Гуырдзыстоны парламент райстой иноагентты тыххæй закъон, кӕд ӕмӕ оппозици растадысты ӕмӕ хуымӕтӕг цӕрджыты дӕр уынгтӕм рахизын кодтой бӕстӕйы разамынады ныхмӕ, уӕддӕр. Сӕ президент Саломе Зурабишвили йӕ ветойы барӕй спайда кодта ӕмӕ закъон ӕрӕхгӕнын кодта. Фӕлӕ уый бирӕ ницӕуыл ӕндавы – иу мӕйы фӕстӕ депутатты фӕндонмӕ гӕсгӕ ног закъон йӕ тыхы бацӕудзӕн.

Ацы закъон райсыны ныхмӕ рацыдысты АИШ ӕмӕ Евроцӕдис, ӕмӕ ӕртхъирӕнтӕ кӕнынц Гуырдзыстоны разамынадмӕ санкцитӕй. Уымӕй уӕлдай ма сӕ бафӕдзӕхстой, зӕгъгӕ ахӕм закъон йӕ тыхы куы бацӕуа, уӕд Гуырдзыстонимӕ аивдзысты ӕнӕвизӕйон режим дӕр. «Гуырдзыстон рацыд демократийы ныхмӕ иноагентты тыххæй закъон райсыны фӕстиуӕгӕн ӕмӕ ма хъавы Уӕрӕсе ӕмӕ Китаимӕ сӕ бастдзинӕдтӕ сфидар кӕнынмӕ», – дзырдӕуы сӕ хъусинаджы. Диссӕгтӕ! АИШ рагӕй фӕстӕмӕ активонӕй пайда кӕнынц ноджы карздӕр иноагентты закъонӕй, фӕлӕ сӕхи уӕддӕр нымайынц демократон бӕстӕйыл. Гуырдзыстон та райста «фӕлмӕндӕр» закъон АИШ-ы закъонмӕ абаргӕйӕ, фӕлӕ ссис демократийы знаг. Уый та дын ногӕй дывӕр стандарттӕ.

Ног закъоны фӕрцы Гуырдзыстоны разамынады фӕнды, цӕмӕй фӕсарӕнтӕй чи исы финансон ӕххуыс, уыцы ӕнӕкоммерцион организацитӕ ӕмӕ дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ ӕргом кӕной сӕ ӕфтиӕгтӕ. Хуымӕтӕг гоймӕгтӕм ацы закъон ницы бар дары. Стӕй ма спортивон федерацитӕ, дипломатийы ӕмӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕты минӕвӕрттыл дӕр не ʻндавдзӕн ацы закъон. Иууыл тынгдӕр ног закъоны ныхмӕ у сӕ президент Зурабишвили, кӕцыйы Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг схонӕн дӕр нӕй. Уый адӕмы ʻхсӕн мӕнг хъуыдытӕ парахат кӕны, ома сын ацы закъон Уӕрӕсе райсын кодта, цӕмӕй Евроцӕдисмӕ интеграцион процесстӕ ныкъуылымпы уой ӕмӕ Гуырдзыстоны «сӕрибар ӕмӕ ӕнӕсайд» ӕвзӕрстытӕ мауал цӕуа.

Фыццаджы уал банысан кӕнын хъӕуы уый ӕмӕ иноагентты тыххæй гуырдзиаг закъон Уӕрӕсемӕ ницы бар дары. Дыккаджы та Гуырдзыстоны Евроцӕдисмӕ райсынмӕ куы хъавыдаиккой, уӕд ӕй афонмӕ райстаиккой. Бирӕ азты дӕргъы гуырдзиӕгты сайынц евроинтеграцийӕ, бирӕ ныфсытӕ сын февӕрынц, фӕлӕ, комкоммӕ зӕгъгӕйӕ, Гуырдзыстон Европӕйы никуы хъуыд ӕмӕ сӕ фидӕны дӕр никуы хъӕудзӕн. Ӕвзӕрстыты кой куы кӕнӕм, уӕд 90-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Гуырдзыстоны иунӕг ӕв­зӕрстытӕ дӕр не схондзынӕ «сӕрибар ӕмӕ ӕнӕсайд».

