Ирыстоны хӕхтӕ, йӕ рӕсугъд сӕрвӕттӕ, йӕ цъӕх  дӕлвӕзтӕ, ӕхсӕрдзӕны зард, йӕ дзыллӕйы лӕджыхъӕд, намыс, сӕ диссаджы  царды  хабӕрттӕ ӕмӕ фӕндӕгтыл  иууыл  зӕрдӕбындӕрӕй  чи зарыд, сӕ хӕрзиуӕгӕн чи куыста, уыдонӕй  иу уыдис  Хъуысаты  Димитр.

Йæ ирон ном та хуынди Хъасбол, уд ӕмӕ лӕджыхъӕдӕй  ӕххӕст адӕймаг уыд, цырагъдарау  фӕлӕууыд йӕ адӕмы  раз, йӕхи  зонынхъом  куы фӕцис, уӕдӕй  суанг  амӕлӕты  бонмӕ. Йӕ сагъӕсы  сӕйраг  уыд Ирыстоны  рӕсугъд  сомбон, йӕ адӕмы  бӕллиццаг  фидӕн, ирон лӕджы кад.

Национ культурӕйы  райрӕзтæн хъардта  йӕ уд, йӕ  тыхтӕ  лӕвӕрдта  Ирыстоны цардуаджы аппаринаг  ӕгъдӕуттӕ фесафынмӕ, ног дуджы  хӕрзиуджытӕ ныббиноныг  кӕнынмӕ  ӕмӕ  йын  ӕнтысгӕ дӕр  бирӕ бакодта.

Йӕ тыхтӕ  бирæ жанрты фӕлвӕрдта, фæлæ йын иууыл фылдӕр бантыст    драматургийы фадыджы. Уый нымад  цӕуы  Ирыстоны  зӕронддӕр  драматургтӕй  иуыл. Хъасболат йӕ куысты фӕллад нӕ зыдта, уыдис хъӕлдзӕг, ӕрдхӕрӕны  хъаруйы  хицау, зӕрдӕхӕлар  адӕймаг.

Хъуысаты Хъасболат (Димитр) райгуырдис  1889 азы  Дзæуджыхъæуы службӕгӕнӕг бинонты  хӕдзары. Йӕ фыд Ипполит царды  рахӕцӕнтӕй цух  уыд, цардӕн фӕрӕзтӕ агуырдта, фӕлӕ цы ссардтаид уӕды  ихсыд дуджы, мӕгуыр цард кодтой бинонтӕ. Фӕцыд цардагур ӕд бинонтӕ Иркутскмӕ. Ницы дзы ссардта хорзӕй, бахауд тӕдзынӕгӕй  цыхцырӕджы  бынмӕ. Рафтыд  уӕззау  куысты  ӕмӕ йӕ мӕлӕт  дӕр  ӕрцыд  уым.

Бинонты уавӕр ноджы фӕзындӕр, царды  уӕз  ӕрхаудта  мадмӕ, уый  та хуыздӕр фӕрӕзӕн равзӕрста  фӕстӕмӕ  Ирыстонмӕ ӕрыздӕхын. Ӕрыздӕхт зӕрдӕрыст  ӕмӕ мӕгуырӕй. Иркутскы  зӕххыл ныууагъта  йӕ цардӕмбалы, йӕ хистӕр фырт  Къостайы, уый та  фӕмард  революцион демонстрацийы рӕстӕджы  полицийы къухӕй.

Уӕззау  уыдысты  йӕ сабион  бонтӕ Хъасболатӕн. Иркутскы фӕцис авд азы. Кӕд ын маст  ӕмӕ фыдӕбӕтты азтӕ  уыдысты, уӕддӕр  ӕвзонг  лӕппуйӕн  иу хъуыддаджы  егъау  ӕххуыс фесты, уым фӕцалх  уырыссаг ӕвзагыл, фӕстӕдӕр ын ссис  йӕ дыккаг  мадӕлон  ӕвзаг. Ӕмдзӕвгӕтӕ  дӕр  уырыссаг ӕвзагыл райдыдта  фыссын.

1909 азы  Хъасболатӕн  йӕ  къухты бафтыд  Дзæуджыхъæуы сахарон  ахуыргӕнӕндон фӕуын.

1915 азы  йæм ӕрсидтысты  ӕфсӕддон  службӕмӕ, цыран фӕцис  1917 азмӕ. Йӕ службӕйы фӕстӕ афтыд Тифлисмӕ ӕмӕ уӕд бындуронӕй   бавнӕлдта  литературон  куыстмӕ. Тифлис уӕдмӕ  зындгонд уыд  Хъасболатӕн. Уый  зӕгъӕм  уымӕн, ӕмӕ  1914  азы Тифлисы ирон драмкъорд  сӕвӕрдта Хъасболаты  пьесӕтӕ «Зауырбег» ӕмӕ «Къуыхцы скъӕфт».

