Æппæт йæ цард  уыд сгуыхтдзинад

Хуссарирыстойнаг адæмæн хорз зонгæ у Мæрзойты Олег. Уый æдзухон æххуыс кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы ирыстойнаг хæстонтæн. Йæ фæрцы фронтмæ æрвыст æрцæуынц алыгъуызон хъæуæг хæцæнгæрзтæ. Фæлæ алчи нæ зоны йæ фыд, булкъон Мæрзойты Станиславы (дзæнæттаг) сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уымæн йæ райгуырдыл  сæххæст 70 азы.

Уый райгуырд 1953 азы 13-æм октябры. Йæ фыд Васили уыд Фыдыбæстæйон Стыр хæсты хайадисæг 17-аз-дзыдæй командæ кодта æхсæг взводыл Мæскуыйы сæрыл тохты, æмæ 18-æм æхсæг батальоны сконды та хайад иста Сталинграды сæрыл тохы.

Станислав, Новосибирскы æфсæддон ахуыргæнæндон тынг хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ, æвзонг афицер службæ кæнын райдыдта Паддзахадон развæдсгарæн управленийы спецназы. Цыппар азы фæстæ ссыгъд Афганистаны хæст æмæ 1980 азы хайад иста æцæгæлон бæстæйы хæстон архайдтыты десантон-штурмон бригадæйы. Уым дыууæ азы æххæст кодта йæ интернационалон хæс. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Уый фæстæ æвзонг афицер каст фæцис Ленины номыл Æфсæддон академи æмæ службæ кæнын райдыдта Фæскавказы. Уыцы рæстæгмæ уым сытынг сты хæстон конфликттæ. Станислав комкоммæ хайад иста конфликттæ æрбæстон кæныны операциты. Азербайджан, Сомихстон, Хæххон Карабах, Хуссар Ирыстоны трагикон цаутæ – систы йæ царды иу хай.

Фехæлд Советон Цæдис, Станислав æрæздæхт æмæ йе службæ адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны, цыран æй цалдæр мæйы фæстæ, 1992 азы октябрь-ноябры, бахъуыд мæхъæлон бандитон къордты агресси фæсыкк кæнын. Уыцы бонты базонгæ Сланты æртæ æфсымæртæй хистæримæ. Уыдон хъæбатырæй фæмард сты 1992 азы 4-æм ноябры иу тохы рæстæджы. Станислав та фæмард растдæр 10 азы фæстæ, æмæ хъысмæты фæндонмæ гæсгæ, уыдон æнцойад кæнынц, йæ хъæппæрисæй арæзт чи æрцыд, Дзæуджыхъæуы уыцы Кады Аллеяйы фæрсæй фæрстæм.

1998 азы Мæрзойты Станислав ссис Цæгат Кавказы æфсæддон зылды 58-æм армийы командæгæнæджы хæдивæг. Ацы арми уыд иууыл хæстхъомдæр æмæ æдзухдæр хайад иста агресситы фæсыкк кæныны операциты. Станислав активон хайад райста 58-æм армийы фидауынгæнæг контингенты Хуссар Ирыстонмæ бакæныны хъуыддаджы. Бирæ балæггад кодта Хуссар Ирыстонæн. Фæстæдæр та хæстон архайдтытæ райдыдтой Дагъыстаны æмæ уый фæстæ та – Цæцæны. Йæ цардæн тæссаг уавæрты булкъон комкоммæ хайад исы хæстон  ныхмæлæудтыты. Фондз азы ацы бынаты æххæст кодта йæ хæстæ, дунеон терроризмы ныхмæ тох кæнгæйæ. Станислав у 58-æм армийы афицерты æфсæддон династийы минæвар.

Æфсæддон фæндаг равзæрста йæ кæстæр æфсымæр Аркади дæр. Инæлар-лейтенант Мæрзойты Аркади УФ-йы Президенты барамындæй 2023 азы 18-æм августы нысан æрцыд Хуссар Æфсæддон зылды 18-æм иумиагæфсæддон армийы командæгæнгæй. Станиславы фырт Олег афицер суæвгæйæ, службæ кодта 58-æм армийы. Йæ хæрæфырттæ Георги æмæ Васили каст фесты Суворовы номыл æфсæддон ахуыргæнæндон æмæ систы уæлдæр æфсæддон командон ахуыргæнæндоны курсанттæ. Сæхи цæттæ кæнынц афицерты рæнхъы слæууынмæ.

