнынæн. Цæлы фынгыл рабадынæн нæу! Кæд мардыл дæ зæрдæ тынг риссы, уæд ын йæ уæлмæрд бабæрæг кæн.

Мæрдæхсæвæр, æви æнæныгæд мардæн хæрнæг

Ирон адæймаг цардæй куы ахицæн вæййы, уæд æй æртыккаг бон йæ сыджытыл сæмбæлын кæнынц. Уый размæ æхсæв та йын йæ фарсмæ æрæвæрынц æхсæвæр – йæ хæдзары йæ фæстаг æхсæвæр. Уый йын хурныгуылды размæ хистæр нæлгоймæгтæ ныххæлар кæнынц.

Уыцы рæстæг сыхы хистæртæ кæстæртимæ амбырд вæййынц, зианджын бинонты Хуыцауыл бафæдзæхсынц, мардæн рухсаг фæзæгъынц, стæй сæ уæд райсом марды ныгæнæн бон хистæрæй, кæстæрæй кæуыл цы хæс æвæрд ис, уый сбæрæг кæнынц, æнæрхъуыдыйæ сæ куыд ницы аирвæза, ууыл бамæт кæнынц. Сæ разы сын цы хойраг æмæ нозт æрæвæрынц, уый æрбахæссынц хиуæттæ кæнæ – сыхæгтæ. Мæрдджыны хæдзары арт кæнын дæр нæ фæтчы йæ ныгæнæн бонæй раздæр.

Мæрдæхсæвæр иуæй-иу рæтты куыд кæнынц, ома, хæдзары арт дæр скæнынц, дзаджджын фынгтæ æрæвæрынц, æмæ сыл бирæгæйттæ æрбадынц. Суанг мæрдджынтæ дæр. Мард ма уæлтæрхæг вæййы, афтæмæй фынгтыл кæй рабадынц, уый у нæфæтчиаг, æнæфенд ми, бахæрон, бануазон, æндæр дзы ницы æгъдау ис. Худинаг ми. Тæфæбон ахæм митæй хи хизын хъæуы, чи амард, уый рухс цæсгом хъуыды кæнгæйæ.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.