Гуырдзыстоны оппозицион партитӕ финанстӕ исынц ныгуылӕнӕй ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон дӕр растадысты ног закъоны ныхмӕ. Уынгтӕм чи рахызт, уыдонмӕ акӕсгӕйӕ, бӕлвырдӕй сбӕрӕггæнӕн уыд, фӕсарӕнтӕй чи исы финанстӕ, уыцы партиты ӕмӕ организациты минӕвӕртты. Бунтгӕнджыты ʻхсӕн разынд фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ дӕр – ӕрцахстой дзы америкӕгты ӕмӕ уӕрӕсейӕгты. Митинггӕнджыты фарсмӕ балӕууыны тыххӕй, ӕгӕрыстӕмӕй, Гуырдзыстонмӕ ныццыдысты Латви, Эстони, Литва ӕмӕ Исландийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ дӕр. Ӕмӕ уый та бамбарӕн ис, куыд фӕсарӕйнаг бӕстӕты комкоммӕ ӕндæвдад Гуырдзыстоны мидӕггагон политикӕйыл.

Иноагентты америкӕйаг закъон нымад у иууыл карздӕрыл ӕмӕ йӕм гуырдзиӕгты райсгӕ закъон дард лӕууы уыцы хъуыддаджы. Зӕгъӕм, АИШ-ы территорийыл иноагентты закъон куы фехалай, уӕд дыл уайтагъд бакӕндзысты уголовон хъуыддаг ӕмӕ ма дӕ уыимӕ иумӕ ивар дӕр фӕкӕндзысты. Гуырдзиаг вариант закъоны та максималон ӕфхӕрд снысан кодтой 25 мин ларийы ивар. Фӕлӕ ахӕм фактты фӕдыл «сӕрибарыл» ӕмӕ «демократийыл» дзурджытӕм дзуапп нӕй, байгомыг вӕййынц.

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзе банысан кодта, цӕрджыты фылдӕр хай разы кӕй сты ацы закъонимӕ. Политикон парти «Грузинская мечта»-йы лидер Бидзина Иванишвили та комкоммӕ загъта, зӕгъгӕ ныгуылӕны сусӕг финанстӕ пад­дзахады хӕдбардзинадыл ӕвзӕрырдӕм ӕндавынц, ӕнӕхицауадон организацитӕ ӕмӕ дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ архайынц ӕрмӕстдӕр фӕсарӕйнаг агентурӕ Гуырдзыстоны ӕрфидар кӕныныл.

Гуырдзыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ʻхсӕн ӕмахастытӕ нырма дӕр не сты хорз – 2008 азӕй фӕстӕмӕ се ʻхсӕн дипломатон ахастытӕ дӕр нӕ сӕндидзыдтой. Путин абон дӕр уазал цӕстӕй кӕсы Гуырдзыстоны разамынадмӕ. Стыр Уӕлахизы боны 9 майы Путин кӕд Белоруси, Хъыргъыстан, Казахстан, Таджикистан, Узбекистан, Азербайджан, Сомих ӕмӕ Туркменистаны лидертӕн комкоммӕ раарфӕ кӕны, уӕд Гуырдзыстон ӕмӕ Молдавийы кой кӕнгӕйӕ та арфӕ ракӕны сӕ адӕмӕн. Ӕмӕ уыцы факт бирӕ­йыл дзурӕг у.

Украинӕйы хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ, Гуырдзыстоны разамынад хатдзӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды украинӕгты рӕдыдтытӕ сфӕлхатт кӕнын. Бамбӕрстой йӕ, ныгуылӕйнаг «демократийыл» дзурджытыл куы нӕ контроль кӕной, уӕд сӕ стӕлфын нӕ бауадздзысты, бар-ӕнӕбары сӕ марионеткӕйы статусимӕ сразы кӕндзысты. Абоны бон Гуырдзыстоны нӕй схонӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Китайы ӕмцӕдисон. Фӕлӕ афтӕмӕй кӕй райстой, сӕ национ интерестӕ сын чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъон, уый дӕр бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у. Фыццаджыдӕр ууыл, ӕмӕ Гуырдзыстоны разамынад йӕхицӕн домы фылдӕр бартӕ, фӕнды сӕ хӕдбардӕр уӕвын, ныгуылӕны ӕфсондзы бынӕй рахизын.

