Арæх, ирон æгъдау рæстмæ чи нæ зоны, уыдон иу кæнæ иннæ хъуыддаджы уынаффæгæнæг свæййынц. Æгъдауæвæрæг!? Æмæ йæ кæнын кæнынц, сæ хъуыды йæ куыд ахсы, афтæ. Уымæй ууыл хъæддыхæй фæархайынц. Æмæ хатт æгъдауæн йæ мидисæй æгæр дæрдты адзæгъæл вæййынц. Гъе уый аххосæй чидæртæ зианы фынгыл хистæрты раз æвæрын кæнынц æртæ чъирийы. Æрæвæрын кæнынц æмæ ма дзы кувæггаг дæр адæттын кæнынц. Худинаг æмæ аллайаг! Уæдæ зæрдæвæрæны цытæ фæкæнынц, уыдон та адæймаджы зонд рæстмæ дæр нæ фæахсы.

 

Ирон адæм зæды фыдæхæй куыд тæрсынц, марды фыдæхæй дæр – афтæ, зæды аудындзинадмæ куыд бæллынц, марды аудындзинадмæ дæр – афтæ. Марды аудындзинад, дам, зæды аудындзинадæй къаддæр нæу. Æмæ нымд кæнынц сæ мæрдты рухс нæмттæн, мысынц сæ, зилынц сын сæ уæлмæрдтæм, рухс сын кæнынц, сæхæдæг цæмæйдæриддæр цæрынц, уымæй. Ирон адæммæ уæлдай уаз бынаты æвæрд сты ног мæрдтæ, афæдзы кæнд-тæ кæмæн нæма скодтой, уыдон. Афæдзы дæргъы сын сæ ном бирæ бæлвырд бонты æрымысынц сæ хиуон-хæстæджытимæ, сыхæгтимæ, зонгæтимæ.

