Президент Бибылты Анатоли фембæлд микрорайон «Хурзæрин»-ы цæрджытимæ æмæ аныхас кодта семæ. Уыцы микрорайонмæ Президенты балцы аххосаг уыд, электроэнергийы тарифы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй йæм цæрджытæ кæй бахатыдысты, уый. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, электроэнергийы тариф тынг бæрзонд кæй у, уый тыххæй сæ хæстæ сæ бон бафидын нæу.

«Нæ районмæ газ уагъд нæй æмæ нæ уый тыххæй бахъæуы элекроприбортæй пайда кæнын. Уыдон та бирæ электроэнерги хардз кæнынц. Æрвылмæй сæ хæстæ фидой, уый фадат бирæтæн нæй. Æмæ уæ курæг стæм, уыцы проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн нын баххуыс кæнад», – загъта Президентæн микрорайоны цæрджытæй иу.

Фарстæн дзуапп кæнгæйæ Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, газæй ифтонг цы районтæ не сты, уыцы районты цæрджытæн ис хатырон тарифтæ электроэнергийы аргъ фидыны тыххæй.

«Абоны онг газификацигонд у æрмæстдæр республикæйы сæйраг горæт Цхинвал, цыран электроэнергийы тариф у 1 кВт-æн 2,64 сомы.  Газ цы районты нæй, уым та электроэнергийы аргъ у, 2,64 сомы бæсты æрмæстдæр 2 сомы», – загъта Президент.

Цæрджытимæ аныхасæй Бибылты Анатоли хатдзæг сарæзта, зæгъгæ, электроэнергийы фылдæр хай цæрджытæ хардз кæнынц уазал рæстæджы сæ фатертæ электрон хъармгæнæнтæй хъарм кæныны рæстæджы, тæнгъæд æртагæй хъармгæнæнтæ сæ хæс кæй не ‘ххæст кæнынц, уый тыххæй.

Уый фæстиуæгæн, Президент бахæс кодта Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы Генералон директор Гæбæраты Аланæн, цæмæй цалынмæ уазæлттæ не ‘рлæууыдысты, уæдмæ хъармгæнæнтæм æрдзон газ бауадзын кæна. Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, уый фадат ратдзæн фатертæ æххæстбæрцæй хъарм кæнынæн æмæ бынæттон цæрджыты ссæрибар кæндзæн электроны хъармгæнæнтæй пайда кæнынæй.

«Сæрды рæстæджы уæ нæ хъæуы хъармгæнæнтæ, æмæ уæ курæг дæн, æххæстбæрцæй фидут, цы электроэнерги хардз кæнут, уый аргъ. Уый стыр суммæ нæ уыдзæн», – загъта Президент.

Уыимæ иумæ ма, цæрджыты фылдæр хайæн хæс ис Республикæйы паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы раз. Ацы хæс æрæмбырд дæргъ-вæтин рæстæджы.

«Хæстыл куы дзурæм, Алан Уасилы фырт, уæд ацы фарст аскъуыддзаг кæнут цæрджытæй алкæимæ индивидуалонæй. Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Южная Осетия»-йы раз сын цы хæстæ ис, уымæ гæсгæ сæ алкæмæн дæр радтут бæрæг рæстæг,  иу аз уа æви – дыууæ, кæцыйы рæстæджы дæргъы уымæн йæ бон бауыдзæн йæ хæстæ бафидын,  цæмæй йæ бинонты бюджетыл дæр стыр уæз ма ‘рцæуа, уый тыххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Микрорайоны цæрджытæн ма актуалон уыд цæрæнуат хиуыл ныффыссыны фарст дæр.

Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй кæд цæрджытæ 2010 азы рæстæджы æмгъуыдмæ æрцардысты ацы микрорайоны, уæддæр сæ алкæмæн дæр  хъуамæ уа регистраци. Ацы фарстмæ æркæсын Президент бахæс кодта Цхинвалы Администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланæн.

«Курæг дæ дæн, ацы фарстмæ лæмбынæг æркæс. Раст у, уый рæстæгмæйы цæрæнуат у, фæлæ стыртæ дæр æмæ сывæллæттæ дæр  хъуамæ кæм дæр фыст æрцæуой, кæмдæр хъуамæ уой регистрацигонд. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ цæрджытимæ хъæуы бадзырдтæ саразын, цыран нысан уыдзæн, кæй сын ис, кæм цæрой, уый, æмæ ацы цæрæнуаты рæстæгмæ кæй цæрынц, æмæ æндæр цæрæнуат куы райсой, уæд æй кæй ссæрибар кæндзысты бинонты уæнгты нымæцмæ нæ кæсгæйæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд æндæр фарстатыл дæр. Микрорайоны цæрджытæ бахатыдысты паддзахады сæргълæууæгмæ, цæмæй сын баххуыс кæна тренажерон зал сцалцæг кæнын æмæ йæ тренажертæй сифтонг кæнынæн. Бахатыдысты ма йæм уынгты рухсытæ саразын æмæ транспорты хъуыддаг аскъуыддзаг кæныны тыххæй дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.