1943 азы 23-æм августы советон æфсæдтæ сæрсæттæн цæф фæкодтой Курскы цур  немыцаг-фашистон тыхæйисджытæн Курскы къæлæтауы. Тох аххæссыд 1943 азы 5-æм июлæй 23-æм августмæ. Уый у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сæйрагдæр тохтæй иу. Куыд хæсты æндæр фронтты, афтæ Курскы тохы дæр хъæбатырæй тох кодтой алыгъуызон нацийы хæстонтæ, уыцы нымæцы Ирыстонæй – æртæ мин адæймаджы.

Легендарон Плиты Иссæ – Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар, армийы инæлары снысан кодтой Курскы тохы Степной фронты командæгæнæджы хæдивæгæй. Йæ къухдариуæгады бын æмæ йæ хъæппæрисæй Сырх Æфсады æппæт кавалерион корпустæ реорганизаци æрцыдысты бæхджын механизацигонд къордтæм. Æфсæдтыл арæхстджынæй командæ кæныны æмæ уыимæ хисæрмагонд хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй 1944 азы 16-æм апрелы Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй инæлар-лейтенант Плиты Иссæйæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном Ленины орден æмæ йын «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майдан радтгæйæ.

Курскы сæрыл уыцы 50-бонон тохы æхсардзинад равдыста Алагиры районы Хъæдгæроны хъæуккаг Гагкаты Алихан – 1-æм танкон æфсады 1008-æм артиллерион полкы 5-æм батарейы командир. Райсомæй Курскы тох куы райдыдта, уæд Гагкайы фырты дæлхайы ныхмæ рацыдысты 35 танкы. Артиллеристтæ дыууæ сыхаг батареяимæ фæсыкк кодтой дыууæ атакæйы, басыгътой 17 танкы, скуынæг кодтой гитлерон салдатты. Алихан дзы басыгъта 4 танкы. Советон салдаттæ æнæхъæн суткæйы дæргъы тох кодтой знаджы ныхмæ, сæ сармадзантæ сын кæй ныппырх кодтой, уымæ нæ кæсгæйæ. Фашисттæ дыууæ хатты æрхъула кодтой полкыл, фæлæ та-иу сæ фæстæмæ аппæрстой. Фашисттæм æххуысмæ фæзындысты нырма авиаци, стæй та –  танктæ. Гагкаты Алихан æрæмбырд кодта иннæ батарейты расчеты, схотыхджын сæ кодта танкæты ныхмæ хæцæнгæрзтæй, гранатæтæй æмæ загъта: «Лæудзыстæм мæлæты ныхмæ фæстаг минутты онг!». 5 июлы изæрмæ ма батарейы баззад æрмæстдæр дыууæ хæцæнгарзы (орудие), кæцыты сын ныппырх кодтой фондз минутмæ. Уæд Гагкайы фырт сæрæгасæй баззайæг хæстонтимæ бацыдысты æмбуархæсты, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты. 1965 азы 6-æм майы хистæр лейтенант Гагкаты Алиханæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном йæ амæлæты фæстæ.

Ноджы ма иу хъайтар у Æрыдоны цæрæг Тогуызты Хъауырбег. 1943 азы Курскы къæлæтауы, Белгороды областы тохтæ куы райдыдтой, уæд хæцæнгæрзты расчеттæй сæ иуыл командæ кодта гвардийы хистæр сержант, хæстонты уарзон адæймаг Тогуызты Хъауырбег. 5-æм июлы райсомы 4 сахатыл  5-æм батареймæ бырстой знæгты 70 танчы фистæг æфсады дыууæ батальонимæ. Тогуызы фырты расчет басыгъта цалдæр танкы. Уæд знæгтæ рауагътой сæ æндон «тигрты». Фæлæ Хъауырбег радта командæ æмæ дыууæ «тигры» æмæ дыууæ танкы куынæг æрцыдысты Курскы тохы фыццаг бон.

Ацы тохы Тогуызты Хъауырбег райста уæззау контузи – йæ бон дзурын нал уыд, нал хъуыста, фæлæ полкы санитарон хаймæ нæ акуымдта æмæ афтæмæй хæцыд знæгты ныхмæ. 1943 азы 21 сентябры Тогуызты Хъауырбегæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном Ленины орден æмæ йын «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майдан радтгæйæ.