Уыцы бонтæй иу у Зæрдæвæрæн. Иуæй-иутæ йæ цы чырыстон зæрдæрайы бæрæгбонимæ бæттынц, уый та вæййы дыууæ къуыри фæстæдæр. Æмæ сын иумæйагæй ницы ис. Раздæр ирон адæм сæ марды ингæныл цырт æвæрдтой хохаг къæй дурæй, тъæпæн къæйдур ын-иу æрфæлдæхтой йæ риуыл дæр. Дæ ингæны къæй дыл æрфæлдæхæд, – ахæм карз æлгъыст дæр ма нæм куы ис. Ингæны къæйы алыварс-иу уалдзæджы бадзæбæхтæ кодтой нæуцъар зæххы гæппæлтæй, цæмæй йыл кæрдæг схæца. Ногкъахт зæххыл хъамылгæрдæг ма фæтых уа, æмæ иннæ уæлмæрдты хуызæн аив уа. Ацы мæрдты бон Зæрдæвæрæн – Зæлдæвæрæн дæр уымæн хуыйны. Зæлдæ рагон ирон æвзаджы амоны, цъæх кæрдæг, фылдæр мæхсискъ кæуыл зайы, ахæм нæуцъар. Дыгурмæ абон дæр ма нæуу у зæлдæ. Стæй ма нæм ис дзырд зæлдфæлындæн дæр: горæтты æмæ хъæуты уынгтæ бæлæстæй, къудзитæй, дидинджытæй, таугæ кæрдæджытæй фæлындзын, аив кæнын. Ном Зæлдæвæрæны мырдамгъæ л рахизы р-мæ, æмæ дзы рауад Зæрдæвæрæн. Чырыстон дин Ирыстоны чи парахат кодта, уыдон архайдтой ирон бæрæгбæттæ чырыстонты бын фæкæнын. Нæ кувæндæтты кæнæ сæ фарсмæ та арæзтой аргъуантæ. Гъе, уый аххосæй ирон бæрæгбон Куадзæн – Комуадзæн ссис чырыстон дины Чырыстийы райгасы бон. Æмæ йæ бæрæг кæнын райдыдтам чырыстон къæлиндармæ гæсгæ. Уымæй дыууиссæдз боны куы рацæуы, уæд та чырыстон динмæ гæсгæ вæййы цины бæрæгбон Вознесение Господне – Чырысти уæларвмæ куы ацыд, уыцы бон. Æмæ аргъуанты дзæнгæрджытæ фæцæгъдынц, зарæггæнджытæ дзы фæзарынц. Иу дзырдæй у хъæлдзæг бæрæгбон, æмæ Зæрдæвæрæн дæр бæттынц уыцы бонимæ. Уый раст нæу! Уымæн æмæ Зæрдæ-вæрæн махæн у хъыджы бон, мæрдты мысæн бон, стæй иу бонмæ дæр æрмæстдæр искуы-иу хатт æрцæуынц. Зæрдæвæрæны къуырийы бон бæлвырд бæрæг у, Вознесение та йæ бон ивы Куадзæнмæ гæсгæ æмæ ахизы июны мæймæ дæр. Зæрдæвæрæн ирæттæм у мæрдты бон, чырыстон дингæнджытæм та Чырыстийы номимæ баст у. Уый Куадзæны райгас æмæ, дам, 40 боны фæстæ, уæларвмæ куы цыд, уæд йæ ахуыргæнинæгтæн зæрдæ бавæрдта, иунæгæй сæ кæй нæ ныууадздзæн, кæй сæм æрыздæхдзæн, уымæй. Уыцы зæрдæвæрдмæ гæсгæ чырыстон дин парахатгæнджытæ Вознесение бабастой ирон бæрæгбон Зæлдæвæрæн – Зæрдæвæрæнимæ. Иннæтæ та йын йæ номы хъусынц кусарты зæрдæ æмæ æвæрын – бавæрын. Æмæ уыцы бон мардæн рухсаг зæгъыны тыххæй цы кусарт акæнынц, уый зæрдæ фыхæй хæссынц уæлмæрдмæ. Уым æй баныгæнынц – бавæрынц сæ марды уæлмæрды. Уыцы æнæгъдауыл чидæртæ ноджыдæр ма бафтауынц æмæ уæлмæрды зæрдæимæ баныгæнынц кусарты къах, стæй ногахст кæсæгтæ. Ацы ми равзæрд нæ зоныны фыдæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст нæу. Уый нæ, фæлæ ма сæ марды уæлмæрд куыйтæ æмæ гæдытæн дæр сфæйлауын кæнынц. Уыдон тæф тынг æнкъарынц, æмæ ныгæд зæрдæ, къах, кæсæгтæ скъахынц. Æнæфæтчиаг бахæрынц, æмæ уымæй мард кæны æгад. Зæрдæвæрæн ирон адæм тынг рагæй бæрæг кæнынц, æвæццæгæн, чырыстон дин куы нæма фæзынд, уæд дæр æй бæрæг кодтой. Æмæ йæ сæйраг нысан у ног марды уæлмæрдмæ базилын, саив æй кæнын. Стæй йын уалдзыгон халсартæ, гагадыргътæ ныххæлар кæнын. Марды уæлмæрдмæ æвналгæйæ, цырт ын ныссадзыны, къæйтæ æмæ йыл æмбонд æвæрыны размæ дзы хатыр ракурын, стæй йын рухсаг зæгъын амоны не ‘гъдау, нæ дин. Зæрдæвæрæн – зæлдæнæууæвæрæн дæр уыд æмæ у ахæм бон æмæ йын уый фæдыл йæ номыл скæнынц кæрдзынтæ, аргæвдынц далыс. Уыдонæй, халсартæй, гагадыргътæй, адджинæгтæй, нозтыæй, хæдзары йын сæ куы ныххæлар кæнынц, уæд иу хай устытæ ахæссынц уæлмæрдмæ. Уым ын сæ ныххæлар кæнынц. Иннæ æрцæттæгонд фынджыдзагæй та йын нæлгоймæгтæ рухсаг фæзæгъынц хæдзары.

 

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.