Хистӕр фӕлтӕры ӕдзухон тырнындзинад ӕмӕ аудындзинад у, цӕмӕй кӕстӕртӕ уой раст зондыл хӕст, сӕ ахуыр ӕмӕ уагахаст уа цӕвиттойнаг ӕмӕ суой сомбоны аккаг цардаразджытӕ. Ӕмӕ иугӕр скъолайы ахуыры иуӕндӕс азы кӕрӕдзи фӕдыл атахтысты, уӕд сӕ ахуыргӕнджытӕ зӕрдӕйы хорз ӕнкъарӕнтимӕ фӕфӕндараст кӕнынц дарддӕры царды фæндагыл. Рауагъдон фӕсивӕдимӕ фембӕлд традицион ссис Цхинвалы районы разамонӕг кусджытӕн ӕмӕ сӕ барӕвдауынц сӕ иузӕрдион хъарм ӕмӕ аудгæ ахастӕй. Ӕрӕджы дӕр та ахӕм фембӕлд уагъд ӕрцыд районы администрацийы ӕмӕ дзы  хайад  райстой скъола кастфӕуджытӕ, ахуыргӕнджытӕ, ныййарджытӕ.

Фембӕлд бацӕуӕн ныхасӕй байгом кодта районы спорт ӕмӕ фӕсивӕды хайады хистӕры хӕдивӕг Козаты Олег. Уый фӕстӕ ныхасы рацыд ӕмӕ ӕрыгон цардаразджытӕн иууыл хуыздӕр фӕндиӕгтӕ йӕ цӕст бауарзта Цхинвалы районы администрацийы сӕргълӕууӕджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери. Бафӕндыд ӕй, цӕмӕй сӕм разӕй цы хорз фӕндӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоныл ӕрлӕууой ныфсджынӕй, уой фыццаджыдӕр ӕгъдауыл хӕст, цӕвиттойнаг уагахастӕй. Адӕмон ахуырады хайады сӕргълӕууӕг Лолоты Барис дӕр зӕрдиаг арфӕ ракодта рауагъдонтӕн, иуӕндӕс азы дӕргъы сӕ зонындзинӕдтӕй чи хотыхджын кодта, уыцы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн. Зары астӕуккаг скъолайы директор Пухаты Зӕлинӕ загъта, зӕгъгӕ, сымах стут нӕ рӕсугъд ӕмӕ амондджын кӕстӕртӕ. Ирыстон ӕрмӕст  хъӕздыг ӕмӕ кӕлӕнтӕгӕнӕг ӕрдзӕй нӕу, нӕ чысыл къуым сӕйраджыдӕр хъӕздыг у йӕ адӕмӕй, йӕ фидыцджын ӕмӕ зондджын кӕстӕртӕй. Йæ цӕст сын бауарзта, цӕмӕй кӕддӕриддӕр уой ӕгъдауджын, намысджын, сӕ дӕргъвӕтин царды ӕрмӕстдӕр уадзой хорз фӕд. Рауагъдонтӕн ма йӕ цӕст хорз фӕндиӕгтӕ бауарзта Къостайыхъӕуы астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнӕг-ныййарӕг Мамиты Тамилӕйӕн дӕр. Сатихъары астӕуккаг скъолайы рауагъдон Мойсеев Феликс бузныг загъта, ахуыры рӕстӕджы сын сӕ зонындзинӕдтӕ чи нӕ хӕлӕг кодта, ӕдзухдӕр сыл чи аудыдта, уыцы уарзон ахуыргӕнджытӕн. Кӕронбӕттӕны сӕ районы къухдариуӕгад схорзӕхджын кодта Кады дипломтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.