Мæрзойты Станиславы сæйраг мисси уыд сабырдзинад бахъахъхъæнын. Уæрæсе æмæ Ирыстонæн уæззаудæр азты уый йæ разы æвæрдта вазыгджын хæстæ. Фыццаг хатт Цæгат Ирыстоны сарæзта кадетон кълæстæ, йæ хъæппæрисæй Цæгат Кавказы арæзт æрцыд Суворовы номыл æфсæддон ахуыргæнæндон, бындур æрæвæрдта Дзæуджыхъæуы Кады Мемориалæн. Тынг бирæ арæзта республикæйæн. Йæ амæлæты фæстæ йын йæ сейфы ссардтой йæ боныг. Уым фыст уыд диссаджы рæнхъытæ: «Любимая Осетия, спасибо за помощь! С тобой я – сила! Пусть и впредь Святой Георгий покровительствует солдатам России! Буду все делать для мира, добра и счастья в России! Клянусь!».

Абон Ирыстон æмæ Уæрæсейы æндæр къуымты йæ номыл фыссынц æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ. Йæ ном хæссы Дзæуджыхъæуы 50-æм скъола, цыран бакодтой мысæн барельеф. Мемориалон бюст ын сæвæрдтой Дигорæйы, Æфсæддон университеты, раздæры Ленины номыл академийы та йын йæ номыл байгом кодтой аудитори. Йæ мысынадæн УФ-йы Гарзджын тыхты Централон музейы арæзт æрцыд мемориалон экспозици æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, 58-æм армийы æфсæддон кады музейы дæр.

2002 азы 3-æм ноябры вертолет Ми-8-ыл Станислав здæхт хæстон архайдтыты районæй, ратахт Цæцæны Ханкалайы аэродромæй Дзæуджыхъæумæ. Ацы бортмæ террористтæ æнхъæлмæ кастысты æмæ йæ Грознæйы кæронæй фехстой зенитон-ракетон комплексæй. Борты парашюттæ нæ уыд. Ракетæ сæмбæлд вертолеты змæлынгæнæгыл, ссыгъд æмæ райдыдта зæххмæ хауын. Спецназы профессионалон афицер зыдта, сæрæгасæй аирвæзынæн сын бынтондæр шанстæ кæй нæй. Уыцы зынджы зындоны, Мæрзойты Станислав байгом кодта вертолеты дуар, фæлæбурдта йæ цуры уæвæг салдатмæ æмæ йæ тыхæй ратъæпп кодта судзгæ вертолетæй. Уый фæстæ та рагæпп кодта йæхæдæг. Секунды фæстæ вертолет спырх уæлдæфы, æрхуад зæххмæ æмæ йæ мидæг басыгъдысты 7 бæлццоны æмæ экипаж. Трагедийы фæстæ йын йæ хæстон æмбæлттæ мысыдысты йæ куырыхон ныхæстæ: «Уый у хæст, алы уысм дæр – тæссагдзинад. Вертолет куы ссудзы, уæд  йæ бортыл сырæзы ахæм æлхъывдад æмæ тæвды бæрц æмæ зынг алцыдæр фæныкк фестын кæны, адæмæй ницыуал баззайы. Цахæмфæнды бæрзæнды ма тæхай, фæстиат кæнын нæ хъæуы, хъуамæ рагæпп кæнай. Уадз, сæрæгасæй ма аирвæзæм, фæлæ бинонтæн уыдзæн, цы баныгæной, уый…».

2002 азы 3-æм ноябры 16.45 минутыл, уыцы трагикон хуыцаубон изæры булкъон Мæрзойты Станислав ахицæн цардæй, йæхæдæг куыд нымадта, афтæ, фæстаг уысмы онг тох кæнгæйæ æмæ мæлæты цæстытæм кæсгæйæ. 49 аздзыдæй аскъуыд советон афицеры, Ирыстон æмæ Уæрæсейы æцæг патриоты цард. Фæлæ уый ссис 58-æм армийы символ: уый у гербы, армийы эмблемæйы æмæ сæйраг реликвийы-командæгæнæджы штандарты, æфсæддон тырысайы автор. Уый ссис Гарзджын тыхты масштабты прецедент,  Уæрæсейы нырыккон историйы  фыццаг хатт  штандарт лæвæрд æрцыд 58-æм армийы командæгæнæгæн, куыдфæстагмæ Уæрæсейы æппæт æфсæддон баиугæндтæн традици суæвгæйæ. Мæрзойты Станиславы ном цæрдзæн æнустæм.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.