Уæрæсейы компани «Газпром»-ы архайды тыххæй дзырдта Тыбылты Леонид йæ хыгъдон интервьюйы журналисттæн.

Æрдзон газ Хуссар Ирыстонмæ цæуы Уæрæсейæ 2007-2009 азты арæзт газы хæтæл «Дзуарыхъæу-Цхинвал»-ыл. Ныридæгæн газæй ифтонг сты Цхинвалы цæрджытæ. Газифтонгады генералон схемæмæ гæсгæ фондз азмæ æрдзон газ хæццæ кæндзæн 188 цæрæн пунктмæ. «Уæрæсейы «Газпром» нæ бадзырдты фæлгæтты фæнд кæны Хуссар Ирыстоны æппæт цæрæн пункттæ дæр сифтонг кæнын æрдзон газæй», – загъта Президент.

Уый ма бафтыдта йæ ныхæстæм, проекты аргъ кæй лæууы 253 миллиард сомы, æмæ æппæт хæрдзтæ дæр йæхимæ кæй исы Уæрæсейы фарс, сæрмагондæй та «Газпром».

Зындгонд куыд у, афтæмæй РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид 2015 азы апрелы мæйы фембæлд акционерон æхсæнад «Газпром»-ы управленийы сæрдар Алексей Миллеримæ, цæмæй æруынаффæ кодтаиккой Хуссар Иры газификаци кæныны фарстытыл.

Фембæлды рæстæджы дзырдæуыд, нæ республикæйы хъæууон хæдзарады экономикæйы рæзтыл иумæйагæй сисгæйæ дзурæн кæй нæй æнæ газотранспортон инфраструктурæйы рæзтæй.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, дыууæ азы размæ арæзт кæй æрцыд «Газпром – Хуссар Ирыстон», кæцы райдианы арæзт æрцыд газуадзæн хахх «Дзуарыхъæу-Цхинвал»-ы хуссар фадыгмæ хъусдарыны, афтæ ма хъæууон бынæтты газы хызæгты арæзтады тыххæй.

Фæстаг дыууæ азы дæргъы ацы куыстуатæн уыд бæрæг бакуыстытæ проектон-сметæйон документацитæн (80 % бæрц) «Цхинвал-Тъбет», «Цхинвал-Къостайыхъæу», «Цхинвал-Дзау»-ы хæххытæ саразыны тыххæй.

Фæлæ хъуыд куыстуаты æххæстбартæ рауæрæх кæнын, ома, уый  хъуамæ райстаид республикæйы газификацийы фæдыл сæйраг заказгæнæджы, аразæджы æмæ эксплуатацигæнæджы функцитæ райсын.

Тыбылты Леонид æмæ Алексей Миллер сæ фембæлды рæстæджы уынаффæты фæстиуæгæн аскъуыддзаг кодтой ацы фарст. Генералон схемæ аразыны рæстæджы æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыд хи фæрæзтæй 39 милуан сомы бæрц. Схемæйы сæйраг хайы ис 12 цæрæн нункты, 1 сæудæджерадон куыстуат 26 киллометры æхсæнпоселокон газы хæххытæ, 36 километры хъæууон бынæтты уынгты газы хæххытæ.

Ацы здæхты Ленингоры районмæ стырдæр цымыдис ис. Уымæ гæсгæ газотранспортон инфраструктурæ рæзын кæныны хъуыддаджы ацы район вазыгджын у. Нырма уырдæм хъæуы ауадзын магистралон хахх.

Процедурæтæ бацæттæ кæныны хъуыддаг арæзт цæудзæн хицауады æмвæзадыл. Уæрæсейы æрдыгæй алцы дæр цæудзæн энергетикæйы министрадыл. Газпром ныридæгæн бавæрдта 2017 азы бюджеты æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæ. Газпромы филиал Хуссар Ирыстоны æрмæст корпоративон бæрн нæ хæсдзæн, фæлæ ма юридикон дæр – исты техникон бæллæхты рæстæджы «Газпром» хъуамæ сцалцæг кæна республикæйы газы хæдзарад.

Æппæт ацы фарстытæ скъуыддзаг кæндзæн «Газпром-Хуссар Ирыстон»-ы филиал. Уыдон сæхимæ райсдзысты æххæст бæрн республикæйы энергетикон къабазы райрæзты фæдыл.

«Газпром»-ы куысты фæлтæрддзинад хынцгæйæ хъуамæ мацы згъуыдтытæ сæвзæра.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: ивгъуыд аз Тыбылты Леонид æмæ «Газпром»-ы правленийы сæрдар Алексей Миллер сæ фембæлды рæстæджы газификацийы фарсты æмрæнхъ дзырдтой æндæр ахсджиаг фарстытыл дæр. Уыцы нымæцы республикæмæ оптофæскъауы (оптоволоконного) каналы фæрæзты руаджы республикæмæ ног Интернет провайдерты æркæнынмæ. Куыд зонæм, афтæмæй уый фæахъаз уыдзæн Интернеты хъомысад фæтыхджындæр кæнынæн æмæ уый фæстиуæгæн хуссарирыстойнаг базары арæзт æрцæудзæн конкуренци.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.