1938 азы АИШ-ы райстой иноагентты тых­хæй закъон, цӕмӕй сӕм нацистон пропагандӕ ма парахат кодтаид. Закъон райсджыты фӕнд уыд, зӕгъгӕ нацизм куынӕг куы ӕрцӕуа, уӕд закъон фӕстӕмӕ аивдзыстӕм. Фӕлӕ ацы закъон эффективон кӕй уыд мидӕггагон знæгты ныхмӕ тох кӕныны хъуыддаджы, уый тыххӕй йӕ нал аивтой.   Па­й­да кӕнын дзы райдыдтой коммунистон хъуыдытӕ парахатгӕнджыты ныхмӕ. Абоны бон дӕр ацы закъоны фӕрцы ӕфхӕрынц, сӕ паддзахадон политикӕимӕ разы чи не сты, уыдоны.

Афтӕмӕй та АИШ фӕархайы, цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕты ахӕм ӕнгӕс закъон ма райсой. Ӕмӕ уый дӕр хуымӕтӕджы нӕу – ахӕм уавӕрты ӕндӕр паддзахады мидӕггагон политикӕйыл ӕнцонтӕй ис бандавӕн. Зӕгъӕм, йӕ рӕстӕджы Украинӕйы нӕ бауагътой иноагентты тыххæй закъон райсын ӕмӕ дзы 2014 азы бынтон ӕнцонтӕй ацарӕзтой паддзахадон фӕфӕлдӕхт. Ацы фактыл ӕрдзырдта Кобахидзе дӕр. «Гуырдзыстон Украинӕ нӕу ӕмӕ украинаг сценаримӕ гӕсгӕ майдан нӕ бауадздзыстӕм саразын. Мах стӕм хӕдбар паддзахад ӕмӕ ӕхсӕнад хӕццӕгӕнджытӕн аккаг ныхкъуырд ратдзыстӕм. 2022 азӕй фӕстӕмӕ нын Уӕрӕсейы ныхмӕ кӕнын кӕнынц дыккаг фронт. Ахӕм къахдзӕф саразгӕйӕ мах нӕхи къухтӕй скуынӕг кодтаиккам нӕ паддзахад. Ныридӕгӕн дунейы ӕлдариуӕг кӕны «глобалон хӕст расидыны парти», кӕцытӕн Гуырдзыстоны хъысмӕт уӕлдай у. Уыдоны ӕрмӕстдӕр фӕнды Уӕрӕсейы позицитӕ ӕрлӕмӕгъ кӕнын».

Уӕдӕ ныгуылӕны реакцимӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд хъуыддаг гуырдзиаг иноагентты тыххæй закъон райсыны нӕй. Гуырдзыстоны разамынад ӕфхӕрд цӕуынц, Уӕ­рӕсейы ныхмӕ кӕй нӕ рахастой санкцитӕ ӕмӕ дыккаг фронт кӕй не ʻрбакодтой, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕнды Гуырдзыстоны къухдариуӕггӕнджыты аиуварс кӕнын ӕмӕ сын сӕ бӕсты «коммӕгӕс» хистӕрты бауромын.

Бирӕ азты дӕргъы гуырдзиӕгтӕн аргъӕутты хуызы дзырдтой европӕйаг царды тыххӕй, сидтысты сӕм сӕхимӕ, разы сӕ кодтой сӕ паддзахадӕн зианхӕссӕг политикӕ уадзыныл. Фӕлӕ хъуыддаг ӕнгом интеграцийы онг куы ӕрцыд Евроцӕдисимӕ, уӕд ӕй Гуырдзыстоны разамынад бамбӕрстой, «Европӕйы рӕсугъд галуаны» сӕм кӕй ничи ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕрмӕст сӕ ядерон паддзахады ныхмӕ тӕрынц хӕстмӕ. Ӕмӕ мӕлын та никӕйы фӕнды…

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.