Йæ хуыздæр тох капитан Кобылты Сергей – Сталиниры аэроклубы хъомылгæнæг, номдзыд ирон тæхæгæн уыд 1943 азы 11-майы.  Æфсæнвæндаджы æлхынцъ Валуйкимæ æрбатахтæн ныхкъуырд радтгæйæ, уый æрæппæрста бомбæзгъалæн æмæ дыууæ куынæггæнæг хæдтæхæджы. Уыцы тохы цыппарæй æдæппæтæй та æрæппæрстой авд немыцаг хæдтæхæджы. Йæ хæстон атахтытæ Кобылы фырт сарæзта «Як»-тыл, хæсты æрæппæрста ныхæмлæууæджы 27 хæдтæхæджы. Курскы сæрыл тохты равдисгæ æхсардзинады тыххæй 1943 азы Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй Кобылты Сергейæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном Ленины орден æмæ йын «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майдан радтгæйæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Лекъты Мурат активон хайад райста Курскы сæрыл тохты. РЦИ-Аланийы уагъдцæуæг æфсæддон-патриотон мадзæлтты уый йæ мысинæгтæ арæх дзырдта рæзгæ фæлтæрæн: «Тох уыд тынг тæссаг, танкæтæ кæрæдзийы сæрты хызтысты. Нæ фаг кодта æртаг, хæстон æрмæджытæ. Баззад ма сын иу хæцæнгарз – таран. Æмæ танкæтæ цыдысты тараны. Ахæм тох уæды онг дæр æмæ уый фæстæ дæр никуы  федтон».

Ирыстонæн аккаг фыртæй басгуыхт Ногхъæуы цæрæг Гацолаты Виктор. 1943 азы 5-æм июлы, Курскы тохы тæмæны вазыгджын уавæрты сæххæст кодта уæндон маневр æмæ æхстытæй ракодта полчы. Уыцы бон зенитонтæ æрæппæрстой знæгты 15 хæдтæхæджы, уæззау зиæнттæ æрцыд сæ сурзæххон æфсæдтыл дæр. Курскы тохæй дарддæр ма хайад иста Киев ссæрибар кæныны æмæ Берлины уынгты тохты. Гацолайы фырт хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы æртæ орденæй, Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны дыууæ орденæй, Александр Невскийы орденæй, Сырх Стъалыйы дыууæ орденæй æмæ æндæр хорзæхтæй.

 

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сæйрагдæр тохтæй иу

Историктæ йæ дих кæнынц æртæ хайыл: Курскы хъахъхъæныны операци (5-12 июлмæ) æмæ дыууæ та размæбырсæн операцитæ – Орелы (12-æм июлæй 18-æм августмæ) æмæ Белгород-Харьковы (3-23 августы). 1943 азы уалдзæгмæ советон-гермайнаг фронты сæвзæрд йæ арфæн 150 æмæ йæ уæрх та 200 километры кæмæн уыд, ахæм  тигъ, афтæхуыйнæг «Курскы къæлæтау». Апрелæй июнмæ фронты уыд оперативон паузæ – фæрстæ сæхи цæттæ кодтой сæрдыгон кампанимæ. 1943 азы сæрды курскаг тигъыл немыцæгтæ сфæнд кодтой егъау стратегион операци, план кодтой горæттæ Орел æмæ Белгороды районтæй æнгæс цæфтæ ныккæнын. Цæвæн къордтæ хъуамæ æрбаиу уыдаиккой Курскы районы, Сырх Æфсады централон æмæ воронежаг фронттыл æрхъула кæнгæйæ. Операцийы схуыдтой «Цитадель» æмæ хъуамæ суыдаид 1943 азы Хурскæсæн фронты Германы æфсады генералон размæбырст. Ацы операци ауадзыны тыххæй немыцæгтæ æрæмбырд кодтой йæ иумиаг нымæц 900 мин адæймаджы кæмæн уыд, ахæм къорд. Советон командæкæнынад райста уынаффæ, цæмæй ауагътаиккой хи бахъахъхъæ-ныны тох, немыцаг æфсæдты контрцæф ныккæныны тыххæй.

Немыцæгтæ размæбырст райдыдтой 1943 азы 5-æм июлы æхсæвы 3 сахатыл. Уæдмæ советон командæкæнынад артиллери æмæ авиацийæ ныццавта немыцаг хæйтты, фæлæ немыцæгтæ дæр советон арæнтыл æркалдтой бомбæтæ. Опреаци «Цитадель»-æн йæ нысан уыд, цæмæй Курскы районы Централон æмæ Воронежаг фронтты æфсадыл æрхъула кодтаиккой æмæ сæйраг хурскæсæн здæхты советон фæсауæрцон æфсад ныппырх кæнын, уыцы нымæцы Прохоровкайы районы дæр. 5-æм июлы серьезон тохтæ цыдысты Черкасскоейы хъæуы районы, уым советон гвардион æхсæг дивизи иу суткæйы дæргъы баурæдтой ныхмæлæууæджы фондз дивизийы, кæцытæй æртæ уыдысты танконтæ, сæхимæ танкон баиугæндтæ нæ уыд, афтæмæй. Хæстон архайдтыты фæстæ Черкасскоейы хъæу фактон æгъдауæй нал  уæвынад кодта, йæхи цæстæй йæ чи федта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ.

