Хуссар Ирыстонæн йӕ ног историйы 1992 азы 29 май у иууыл ахсджиагдæр ӕмӕ нысаниуӕгджындӕр бон. Уыцы бонӕй райдыдта хӕдбар Хуссар Ирыстоны истори – 29 майы бӕстӕйы Уӕлдӕр Совет хӕдбардзинад расидыны тыххӕй Акт куы райста, уымӕй. Уыцы Акты бындурыл арӕзт цыдысты паддзахадон ат-рибуттӕ, арӕзт цыдысты хъӕуӕг паддзахадон институттӕ.

Фыццаг сӕвзӕрст Парламенты депутаттӕ сты нӕ дуджы хъайтартӕ. Хуссар Ирыстоны адӕм сӕрыстыр сты уӕды Уӕлдӕр Советы фыццаг депутатон корпусӕй, сӕ принципиалон позицийы тыххӕй. Адӕм хорз ӕмбӕрстой, этнос бахъахъхъæнынæн цы ахсджиаг нысан æмæ арф мидис уыдис Актæн, уый.

Паддзахадон сӕйраг бӕрӕгбон – хӕдбардзинад расидыны тыххӕй Акт райсыны бон Президент фембӕлд Парламенты фыццаг сӕвзӕрсты депутаттимӕ.

Бӕстӕйы разамонӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, традицион у, Парламентмæ фыццаг сæвзæрсты депутатты ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сын бузныджы ныхӕстӕ зӕгъын ацы нысаниуӕгджын бӕрӕгбоны тыххӕй, хуссайраг ирӕтты историйы уӕззау бонты уыдон цы стыр хъарудзинад равдыстой, уый тыххæй.

«Абон махӕн стыр бӕрӕгбон у, 1992 азы цы хӕдбардзинад расидт ӕрцыд, уый тынг ахсджиаг къахдзӕф уыд. Уый фӕстӕ азты мах арӕзтам нӕ паддзахад, нӕ къухты бафтыд хӕдбар паддзахад суӕвыны ахсджиаг хъуыддаг. Бирӕ рӕстӕг ӕфхӕрд цы зӕхх баййӕфта, уым ӕрбиноныг кодта сабырад ӕмӕ уый уыд уӕ хъаруты руаджы, уый ӕрхастат сымах», – дзырдта раздӕры депуттатӕм ахасты Президент.

Хъыгагӕн, зӕгъгӕ, бирӕтӕ нал сты не ‘хсӕн, фӕлӕ сӕ нӕмттӕ сыгъзӕрин дамгъӕтӕй фыст ӕрцыдысты нӕ бӕстӕйы азфысты.

Бӕстӕйы разамонӕг куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ Парламенты фыццаг депутаттӕ сты фидӕны фӕлтӕртӕн фӕзминаг.

«Уæ хъаруты руаджы уыдон дӕр сты ныфсджын, бацамыдтой сын ӕнӕфӕцудгӕйӕ размӕ цӕуын кæуыл хъæуы, уыцы фæндаг. 2008 азы Уӕрӕсейы Федераци нӕ паддзахады хӕдбардзинад куы банымадта, уæд нæм афтæ фæкаст, цыма абонæй фæстæмæ ирон лӕг йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нал райсдзӕн.

Кӕд ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны уа-вӕр сабыр у, уӕддӕр нӕ хъӕбатыр лӕппутӕ тох кӕнынц нӕ иумиаг знаджы ныхмӕ Донбассы зæххыл. Хӕст та хӕст у, ӕнӕ зиан нӕ вӕййы, фӕлӕ нæ уырны, не ‘мзӕххонтӕ уӕлахизимӕ кӕй ӕрӕздӕхдзысты ӕмӕ сӕ царды хабӕрттӕ кӕй кӕндзысты сӕ бинонтӕ ӕмӕ ӕввахс адӕмимӕ», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Фыццаг сӕвзӕрст Парламентмӕ депутат, историон зонӕдты кандидат Джиоты Мурат арфӕ ракодта фембӕлды хайадисджытӕн бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта, уӕды парламентаритӕ дипломати ӕмӕ паддзахадон арӕзтадыл ахуыр кодтой уавӕртӕм гӕсгӕ, цард сӕ куыд амыдта, афтӕ.

«Уыцы рӕстӕджы цы къахдзӕфтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ ист цыдысты, уыдонӕн стыр историон нысаниуӕг ис. Алыгъуызон политикон тыхтӕ уыд, фӕлӕ нӕ ацы бон мах не ‘ппӕты дӕр бангом кодта иу тырнынадмӕ – сӕрибардзинад нӕ къухты бафтын ӕмӕ нӕ паддзахад саразын. Уый уыд нӕ иумæйаг егъау ӕнтыст», – банысан кодта уый.

Джиоты Мурат зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ныртӕккӕ Парламентмӕ радон ӕвзӕрстыты къӕсӕрыл стӕм, зæгъгæ, æмæ уымӕ гӕсгӕ адӕм кӕй саккаг кӕной, уыцы депутаттӕн нӕ цӕст уарзы, цӕмӕй ӕмзонд-ӕмхъуыдыйӕ архайой ӕмӕ кусой нӕ паддзахады рӕзт ӕмӕ размӕцыды хæрзæбонæн.

Фембӕлды ма сӕ мысинӕгтӕ дзырдтой Коцты Станислав, Битарты Зойæ, Уалыты Розæ, Харебаты Леонид, Чилæхсаты Хъазбег. Фыццаг сӕвзӕрст Парламенты депутаттӕ бузныг загътой Президент Гаглойты Аланӕн хъарм фембӕлд ӕмӕ сын сӕ хъарутӕн аккаг аргъ кӕй цӕуы, уый тыххæй.

Бӕрӕгбоны цытӕн мадзалы хайадисджытӕн бæстæйы разамынад балӕвар кодта национ банчы уагъд 25 зӕрин монетӕйы.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.