РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Израилы цхинвайлаг общинæйы делегацийы, кæцыйы сæргъ лæууыд Элион Виленчик.

«Арфæ уын кæнын уæ историон Райгуырæн зæххыл. Æгас нæм цæут. Æхсызгон мын у сымах Хуссар Ирыстоны уынын, уæлдайдæр та афтæ куы фæзæгъынц, зæгъгæ, дзуттæгтæ кæдæм æрцæуынц уым цард бæстон кæнын райдайы», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, цхинвайлаг ирæттæ Хуссар Ирыстонæй цы рæстæджы ацыдысты, уый уыд æвадат æмæ уæззау.

«Фæлæ уæддæр уæ зæрдæты фæндмæ гæсгæ сымах æрцыдыстут Хуссар Ирыстонмæ. Зонын, сымах сæмбæлдаиккат уæ зонгæтыл, хæлæрттыл, сыхæгтыл, афтæ ма федтат дзуттæгты квартал, уыдыстут, уæ фыдæлтæ ныгæд кæм сты, уыцы уæлмæрды», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Афтæ ма уый банысан кодта, зæгъгæ, зоны уæлмæрды фæткмæ æркæныны фæдыл уазджыты плæнтты тыххæй æмæ загъта, цæттæ кæй у ацы фарсты сын баххуыс кæнынмæ.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ам уæ уæвынады рæстæг дзæгъæлы нæ фæуыдзæн. Нысангонд сты алыгъуызон фембæлдтытæ æмæ балцытæ. Не ‘рдыгæй фарс мах цæттæ стæм сымахæн хъæуæг æххуыс бакæнынмæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Элион Виленчик бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн, хорз сæ кæй райста, уый тыххæй æмæ радзырдта йæ тæлмæнтæ Хуссар Ирыстоны йæ уæвынады тыххæй.

«Бирæ цыдæртæ сырæзт. Мах дисы баппæрстой архитектурон бæстыхæйтты, театр æмæ музейы рæсугъддзинад. Уый у европæйаг æмвæзад», – загъта Элион Виленчик.

Уый ма  банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ сæ визиты нысан у фыдæлты уæлмæрд фæткмæ æркæнын, афтæ ма Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад райсын.

«Хуссар Ирыстонимæ нæ бастдзинад никуы фехæлд. Кæд мах 90-æм азты хæсты рæстæджы ацыдыстæм ардыгæй, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ мах фæнды нæхицæн æмбæстагдзинад раздахын, цæмæй ногæй нæхи банкъарæм Хуссар Ирыстоны иу хайæ», – загъта уый.

Йæ рады паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад райсыны тыххæй хъæуы куырдиат бадæттын, æнæмæнгхъæуæг документтæ æрæмбырд кæнын æмæ уыимæ иумæ æппæт фæткойтæ дæр хъахъхъæнын. Уый ма фæбæлвырддæр кодта, зæгъгæ, фондз мин адæймаджы бæрц балæвæрдтой куырдиæттæ хуссарирыстойнаг паспорт райсыны тыххæй æмæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны паспорттæ дæттыны хъуыддаг рæстæгмæ урæд æрцыд «уымæн æмæ сæ лæвæрдтой алкæмæндæр».

«Паспорттæ лæвæрдтой, Хуссар Ирыстонмæ чи ницы бар дары, ахæм адæймæгтæн. Афтæ ма хъуамæ уа. Алы паддзахады дæр архайынц закъæттæ. Цæмæй хæлд ма цæуа æмбæстагдзинад райсыны фæтк, уый тыххæй хъæуы рæстæг. Æз растыл нæ нымайын ахæм адæймæгты куырдиæттæм ма æркæсын, кæцытæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц æмбæстагдзинадмæ æмæ фæтагъддæр хъæудзæн уæ куырдиæттæ сæххæст кæныныл. Ныффыссут куырдиæттæ æмæ сæм æмбæлон стуктурæтæ æркæсдзысты», – банысан кодта Президент.

Фембæлды кæрон дыууæ фарс дæр кæрæдзийæн балæвар кодтой лæвæрттæ æмæ сувениртæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.