«Цитадель»-ы генералон нысæнттæй сæ иу уыд Сырх Æфсады фæсауæрцтæ скуынæг кæнын Прохоровкайы станцæйы. 12-æм июлы уым æрцыд историйы иууыл егъаудæр танкон тох. Немыцаг фарсæрдыгæй тохы хайад истой 700 танкы æмæ 900 мин хæстоны, советон фарсæрдыгæй та  дзы хайад иста П.Ротмистровы 5-æм танкон æфсад, кæцыйы сконды уыд 850 танкы æмæ 1300 хæстоны. Тохы рæстæджы фæмард сты бирæ командиртæ-танкисттæ. Советон Цæдисы хъайтар Григори Пэнэжко йæ мысинæгты радзырдта, зæгъгæ, ахæм гуыбар-гыбур уыд æмæ къæрмæджытæ скъуыдысты æмæ хъустæй туг калд. Æхстытæй-иу танкты æртаджы бактæ уайтагъд ссыгъдысты æмæ йæ мидæг удæгасæй  сыгъдысты хæстонтæ. Арв-иу уыд сау-сырхид топпы хосæй, ахæм тохтæ дзы цыд. Фæлæ советон æфсæдтæн уыд иу хъуыды, цалынмæ удæгас дæ, уæдмæ цæв знаджы. Ацы тохы фæстæ немыцаг æфсæдтæн сæ бон нал ссис размæ ацæуын. 5-12 июлмæ уыдон размæ ацыдысты 35 километры, фæлæ ацы тохы фæстæ бацахстгонд «плацдармæй» фæстæмæ алæууыдысты иу бонмæ 400 танкы фесафгæйæ. 1943 азы 5-23 июлмæ Централон, Воронежаг æмæ Степной фронттæ, фесæфтой 117847 адæймаджы, уыдонæй фæмард  70332 хæстоны.

 

Курскы тохæн йæ

æгъатырдзиндмæ гæсгæ абарæн  никæцы тохимæ ис

5-æм августы советон æфсæдтæ ссæрибар кодтой горæттæ Орел æмæ Белгород. Изæры 5-æм августы ацы æнтысты тыххæй хæсты дыууæ азы фыццаг хатт лæвæрд æрцыд уæлахизы салют. 23-æм августы та сæрибар æрцыд горæт Харьков. Афтæ уæлахизæй фæцис Курскы  тох. Тохы рæстæджы пырх æрцыдысты ныхмæлæууæджы 30 равзаргæ дивизийы. Немыцаг-фашистон æфсæдтæ фесæфтой 500 мин адæймаджы, 1500 танкы, 3 мин сармадзаны æмæ 3700 хæдтæхæджы. Сæ хъайтардзинады тыххæй 100 мин советон хæстонæй фылдæр Зын-джы къæлæтауы хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй. Ацы тох уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ Дыккаг дунеон хæсты сæйрагдæр тохтæй сæ иу. Уый у историйы  иууыл стырдæр танкон тох, кæцыйы хайад райстой дыууæ милуан адæймаджы бæрц, 6 мин танкы, 4 мин хæдтæхæджы.

Курскы тохы активон хайад райстой Ирыстонæй рацæугæ фистæг æфсæддонтæ, артиллеристтæ, танкисттæ, авиатортæ, бастдзинады кусджытæ æмæ æндæртæ.  1944 азы 8-æм июлы газет «Правда» Цæгат Ирыстоны обкоммæ арфæйы телы фыста: «Сыны осетинского народа в борьбе с гитлеровскими захватчиками показали образцы героизма и мужества. И сейчас когда пробил час решающих битв, храбрые осетины показали миру, что они способны творить чудеса отваги во имя независимости».

2017 азы Курскы тохы Поныровскы историон-мемориалон музейы цытджын æгъдауæй байгом цырт ирон хæстонтæн, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой 1943 азы Курскы къæлæтауы  фашистон тыхæйисджытыл фæуæлахизмæ. Сау мраморæй стелæ арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Курскы къæлæтауы тох бындур æрæвæрдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.