Цхинвалы районы администрацийы ахуырады хайад ауагъта æрвылазон педагогон конференци, цыран уынаффæ цыдис районы ахуырады къабазы актуалон фарстытыл.

Конференцийы хайад райстой районы ахуырадон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. Мадзалы уыд районы администра-цийы сæргълæууæджы хæдивæг Дудайты Иртох.

Конференцийы ахуырады хайады сæргълæууæг Лолоты Барис æрæмбырдуæвджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 40 боны размæ не ‘хсæнæй фæхъуыд курдиатджын педагог, йæ дæсныйадыл æнувыд Цыбырты Маринæ Людвигы чызг æмæ бахатыд, цæмæй иу минут æмырæй алæугæйæ ссарой уымæн йæ рухс ном.

Дарддæр Лолоты Барис æркодта районы скъолаты хуыздæр ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгты кой, æрдзырдта, скъолайæн æдтейæ мадзæлттæ куыд уагъд цыдысты æмæ куыд ахъаз кодтой урокты æрмæг хуыздæр бахъуыды кæнынæн.

«Ныртæккæ ахуыргæнджыты раз цы ахсджиагдæр хæстæ лæууынц, уыдонæй сæ иу у ахуырмæ цымыдисдзинад ахуыргæнинагмæ æвзæрын кæнын, се сфæлдыстадон æвзыгъддзинæдты рæзтæн уавæртæ аразын», – загъта уый.

Лолойы фырт зæрдыл æрлæууын кодта, ацы аз майы Цхинвалы районы кæй байгом Хуссар Ирыстоны фыццаг ахуырадон уагдон «скъола-сывæллæтты цæхæрадон», кæцы фадат радта ахуырады къабазы бæрæг зындзинæдтæ аиуварс кæнынæн.

Афтæ ма конференцийы уынаффæ цыдис скъолаты хæлцы, ахуыргæнджытæн транспортыл цæуыны æмæ æндæр фарстатыл.

Ног ахуыры азмæ районы ахуыргæнджытæн раарфæ кодта Дудайты Иртох æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ сæ педагогон архайды.

Банысан хъæуы уый, æмæ Цхинвалы районы скъолаты фыццаг къласмæ кæй бацæудзысты 12 сабийы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.