Тюмены уагъд æрцыд фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат дзюдойæ. Ерысты æвзист призер ссис хуссарирыстойнаг спортсменкæ Æлборты Аланæ. Тренертæ Гæбæраты Автандил æмæ Тъуриты Тенгизы хъомылгæнинагæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд иууыл уæззаудæр уæзы категорийы. Чемпионаты ма Ирыстоны минæвæрттæй æртыккаг бынат та бацахста Къæбысты Азæмæт.

 

ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Ленкæнынæй Хуссар Ирыстоны командæйæн хорз бæрæггæнæнтæ уыд æппæтуæрæсейон ерыстæ «MAD WAVE CLASSIC». Ерысты фондз майданы рамбылдта Уалыты Даянæ. Йæ къухты бафтыд дыууæ сыгъзæрин æмæ æртæ æвзист майданы. Пьедесталы дыууæ хатты дыккаг æмæ дыууæ хатты та æртыккаг бынæттæм схызт  Уалыты Тамилæ. Иу æвзист æмæ дыууæ бронзæйон майданы хицау ссис Лалыты Арсен. Æвзист призер ма ссис Тасойты Арсен. Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Чиаты Михаил, Тыджыты Дианæ, Зассеты Марат æмæ Уалыты Александр.

Спортсменты тренер у Евгения Терлеева.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæй фондзæй систы уæгъдибар хъæбысхæстæй Словакийы чемпионаты уæлахиздзаутæ. Фыццаг бынæттæ бацахстой Салхъазанты Таймураз (74 кг), Гулаты Æхсарбег (79 кг), Хъарданты Ермак (86 кг), Макъоты Барис (92 кг) æмæ Цæкуылты Батырбег (97 кг). Афтæмæй уыдон бахаудтой ацы бæстæйы æмбырдгонд командæмæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.