Октябры  социалистон революцийы фӕуӕлахиз Хъасболатӕн  радта  ныфс, циндзинад, фӕндӕгтӕ ӕхсӕнадон  ӕмӕ литературон  куыстмӕ.

1920 азтӕй фӕстӕмӕ кӕрӕдзийы  фӕдыл мыхуыр цыдысты  йӕ уацмыстӕ. 1920  азы фыст  ӕрцыд  йӕ зынгӕ пьесӕ «Урс мигъ», 1923  азы та – «Абырӕг  Зауыр».

1927 азы  Хъасболат ӕрцард  сахар Ростов-Доны. Уым ныффыста йӕ диссаджы пьесӕ «Мариам».

Хъуысайы фырт царды  ахсджиаг  фарстытыл  хъуыдыгӕнгӕйӕ, иуран  нӕ бадт, зылдис  Кавказыл, ӕмбырд  кодта ӕрмӕджытӕ  ӕмӕ фыста  диссаджы  очерктӕ, мыхуыр  сӕ кодта  Ростовы  чи-ныгуадзӕн «Северный Кавказ»-ы  ахӕм номимӕ «Хӕххон сылгоймаг» («Горянка»).

Драматурджы  сфӕлдыстады, стӕй  уӕд  ирон  литературон  историйы  стыр  нысаниуӕг ис  Хъасболаты пьесӕтӕ «Зӕхх» ӕмӕ «Адӕмы зарӕггӕнӕг»-ӕн. Фыст ын ӕрцыдысты 1938-1939  азты. 1940  азы  Ростовы сценӕйыл фӕзынд  йӕ пьесӕ «Хъӕбатыр  Мишуткӕ».

Нӕ уыд  рох  Хъасболатӕй  Хуссар Ир дӕр.  Ӕрцыд  ардӕм  1934 азы. Цхинвалы бавнӕлдта  поэтикон  куыстмӕ, ам  ӕрцыдысты  фыст йӕ пьесӕтӕ  «Урмули» ӕмӕ «Ӕлгъыст». Ӕнтыстджынӕй цыдысты  нӕ театры  сценӕйыл. Фӕсхӕсты  азты  Хъасболат  рӕгъмӕ рахаста  дыууӕ зынгӕ  пьесӕйы – «Рӕмонты Хадзымӕт» ӕмӕ «Адӕмы хъӕбул».

Бирӕ ис драматургмӕ иуактон  пьесӕтӕ дӕр. Уынӕм дзы  нӕ царды  хорздзинӕдтӕ, стӕй уӕд нӕ царды  хъӕндзинӕдты  дӕр.

Йӕ фӕндтӕ дардыл  уыдысты  Хъасболатӕн, фӕлӕ  хъысмӕт ӕгъатыр у, ахицӕн йӕ цардӕй 1964 азы.

Йӕ фыццаг  ахуыргӕнӕг  Хъасболатӕн уыдис  Къостайы  сфӕлдыстад, хӕрз ӕвзонгӕй  базонгӕ  «Ирон фӕндыр»-имӕ.

Хъасболат  йӕ рӕстӕджы  хорз зонгӕ уыд С.М.Кировимӕ. Уӕд  уый куыста  газет  «Терек»-ы, зонгӕ уыд  зынгӕ режиссер Вахтанговимӕ дæр. Ацы зынгӕ  адӕймӕгтӕ  бирӕ  баххуыс  кодтой  Хъасболатӕн, цӕмӕй  йӕ  пьесӕтӕ  сценæйыл  ӕвӕрд  цыдаиккой.

Хъуысайы фырт  драматургимӕ  уӕндон  цыд  ӕрбакодта  1909 азы. Уӕд ӕрцыдис  фыст  йӕ зынгӕ  пьесӕ  «Хӕхты хъӕбултӕ» («Дети гор»). Уый фыццаг хатт сценӕйыл  ӕвӕрд  ӕрцыд  1912 азы  Дзæуджыхъæуы. Фӕстӕдӕр  стыр ӕнтыстытимӕ ӕвдыст цыдис Тифлис, Мӕздӕг, Прохладнӕ ӕмӕ  ӕндӕр сахарты  сценӕтыл.

