Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фембæлдысты Сочийы.

Гаглойты Алан æмæ Сергей Лавров ныхас кодтой дыууæфарсон ахастыты алыгъуызон актуалон фарстатыл, регионалон æмæ æхсæнадæмон проблематикæйыл.  Регионалон æдасдзинады фадыджы уæлдай хъусдард аздæхтой Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы фæзуаты координацийы темæмæ. Сергей Лавров Президентæн «æгас цу» зæгъгæйæ, банысан кодта, радон фембæлд ын æхсызгон кæй уыд, уый.

«Цытджын Алан Эдуарды фырт, фæнды мæ раарфæ дын кæнон дыууæ нысаниуæгджын боны цытæн – Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымадыл 15 азы сæххæсты æмæ Республикæйы боны 33-азон бæрæгбонты сæраппонд. Зонæм æй, бæрæгбонон мадзæлттæ бæрзонд æмвæзадыл кæй ацыдысты. Уæрæсейаг уазджытæ дæр сæ хайад кæй райстой, зонæм уый дæр. Аргъ кæнæм нæ иумæйаг историйæн, нæ адæмты æфсымæрдзинадæн, алы фадгуыты, уыцы нымæцы æдасдзинады, хъахъхъæнынады, социалон-экономикон рæзты фадгуыты  кæй фидар кæнæм, нæ уыцы ахастытæн.

Нæ ахастытæ динамиконæй кæй рæзынц, уый дзуапп дæтты не ‘мбæстæгты интерестæн, ис сын политикон диалоджы характер, бастдзинад дын цы  Президентимæ ис, уый æмвæзадыл дæр, Парламенты æмвæзадыл дæр, Æдасдзинады советы æмвæзадыл дæр, Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы, Хицауады Аппараты æмæ æндæр каналтыл, кæй зæгъын æй хъæуы, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дæр сæм бафтаугæйæ. Мах активонæй кусæм бадзырдон-барадон  базæ сфидар кæныныл, ивгъуыд аз 140 милуан доллармæ чи схызт, кæрæдзиимæ уыцы базарады фадыджы нысан кæнæм позитивон тенденцитæ. Нырма уал сæ доллартæй нымайæм, фæлæ уыцы хъуыддаг бирæ нæ ахæсдзæн. Мах уынæм культурон-гуманитарон бастдзинæдтæ фæарфдæр кæныны фæдыл не ‘мбæстæгты стыр интерес.

Ахсджиаг у æввахс æртæ азы Инвестицион программæ реализаци кæй цæуы, æмæ 2025 азмæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты Паддзахадон программæ кæй райдыдта, уый», – банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг.

Сергей Лавров бузныджы ныхæстæ загъта Гаглойты Аланæн, специалон æфсæддон операцийы хайадисæг уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæн кæй æххуыс кæны, уый тыххæй.

«Алан Эдуарды фырт, тынг райгонд дæ стæм дæ сæрмагонд хъусдардæй, уыцы регионмæ гуманитарон æххуыс кæй арвыстай, уый тыххæй, уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæн кæй æххуыс кæныс, уый тыххæй. Президент цы хæслæвæрдтæ æрæвæрдта, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон дæр сæххæст уыдзысты.

Абон нæ къухтæ æрфысдзыстæм Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн консультациты пъланыл. Мах æнгом координацийы стæм регионалон политикæйы фарстаты фæдыл дæр, æхсæнадæмон проблематикæйы фарстаты фæдыл дæр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон контакттæм ахасты дæр, кæцыты фарс мах хæцæм алыгъуызæй дæр æмæ сын дарддæр дæр æххуыс кæндзыстæм», – загъта Сергей Лавров.

Гаглойты Алан дæр бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æхсызгон ын кæй у уæрæсейаг æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæгимæ фембæлд:

«Цытджын Сергей Викторы фырт!   Ацы аз Республикæ Хуссар Ирыстон банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй нæ республикæйы хæдбардзинады банымадыл 15 азы сæххæсты бон. Нæ адæмæн уыцы бон у иууыл нысаниуæгджындæр бонтæй сæ иу. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, Уæрæсейы бирæнацион адæмæн се ‘ппæтæн дæр, сæ æдзухон æххуысы æмæ фарсхæцынады тыххæй. Специалон æфсæддон операци хынцгæйæ, не ‘ппæты дæр вазыгджын уавæрты бахъæуы архайын, фæлæ афтæ нымайæм, æмæ координационæй куы архайæм, уæд Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæр сæйрагкомандакæнынады æппæт хæслæвæрдтæ дæр сæххæст уыдзысты. Ууыл дызæрдыг кæныны бар никæмæн ис.

Нæ паддзахадон хæдбардзинады банымады фæстæ 15 азы дæргъы дыууæфарсон ахастытæ схызтысты сæ рæзты бæрзонд къæпхæнмæ. Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федераци баззайдзæн йæ иузæрдион партнерæй, сабырдзинад æмæ æдасдзинады гарантæй. Уый куыд бæрнон партнер, афтæ æххæстхъомысæй æххæст кæны дыууæфарсон документты фæлгæтты райсгæ хæслæвæрдтæ æмахастыты æппæт фадгуыты. Дарддæр куыст цæуы дыууæфарсон нормативон базæйы фæхуыздæр кæнын æмæ рæзтыл. Дыууæ бæстæйы профилон министрадтæ æнгомæй æмархайд кæнынц. Абоны онг къухтæ æрфыстæуыд алы æмвæзадты 130 сразыдзинадыл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы приоритетон здæхт у Уæрæсейы Федерациимæ хæларадон ахастыты дарддæры рæзт æмæ арфдæр кæнын, интеграцион бастдзинæдтæ. Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды сæйраг фадгуыты нымæцы сты иумæйаг хъахъхъæнынадон тыгъдады, æдасдзинады, барадхъахъхъæнæг органты  æмæ æндæр фадгуыты документтæ, кæцытæ гаранти сты Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ стабилондзинадæн. Документы нысан æрцыд  æддагон политикæ дæр. Уый у дыууæ бæстæйы æддагполитикон ведомствоты æддагон архайды координаци», – загъта Президент.

Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн консультациты пъланыл къухтæ æрфыссын у æмахастыты бæрзонд æмвæзады бæрæггæнæн дæр.

«Не ‘мгуыстадæн ис æппæтылæххæссæг мидис æмæ  Кремлы нæ фембæлды рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин куыд банысан кодта, афтæмæй ацы ахастытæн ис сæрмагонд характер. Мах уыцы ахастытæн аргъ кæнæм. Мах, фыццаг рады тыхсын кæны куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ æнæхъæн регионы æдасдзинады фарста.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æдасдзинады фарстатыл æруынаффæ кæнын хъæуы. Мах æруынаффæ кæндзыстæм, Женевæйаг дискусситы фарстатæ куыд цæуынц, ууыл дæр, æмæ ма дывæр æмбæстагдзинады фарст æрбæстон кæныны тыххæй сразыдзинад цæмæй йæ тыхы бацæуа, уый тыххæй дæр.

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстон цæттæ у йæ стратегион партнеримæ  дарддæры конструктивон куыстмæ, цæттæ у регионалон æдасдзинадмæ хауæг æппæт фарстатыл æруынаффæ кæнынмæ, уыимæ иумæ ма ноджы иу хатт ныфс æвæрын  Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, Республикæ Хуссар Ирыстон нæ иумæйаг æфсымæрон стыр Райгуырæн бæстæйæн иузæрдион партнер кæй уыдзæн, уымæй», – загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.