Нæ дуджы электроэнергийы ахадындзинад уыйбæрц егъау у, æмæ хатт цыбыр рæстæгмæ электрон рухс цыдæр аххосæг-тæм гæсгæ куы фæхицæн вæй-йы, уæд адæмы катайæн кæрон нал вæййы.

«8-æм ноябры райсом 8 сахатæй изæры 5 сахатмæ нæ уыдзæн рухс. Цæгат Ирыстоны территорийыл уагъд цæудзысты зымæгмæ цæттæгæнæн профилактикон-цалцæггæнæн куыстытæ», – фехъусынчындæуыд 7-æм ноябры бынæттон телеканалæй «Энергоресурс»-ы хъусынгæнинаг. Ацы хабар алкæмæндæр хъыг бæргæ уыд, фæлæ цæйнæфæлтау, раздæр-иу зымæгон хъызт рæстæджыты куыд фехæлдысты электрон хæххытæ, афтæ уа, фæлтау уадз, æмæ уагъд цæуæд нывæстгонд цалцæггæнæн куыстытæ. Фæлæ та ацы хатт дæр мæнг разынд «Энергоресурс»-ы хъусынгæнинаг. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм ахæм æнгæс хъусынгæнинаг ма «Энергоресурс» кæй фехъусын кодта октябры мæйы æмбисы. Уæд цы бонæй загътой, уыцы бон нæ ахуыссыд рухс. Фæстæдæр «Энергоресурс» куыд фехъусын кодта, афтæмæй цы профилактикон куыстытæ хъуамæ æрцыдаиккой æххæст, уыдон хаст æрцыдысты фæстæдæр рæстæгмæ. Æмæ та мæнæ дыккаг сайд!

Хъуыддаг афтæ у, æмæ электроэнергийы ахицæнимæ нæ республикæйы бирæ цардуагон проблемæтæ сты баст. Зæгъæм, сабиты рæвдауæндæтты, скъолаты, рынчындæтты фадат нал вæййы канд хъармдзинад радтынæн нæ, фæлæ ма хæринаг сцæттæ кæнынæн дæр.  «Рухс нæ уыдзæн райсом» – зæгъгæ, фæдисы радзур-бадзур фæкæнынц кæрæдзимæ горæты сывæллæтты рæвдауæндæттæм  кæй сабитæ цæуынц, уыцы мадæлтæ. Уæлдай катайаг та свæййынц кусгæ цы ныййарджытæ кæнынц, уыдон. Ома, мæ саби кæимæ ныууадздзынæн райсом.

Дзыллон информацийы фæрæзты руаджы «Энергоресурс» ахæм серьезон хъусынгæнинæгтæ куы араза, уæд хъуамæ дзуапдæттæг дæр йæхæдæг уа йæ ныхæстæн. Науæд сыл ирон æмбисонд æрцæудзæн. Гыццыл лæппу фос куы хызта хъæуы сæрмæ æмæ мæнг фæдисы хъæр куы ныккодта, бирæгъ фосмæ лæбуры, зæгъгæ. Хъæуы адæм фæдисы лыгъд скодтой, фæлæ кæсынц æмæ сырд нæй. Дыккаг хатт, æцæгдæр, бирæгъ фос цæгъдынмæ куы æрбацыд, уæд ма лæппу йæ дзыхы-дзаг бæргæ хъæр кодта «Бирæгъ, бирæгъ!», фæлæ йыл хъæубæстæ сæ къух ауыгътой. Ома, та ныр дæр хынджылæг кæны.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.