Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты уæлдæр къамандагæнæг Гаглойты Алан бабæрæг кодта Хъахъхъæнынады министрады №1 æфсæддон городок национ Гарзджын тыхты инфраструктурæимæ базонгæ кæныны нысанæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æфсæддон-техникон æмгуыстад сæххæст кæныны фæдыл контроль кæныны фæдыл.

Мадзалы хайад райстой Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимир, Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Виктор Федоров, Æдасдзинады советы нымæрдар Плиты Анатоли, Президенты Администрацийы Къухдариуæггæнæг Джиоты Алан.

Президент бабæрæг кодта, развæлгъау къухфыст контракттæм гæсгæ уæрæсейаг фарс цы объекттæ аразы, уыдон федта инженерон техникæ æмæ инженерон исад, кæцытæ фæстаг мæйты ласт æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстонмæ.

Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимир æмæ Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг – Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæр Виктор Федоров радзырдтой Гаглойты Аланæн техникæ радтыны фæтк æмæ æмгъуыдты тыххæй, сæрмагонд скондыл æй сфидар кæнын æмæ йæ дарддæры эксплуатацийыл.

Æмбырды рæстæджы æруынаффæ кодтой æфсады æрвылбонон архайды æндæр фарстатыл дæр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.