Ленингоры поселочы æмæ Цъинагары сывæллæттæ адджинæгтимæ лæвæрттæ райстой ногазон мадзæлтты рæстæджы.

«Сывæллæттæ Ног азы фенхъæлмæ кæсынц алæмæты диссæгтæм æмæ уый тыххæй алы адæймаджы хæс дæр у, уыцы диссæгтæ сын балæвар кæнын. Сывæллæттæ Митын Дада æмæ Митын Чызгимæ кафыдысты рæсугъдвæлыст назбæласы алыварс, зарыдысты, кастысты æмдзæвгæтæ, цин кодтой ногазон диссæгтыл», — фехъусын кодта районы администрацийы пресс-службæ.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Иларион азылд бæрæгбонон мадзæлттыл æмæ йæхæдæг сæрмагондæй раарфæ кодта сывæллæттæн, æрхæццæ уæвæг ног азы цытæн.