1914 азы фӕзынд  Хъасболаты  зынгӕ  драмӕ «Зауырбег». Уацмысы  дзырд  цӕуы  революцийы  агъоммӕйы  тухийаджы цардыл, ӕфхӕрд  ӕмӕ ссӕст  дугыл, хӕххон  адӕмы  ӕбардзинадыл. Карзӕй ӕфхӕры ирон  адӕмы фӕстӕзад ӕгъдӕутты дӕр.

Ӕрыгон  советон  хицауады  цы стыр  тох  бахъуыд  цард  ӕрфидар  кӕныныл, ууыл дзурӕг  сты  йӕ пьесӕтӕ  «Урс мигъ», «Хъазуат  бырст» ӕмӕ  «Ӕндон фӕндаг».  Автор реалон  нывты  ӕвдисы  дзыллӕйы тохы  фӕндӕгтӕ, сӕрибардзинад  агурӕг  адӕмы  удуӕлдай тох.

Фесты  мидхӕсты  азтӕ. Ныр  хӕххон  адӕмӕн фӕндӕгтӕ байгом сты быдырмӕ. Цӕрӕнбонты зӕхмӕ йӕ былыцъӕрттӕ чи хордта, зӕхмондагӕй чи мард, быдыр  йе ‘нусон  бӕллиц  кӕмӕн уыд, уыдон  ныр бахаудтой  цины  малмӕ. Уыцы  стыр циндзинад, ног  хицауады  хорздзинӕдтӕ арӕхстджынӕй  ӕвдисы  Хъасболат йӕ пьесӕ  «Зӕхх»-ы.

Йӕ пьесӕ  «Ног фӕндаг»-ы  та автор  ӕвдисы  колхозон  арӕзтады  фӕндӕг-тӕ, къласон знаджы цӕсгом, дуджы  раззагон фӕлтӕры змӕлд ӕмӕ  архайд.

Ног  ӕхсӕнад  хӕххон  сылгоймагӕн  цы бартӕ радта, дзыллӕйы  ‘хсӕнмӕ  йӕ куыд  ракодта, адӕймаджы  бартӕ  йӕм  куыд ӕрхауд, нӕлгоймаджы ӕм-рӕнхъ  куыд слӕууыд, уыдӕтты арӕхстджынӕй  ӕвдисы  Хъасболат йӕ пьесӕ  «Заретӕ»-йы.

Хъуысайы фырт  зӕрдӕрыстӕй  каст хӕххон сылгоймаджы  цардуагон  уавӕртӕм. Сылгоймаджы суӕгъд ӕмӕ сӕри-барыл  уыд  йӕ тох, йӕ сагъӕс. Зӕронд царды  баззайӕццӕгтӕ, сылгоймаджы  ссӕрибар  кӕныны  фарстытӕ – уыдӕтты ӕвдисы драматург  йӕ пьесӕтӕ «Мариам» ӕмӕ «Сыгъзӕрин зӕрдӕ»-йы.

Пьесӕ  «Мариам»-ы сӕйраг  хъайтар  у  чындзон чызг Мариам, уый йӕ къух исы  зӕронд ӕгъдӕуттыл, фӕлыгъд  йӕ фыды  хӕдзарӕй, райста  ахуырдзинад, сыздӕхт сӕхимӕ ӕмӕ ныр у иннӕ  сылгоймӕгты хъомылгӕнӕг, уыдонӕн  фӕндагамонӕг.

Фӕсхӕсты азты  Хъасболат бавнӕлдта  ног  пьесӕтӕ фыссынмæ.

Автор егъау  хӕс  ӕрывӕрдта йӕ разы  равдисын  мидхӕсты  цаутӕ Цӕгат  Ирыстоны. Сӕйраг  хъайтарӕн та равзӕрста зынгӕ революционер  Рӕмонты  Хадзымӕты.

Автор  йӕ  трагедийӕн райста  хъӕуӕг  фӕлгӕндзтӕ хӕдзары, адӕмы ӕмӕ знӕгты ‘рдыгӕй  ӕмӕ  ӕмбӕлон  сюжет  снывӕста.

Хъуысайы  фырты  арӕхстдзинадыл  ма дзурӕг у уый  дӕр, ӕмӕ историон  факттӕм ӕввахс кӕй бацыд, Хадзымӕты  царды   фӕндӕгтӕ реалонӕй  кӕй  равдыста.

Уацмыс  авторӕн  фыст ӕрцыд  уырыссаг  ӕвзагыл, иронмӕ  йӕ раивта Цӕлыккаты  Маирбег.

Хъуысаты  Хъасболаты сфӕлдыстады  сӕйрагдӕр  фарстытӕй  иу уыд  Къостайы фӕлгондз сценӕмӕ рахӕссын. Уый  ӕрмӕст  йæ бӕллиц нӕ  уыд, ирон  адӕмы  егъау  бӕллиц уыд – бӕллыдысты Къостайы фæлгондз сценæйыл фенынмӕ.

