Мæскуыйы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советы нымæрдары фыццаг хæдивæг Рашид Нургалиевы фембæлд.
Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынад фæбæрзонддæр кæныны фарстатыл, афтæ ма арæны уавæры тыххæй дæр. Гаглойты Алан æмæ Рашид Нургалиев æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты æмæ тыхон структурæты архайд сифтонг кæныны фæдыл цалдæр фарстайы.
Афтæ ма хъусдард аздæхтой прокуратурæйы кусджыты куыстмызд фæбæрзонддæр кæнын æмæ пенсион ифтонгады системæ æрнывыл кæнынмæ.