Мыхуыры рацыд аивадон-литературон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг»-ы 11-æм номыр.

Нæ  интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæн сæ иу, ирон царды уаг æмæ æгъдæуттæ иртасæг, удварны хæзнатæм фæндагамонæг Уарзиаты Вилены райгуырдыл ацы аз сæххæст уыдаид 70 азы. Журналы бакæсдзыстут Уарзиаты Вилены царды цыбыр æрфыст, афтæ ма уый цытæн журнал мыхуыр кæны зындгонд ахуыргæндтæ Сæлбиты Тамир, Цуциты Аслан, Хозиты Барис, Хъаныхъуаты Зæлинæ æмæ Цыбырты Людвиджы мысинæгтæ Вилены тыххæй.

Дарддæр журнал мыхуыр кæны курдиатджын поэт, прозаик Бырнацты Бароны æмдзæвгæты цикл.

«Цыбыр радзырдтæ» – ахæм рубрикæйы бын журналкæсæг бакæсдзæн Тъехты Валентины радзырдтæ.

Поэзийы жанры ма журналы бакæсæн ис Фидараты Руслан æмæ Æлборты Беллæйы æм-дзæвгæтæ.

Журнал ма мыхуыр кæны зынгæ ирон фыссæг Мамсыраты Дæбейы «Арф хъуыдытæ цыбыр ныхæстæй», зæгъгæ.

Рубрикæ ««Мах дуг»-ы премийы лауреатты сфæлдытад»-ы бын бакæсдзыстут Гусалты Барисы радзырд – кадæг «Сау гæххæтт. Урс бæлон».

Зынгæ ахуыргонд, профессор, историон зонæдты доктор, УФ-йы зонæдты сгуыхт архайæг Цыбырты Людвигыл ацы аз сæххæст 90 азы. Уый оххыл журнал мыхуыр кæны Тъехты Тамерланы интервью Цыбырты Людвигимæ, афтæ ма йæ къамтæ зындгонд адæймæгтимæ.

Рубрикæ «Рохуатæн æвгъау»-ы та журналы бакæсдзыстут Д. Тимуры радзырд «Хæмыцы сагъæс».

Рубрикæ «Историон сыфтæ»-йы бын мыхуыр цæуы Джусойты Нинæйы уац «Æнæ ивгъуыд нæй фидæн».

«Хъæлдзæг хабæрттæ» – ахæм рубрикæйы бын журналкæсæг бакæсдзæн Хъауыраты Дауыры худæг хабæрттæ «Хъæубæстæ худынц», зæгъгæ.