Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæ хæдивæг, экономикон рæзты министр Бекъойты Геннадиимæ 31 декабры Ног азы хæдразмæ бабæрæг кодтой сывæллæтты республикон рынчындоны чысыл пациентты æмæ сын  бакодтой ногазон лæвæрттæ. Палатæтыл азилгæйæ, Хицауады уæнгтæ зæрдæбын ногазон арфæтæ ракодтой сывæллæттæн, сæ ныййарджытæн æмæ рынчындоны медицинон персоналæн. «Ногазон бæрæгбонты сывæллæттæ хъуамæ уой хъæлдзæг, кæмфæнды ма уой, уымæ нæ кæсгæйæ. Абон махæн нæ къухты бафтыд сабиты иучысыл бахъæлдзæг кæ-нын æмæ сын сæ цæсгæмттыл мидбылхудт фенын. Адæймаджы зæрдæйæн та уымæй æхсызгондæр ницы ис», – банысан кодта Пухат Эрик.

 Уый куыд загъта, уымæ гæсгæ Хицауадæн приоритетон у сывæллæтты æнæниздзинад хъахъхъæныны фарст. Сабитæ кæд рын-чындоны æрвыстой сæ бæрæгбон, уæддæр сын уыд хъæлдзæг зæрдæйы равг æмæ уыдон дæр сæхи ‘рдыгæй бахъæлдзæг кодтой уазджыты зæрдæтæ. Бакастысты сын æмдзæвгæтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.