Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Уæрæсейы Таймураз Гогинов ныртæккæ ис Екатеринбурджы сæудæджерадон рав­дыст «Иннопром»-ы. Уый йæ куыст райдыдта 8-æм июлы æмæ цæудзæн 11 июлмæ.

Таймураз куыд хъусын кæны, афтæмæй хайад исы пленарон сесситы равдысты фæлгæтты алы бæстæты сæудæджерады минæвæрттимæ уадзы фембæлдтытæ. «Равдыст æрæмбырд кодта 100 бæстæйы бæрц базарадон минæвары. Мах командæйы сæйраг интересты ис Хуссар Ирыстонæн бренд саразын. Ныртæккæ дæр Хуссар Ирыстоны бæстæ зындгонд у сæудæджерады фадыджы, мах зонынц куыд гъæдджын æмæ натуралон продукци кæм уадзынц, ахæм бæстæйæ. Зонынц нæ куыд туризмы фадыджы архайджытæ дæр, афтæ. Нæ рæсугъд æрдз æмæ нæ адæмы уазæгуарзондзинад дардмæ хъуыстгонд сты. Нæ минералон дæттæ та уæй цæуынц Уæрæсейы алы регионты æмæ тынг цæуынц адæмы зæрдæмæ. «Иннопром»-ы фæлгæтты ма нывæндын фембæлын цалдæр компаниимæ, уыцы нымæцы æрзæткъахæн куыстуæтты минæвæрттимæ дæр».

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй æхсæнадæмон сæудæджерадон равдысты план кæны Хуссар Ирыстоны æмæ искæцы регионтимæ æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссынмæ. Ацы равдысты фæзуæтты сервисон компанитæй нæ минæвары тынгдæр бацымыдис кодта Беларусийы стенд. «Беларуси æрласта коммуналон техникæ æмæ уæзласæн машинæтæ. Сервисон машинæфадыджы сæ продукци тынг размæцыд сты. Сæ стенды фылдæр ис хъæууонхæдзарадон техникæйы иуæгтæ. Ацы фарст тынг актуалон у Ирыстонæн. Мах зæрдиагæй цы техникæ æмæ сæудæджерадон ифтонгæдтæ хъæуы, уыдонæй се ‘ппæтæн дæр ссарæн ис ацы равдысты», – загъта республикæйы минæвар.

Таймураз Гогинов ма куыд хъусын кæ­ны, афтæмæй панелон дискусситæ цы минæвæрттимæ ауагъта, уыдоны темæ­тæй сæ иу уыд Свердловскы областы Сæудæджерадон комплексы министр Анна Кузнецоваимæ.

«Мах æрдзырдтам нæ бæстæты ног базарадон-логистикон хызæгтæ саразыныл, социалон-экономикон рæзтмæ ног инвестортæ æрбахоныныл. Ацы фембæлд æмæ цы фарстатыл дзырдтам, уый хорз фадат у ног фæлтæрддзинад райсынæн. Ацы фембæлды тыххæй уын бæстондæр информаци фехъусын кæндзынæн Хуссар Ирыстонмæ куы ныххæццæ уон, ома, кусæгон балцы фæстæ», – зæгъы нын базарадон минæвар.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.