Хъæууон хæдзарады министрады пресс-сслужбæ куыд хъусын кæны, афтæмæй куыд фермерон, афтæ хисæрмагонд хæдзарадты стуртыл, фыстыл æмæ хуытыл райдайдзысты биркæтæ кæнын. Уыцы куыст бакæндзысты ветеринарон службæтæ. Сæрмагонд нысæнттæ идентификацигонд номыртимæ амондзысты фосы æнæниздзинады уавæр. Уый фæдыл æмбæлон гæххæтт уыдзæн фосы хицæуттæн сæхимæ дæр иннæ экземпляры та Хъæууон хæдзарады министрады.

Министрады куыд зæгъынц, афтæмæй иуæй-иу инфекцион низтæй рынчын фосы фыдызгъæлы продукци фæлхасгæнджыты размæ хаст ма хъуамæ цæуа.

Фосæн картотекæ арæзт кæй хъуамæ æрцæуа, уый адæмы ‘хсæн дам-думтæ апарахат кодта, ома, уый нысан кæны, цæмæй сын фидын кæной хъалон. Фæлæ уыцы ныхæстæн ницы бындур ис. Министрады куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй уыдон æрмæстдæр архайынц, цæмæй хъæууон фæллойгæнæгæн арæзт цæуа æппæт фадæттæ дæр фос фылдæр кæнынæн. Низджын фосы фыд та цæмæй адæммæ ма хæццæ кæна.

Хуссар Ирыстонæй арæныл Уæрæсемæ дзидза ласæн кæй нæй «Россельхознадзор»-ы уынаффæмæ гæсгæ, уымæн йæ сæйраг аххосаг у нырмæ дæр фос идентификацигонд кæй не сты. Кæд æмæ хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон дохтыртæн алы районты дæр сæ къухы ацы куыст бакæнын бафта, уæд Хуссар Ирыстонæй дзидза ласыны бар уыдзæнис арæныл. Гъæдджын фыдызгъæл кæй ласыс, уый тыххæй та бавдисын хъæудзæн Хъæууон хæдзарады министрады картотекæйы бæлвырдгæнæн.

Нæ республикæ у аграрон бæстæ, уымæ гæсгæ æппæт рæстæджыты дæр нæ хъæууон фæллойгæнджытæн сæ цард баст уыдис фосдард æмæ зæххы куыстимæ. Советон дуджы дæр фосæн арæзт цыд картотекæ. Иумæйаг хæдзарадты цы фос дардтой, уый фыдызгъæл бахæрынæй тас нæ уыд, уымæн æмæ уыдон æппынæдзух уыдысты ветеринары цæстдарды бын.

Зындгонд аххосæгтæм гæсгæ абон хъæууон хæдзарад фæстæмæ алæууыд. Фæлæ нæ республикæйы разамынад архайы, цæмæй адæм кусой, уавæртæ аразы чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн, дæтты хатырон кредиттæ, цæмæй ногæй райтынг уа хъæууон хæдзарад. Фермертæ æмæ хъæуы цæрджытæй фос чи дары уыдонæй домы, цæмæй афоныл сæ фосæн аразой вакцинацитæ, уый дæр – æнæаргъæй. Фæлæ, уыдон æххæстæй нæ пайда кæнынц уыцы мадзæлттæй. Æрмæст фос массон æгъдауæй куы фæрынчын вæййынц, уæд райдайынц дзæнгæрджытæ цæгъдын.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.