Президент Гаглойты Алан  Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны агъоммæ фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты бинонтимæ.

«Ацы рæсугъд бæрæгбоны тынг зын у, ацы чысыл сывæллæттæн сæ фарсмæ сæ фыдтæ кæй нал сты, уый. Ирыстон хæсджын у йæ хъахъхъæнджыты раз. Мах алыхатт дæр нæ зæрдыл дардзыстæм, тохы быдыры уыдонæн сæ хъайтар сгуыхт-дзинæдтæ. Уыдон цæрæнбонтæм баззайдзысты адæмы мысынады.

Фæлæ цард дарддæр кæны, æмæ мах хъæуы цæрын рæзгæ фæлтæры хæрзиуæгæн. Сывæллæттæ сты республикæйы хъæздыгад, нæ сæрыстырдзинад æмæ нæ фидæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, махыл, хистæр фæлтæрыл, баст у, сомбоны уы-дон цахæм адæймæгтæ ра-цæудзысты æмæ цахæм паддзахады цæрдзысты, уый. Мах иууылдæр хæсджын стæм, æмæ æппæт фадæттæй дæр хъуамæ спайда кæ-нæм, цæмæй сын сæ цард саразæм, куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр», – загъта уый.

Гаглойты Алан ныфс бавæрдта фембæлды хайадисджытæн, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æппæтварсон æххуыс кæндзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты бинонтæн.

ГАГЛОЙТЫ Алан: «Мах кæддæриддæр уыдзыстæм уæ фарсмæ»

«Мах кæддæриддæр уыдзыстæм уæ фарсмæ. Цы проблемæтыл æмбæлут, уыдон скъуыддзаг кæн-дзыстæм иумæ», – банысан кодта президент.

Президенты цур сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Джиоты Аэлитæ йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты сывæллæттæ паддзахады сæргълæууæгæй райсдзысты иурæстæгон бафыстытæ Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бонмæ.

«Ут тыхджын. Цæрут æмæ хъомыл кæнут уæ сывæллæтты сабыр арвы бын. Мах сымахимæ стæм æмæ алыхатт дæр цæттæ стæм баххуыс уын кæнынмæ», – загъта Джиоты Аэлитæ.

Фембæлды ма дзырд цыд социалон здæхты ак-туалон фарстатыл. Гаглойты Алан хæслæвæрдтæ радта сæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.