Республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали йæхимæ райста 2020 азы райдиан РХИ-йы иумæйагахуырадон скъолаты ахуыргæнинæгтæй æхсæнадæмон мадзæлтты стыр æнтыстытæ сæ къухты кæмæн бафтыд, уыдоны. Уыдон та сты: Гимнази «Альбион»-ы 10-æм къласы ахуыргæнинаг Джиоты Константин , кæцы ссис Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон университеты уагъдцæуæг «Нымæцон скъола»-йы проекты уæлахиздзау. Йæ проект «Кадры для цифровой экономики» нырыккон информацион технологиты райрæзт уæрæхдæр кæныны нымад æрцыд иууыл хуыздæр проектыл. «Нымæцон скъола»-йы конкурсы хайад истой 150 ахуыргæнинаджы æндæр æмæ æндæр республикæтæй. Уыдонæй 22-йæ уыдысты Хуссар Ирыстонæй. Фæлæ конкурсы уæлахиздзау ссис æрмæстдæр Джиоты Константин. Æвзонг лæппуйæн уый кæд нырма фыццаг æнтыст у, уæддæр уый размæ аз та йæ зонындзинæдтæ равдыста сæрдыгон лагерь «Кванториум»-ы, Уæрæсейы  федералон проект «Зымæгон нымæцон скъола»-йы.

Битеты Вероникæ – скъола «Альбион»-ы ахуыргæнинаг, январы Æппæтуæрæсейон фестиваль-конкурс «Рождественская елка «Казачий круг»-ы вокалы номинацийы бацахста 2-аг бынат.

Ацы фестивалы ма хайад истой Цъинагары астæуккаг скъолайы хореографион коллектив (Йæ къухдариуæггæнæг Гуссойты Ласко). Коллективы сконды уыдысты 7 ахуырдзауы. Уыдон сæххæст кодтой «Хонгæ кафт» æмæ бацахстой 1-аг бынат. Хуыбылты Аннæ ма акафыд солон кафт дæр æмæ уыцы номинацийы та бацахста 2-аг бынат. Ацы уæлахиздзауты æм-рæнхъ ма министр райста баскетболæй 2004-2005 азы гуырд чызджыты командæйы сæ тренер Дзабиты Роландимæ. Ацы командæйы уæнгтæ дæр январы мæйы ссисты Цæгат Ирыстоны республикон ерысты уæлахиздзаутæ.

Гасситы Натали зæрдиаг арфæ ракодта скъоладзаутæн сæ къухты цы уæлахизтæ бафтыд, уыдоны тыххæй.  Бакаст сын цы конкурстæ, фестиваль æмæ спортивон ерысты хайадисджытæ уыдысты, уыцы организатортæ РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады номыл цы арфæйаг фыстæ-джытæ æрæрвыстой, уыдон.

Йæхи номæй дæр сын загъта бузныг, республикæйы кад бæрзонд кæй хæссынц, уый тыххæй. «Сæрбæрзонд дæн, нæ Ирыстоны сымах хуызæн хъæбултæ кæй рæзы, уый тыххæй. Уый нысан кæны Хуссар Ирæн фидар сомбон кæй ис. Мæн фæнды, цæмæй æрмæст ацы æнтыстытыл ма æрлæууат. Уый тыххæй Ахуырад æмæ зонады министрад араздзæн æппæт дæр. Сымах та уæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ рухс кæнут æнтыстытæй».

Министр бузныджы ныхæстæ бахай кодта УФ Президенты Адми-нистрацийы минæвар, Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады фарстаты фæдыл уынаффæгæ-нæг Темина Казаховайæн, кæцы ныртæккæ нал цæры Хуссар Ирыстоны, фæлæ йæ хъус дары нæ ахуырады системæмæ æмæ гæнæнуæвгæйæ, æххуыс кæны нæ курдиатджын сывæллæттæн УФ уагъдцæуæг алыхуызон конкурстæ æмæ фестивалты хайад райсынæн.

Уæлахиздзаутæ дæр радзырдтой сæ тæлмæнтæ. Цæвиттон, фестивалы фæстæ скъоладзаутæн организаци æрцыд экскурси Мæскуыйы фенддаг бынæттæм. Уыдысты Кремлы, Третьяковы галереяйы, историон музейы, бацыдысты Кремлы назбæласмæ. Базонгæ сты се ‘мкаронтæй бирæтимæ.

«Кадры для цифровой экономики»-йы проекты уæлахиздзау Джиоты Къоста та куыд загъта, афтæмæй йæ зæрдæмæ иттæг фæцыд, ацы конкурсы цы бирæ алыварсон темæтыл дзырдтой йæ хайадисджытæ, уый. «Кæд æз сæрмагондæй нейнонон хуызтимæ архайдыл дзырдтон, уæддæр иннæ хайадисджыты проекттæ дæр уы-дысты цымыдисон.  Бирæ ногдзинæдтæ дзы уыд æмæ мæхицæн хатдзæгтæ сарæзтон уыдонмæ хъусгæйæ. Мæнмæ гæсгæ, ахæм проекты æрмæст хайад райсын дæр фаг у, цæмæй дарддæр снывæндой нырыккон информацион технологиты райрæзт. Æз райгонд дæн уæлахиздзау кæй сдæн, уый сæраппонд фæлæ ууыл не ‘рлæудзынæн, дарддæр кусдзынæн ноджы зæрдиагдæрæй», – загъта уый.

Министры ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлтты сæйраг нысæнттæй иу у Уæрæсейы Федерацийы æмæ ма Фæсарæнты дæр нæ культурон æмæ спортивон æнтыстытæ пропагандæ кæнын, сабиты хæрзæгъдауон-патриотон хъомылад рæзын райтынг кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.