Сæрд фæцис, йæ тæмæны бацыд сыгъзæрин фæззæг, фæкæс, æмæ дарддæр та йæ фæстæ – зымæг. Фыццаг уазæлттæм хъæуы бацæттæ кæнын канд хæлцæй, дарæсæй нæ, фæлæ ма æндæр хуызты дæр: зæгъæм, хæдзар зымæгмæ бацæттæ кæнын.

  1. Хæдзары скæнут рог цалцæг.

Лæмбынæг æркæсут уæ хæдзармæ: чизоны уæ бахъæуа сахорын уæ хæтæлтæ найæн уаты, бахъæуа уæ уæ къæбицы доны кран раивын дæр, кæцы рагæй фæстæмæ тæдзы æмæ йæ хъуыдис раивын, афтæ ма уæ хатæны къултыл ныхæст шпалер дæр раивын.

Ацы хъуыддæгтæ сæрды фæстæ фæхъæуы аразын, зымæгмæ æввахс, уымæн æмæ зымæджы адæймаджы организм бахизы «æнхъæлмæ кæсыны режиммæ» æмæ йæ зымæджы уазæлтты рæстæджы нал фæфæнды истытæ архайын хæдзары мидæг. Уымæ гæсгæ бирæ хатт хæдзарон куыстытæ баззайынц уалдзæгмæ.

  1. Æнæмæнгæй фæззæджы фæхъæуы рудзгуытæ ныхсын дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы сылгоймаг дæр æндæр æмæ æндæр афонты ныхсы йæ рудзгуытæ, фæлæ сæ зымæджы æрбалæудмæ дæр æнæмæнгæй фæхъæуы ныссыгъдæг кæнын. Сæрддæргъы рудзгуытыл сбады бирæ рыг æмæ чъизи æмæ сæ уый тыххæй фæхъæуы лæмбынæг сыгъдæг кæнын, цалынмæ æвзæр боныгъæдтæ нæ райдыдтой, уæдмæ.
  2. Стæфсын кæнут æмæ ныхсут уæ уазалгæнæн.

Нырыккон уазалгæнæнтæ афтæ арæзт сты, æмæ дзы ис ахæм функци, куыд «No Frost». Ахæм уазалгæнæны нæ фæхъæуы тæфсын кæнын (фæлæ уазалгæнæны кæддæриддæр вæййы ахæм продукттæ, кæцытæм алы хатт къух нæ феххæссы, фæлæ рагæй кæй хъуыди аппарын).

Уазалгæнæны алы тæрхæг æмæ асыкк дæр райсут æмæ сæ ныхсут, басур сæ кæнут æмæ сæ æрмæстдæр уый фæстæ бавæрут сæ бынæтты. Ма уæ уæд рох уазалгæнæны æддаг æмæ мидæггаг къултæ дæр ныхсын! Уымæл æфснайды рæстæджы алы хатт дæр уазалгæнæны ахицæн кæнут электрон хызæгæй.

  1. Бафснайут уæ къæбицы скъаппытæ.

Æвзæр нæ уаид уæ къæбицы скъаппытæм æркæсын, уымæн æмæ дзы алы хатт дæр æртымбыл вæййы бирæ æнæхъуаджы æмæ æнæпайда мигæнæнтæ. Кæмæй нал пайда кæнут æмæ архайынæн чи нал бæззы, уыдон аппарут. Арæхдæр цы мигæнæнтæй нæ пайда кæнут, уыдон фæсвæд æрæвæрут, арæх кæмæй пайда кæнут, уыдон та, кæй зæгъын æй хъæуы, æввахсдæр бынаты æрæвæрут, цæмæй сæм дард æвналын ма хъæуа æмæ сæ агурынæн дæр уæ рæстæг ма хардз кæнат.

  1. Ныссыгъдæг кæнут уæ хуыссæнгæрзтæ.

Арæх нæ хъуыдыйы нал вæййы, базтæ, хъæццултæ æмæ гобан дæр кæй фæхъæуы сыгъдæг кæнын, уый. Сæ мидæг æртымбыл вæййынц алыгъуызон микробтæ æмæ чъизи. Базтæ æмæ хъæццултæн кæд гæнæн ис, уæд сæ ныхсут æмæ сæ æнæмæнгæй дæр басур кæнут хурмæ, цæмæй сæ хуры тынтæ ахъарой. Матрас кæнæ гобаны та рыгцъирæнæй ныссыгъдæг кæнут.

  1. Хæдзарон мигæнæнты сыгъдæг кæнынмæ хауы гауыз дæр.

Æнæхъæн сæрддæргъы гауызыл æртымбыл вæййынц алыгъуызон рыг æмæ чъизи. Тæвд бонты та уæлдай рыг кæлы хæдзармæ, рудзгуытæ гом кæй вæййынц, уый тыххæй. Цæмæй уæ гауыз хорз ныссыгъдæг уа, уый тыххæй уæ бахъæудзæн специалон сыгъдæггæнæн фæрæзтæ æмæ ма семæ щеткæ дæр.

  1. Басгарут уæ пысултæ æмæ дзабыртæ, цалынмæ уазал боныгъæдтæ нæ райдыдтой, уæдмæ.

Гæнæн ис æмæ сæрддæргъы адæймагæй айрох уой, фæззыгон ботинкæтæ кæй хъæуы сæ рæстæ-гыл ныссыгъдæг кæнын æмæ сæ бацæттæ кæнын уазал æмæ къæвда бонтæм. Æркæсут сæм, чизоны сæ хъæуа бацалцæг кæнын, уæд сæ радтут дзабыртæхуыйæгмæ кæнæ та сæ уæхæдæг бацалцæг кæнут, кæд арæхсут, уæд. Сæрдыгон дзабыртæ та хъæуы ныссыгъдæг кæнын, сæрдыгон пысултæ та хъæуы ныхсын æмæ сæ фæсвæд ран бафснайын уалдзæгмæ.

  1. Фервæзут уæ зæронд дзаумæттæй.

Уæ скъапп бакæнут æмæ лæмбынæг равзарут, цы дзаумæттæ нал дарут, уыдон. Ис ахæм дзаумæттæ, кæцытæ иу конд дæр нæ вæййынц, фæлæ скæнынæн дæр нал фæбæззынц. Сæ рæстæджы сæ фæхъæуы дарын, уымæн æмæ æнæконд дзаума дæр æвзæр кæнын зоны: кæм рæмпæг свæййы, кæм та йæ раздæры ног хуыз фесафы æмæ уымæ гæсгæ нал фæбæззы дарынæн. Чи бæззы, уыцы дзаумæттæ радтут, иннæты та ахæссут брондонмæ. Куыд дзурынц, уымæ гæсгæ зæронд дзаумæттæ аппарын нысан кæны ног ивындзинæдтæ нæ цардмæ хæссын. Уадз, афтæ уæд!

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.