Драматург бирӕ уарзта  Къостайы, хуыдта йӕ  йӕ ахуыргӕнӕг. 1939  азы,  Къостайы  райгуырды 80  азы бон бахызт Цӕгат  Иры театры  дуарӕй  йӕ пьесӕ «Адӕмы  зарӕггӕнӕг» («Певец народа»)-имӕ. Театр ӕмӕ сценӕмӕкӕсджытӕ  стыр райгондӕй  сӕмбӕлдысты ацы  драмӕйыл.  Ууыл  та  дзурӕг  у  иу хъуыддаг – драмӕ дзӕвгар рӕстӕджы  нал хызт  сценӕйӕ.

Ныффыста  Къостайыл  дыккаг  пьесӕ дӕр. Уый  та  схуыдта  «Адӕмы  хъӕбул» («Сын народа»).

Къостайыл хъуыдыгӕнгӕйӕ,  бирӕ  бафыдӕбон  кодта Хъуысайы фырт. Агуырдта ӕрмӕджытӕ Ленинграды  аивадон  академийы, Ставрополы, Хуссар Ирыстоны  зонад-иртасӕн  институты. Къостайыл  цы ӕртӕ  пьесӕйы  ныффыста, уыдонӕн  ын фаг  ӕрмӕг радтой  Къостайы хӕлӕрттӕ, Хъасболат лӕгӕй-лӕгмӕ кӕй зыдта, уыцы  адӕймӕгтӕ. Уыдон та уыдысты: Цӕлыккаты Алык-сандр, Цоколаты Ципо, Цӕлыккаты Аннӕ, Дзанайты-Хетӕгкаты Садуллӕ, Байаты Гаппо ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хорз зыдта Къостайы «хӕрзгӕнджыты» дӕр. Уыдон  та уыдысты: Хоранты Созырыхъо, Бигъаты  Иосиф, полицӕйы кусӕг Фон-Унгер. Бирӕ ӕрмӕг уыд  Хъасболатмӕ Къостайы тыххæй ӕмӕ йын уый фадат радта, цӕмӕй  ныффыстаид пьесӕтӕ «Адӕмы хъӕбул» ӕмӕ  «Адӕмы зарӕггӕнӕг».

Дзӕвгар – нымӕцӕй, хъӕздыг – гъӕдӕй, ахӕм  у Хъуысаты Хъасболаты  сфӕлдыстад. Ӕртиссӕдзӕй  фылдӕр  сты  йӕ  пьесӕтӕ.

Йæ хӕрзарӕхст  къухайстыл  дзурӕг  у иу  стыр хъуыды – йӕ  пьесӕ «Герой  Мишутка»  фыццаг  хатт  ӕвӕрд  ӕрцыд  Ростовы сценӕйыл. Адӕм  ӕй афтӕ  райстой ӕмӕ сценӕйӕ  бирæ рæстæджы нӕ рахызт, Ростовы  ӕвӕрд ӕрцыд  500 хатты.

Сценӕтӕй  ӕнӕрахизгӕ  пьесӕтӕ  ма уыдысты Токаты Асӕхы «Усгуртӕ» ӕмӕ Саулохты  Мухтары «Усгур»

Хъасболат  уыдис  Хуссар  Ирыстоны  хӕлар, зӕрдӕрухсӕй  фӕцард  ӕмӕ фӕкуыста  Цхинвалы  цалдӕр  азы, йе ‘мдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «Расцвет в горах»  дӕр Цхинвалы рацыд  1958 азы.

Хъуысаты  Хъасболат куырыхон лӕг уыд. Æмæ диссаг у, йе сфæлдыстадон бынтæ æмбырд æмæ уагъд не ‘рцыдысты. Рохгонд у Димитри нæ театртæй дæр, сæ репертуартæ тынг фæцух сты нæ драматурджы пьесæтæй.

Хъасболаты литературон бынтæ рухс куы фениккой, уæд æй хуыздæр æмæ фылдæр зондзысты йæ раттæг адæм. Уæд æй ногæй æрымысдзысты нæ театртæ.

Ацы аз Къостайы аз у. Къостайы фæлгондз дзыллæйы размæ рахæссын та уый хуызæн никæмæн бантыст…

Рӕхджы Хъасболаты райгуырдыл  ӕх-хӕст кӕны 135 азы. Фæрсæм нæхи: «Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ, цæмæй дын ратдзыстæм æгъдау»…

 

                                ПЛИТЫ Гацыр,

Къостайы номыл

Паддзахадон премийы лауреат

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.