8-æм августы Дзауы районы цæрджытæ Кады аллеяйы æрымысдзысты августы хæсты траги­кон бонтæ, афтæ ма фæмардуæвæг хъæбатыр лæппуты номыл æвæрд цырты раз сæвæрдзысты веноктæ æмæ дидинджытæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Дзауы районы культурæйы хайады гæс Санахъоты Анжелæ.

«2008-æм азы æгъатыр æмæ тугкалæн хæстæй рацыд 16 азы, фæлæ абон адæмæн уыцы уæззау хæстон бонтæ сæ зæрдæты лæууынц æмæ сæ мысынц æнкъардæй. Куыд æндæр азты, афтæ та ныр дæр иу уысм æмырæй алæугæйæ, æнæмæнгдæр, ссарæм 16 азы размæ Хуссар Ирыстоны сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ. Афтæ ма мысæн мадзалы ссардзыстæм сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ респуб­ликæйæ чи фæхъуыд, уыдоны     рухс нæмттæ. Дзауы районæй дыууæ хæсты рæстæджы чи фæмард, уыдонæн сæ къамтæ равæрдзыстæм райцентры æмæ адæмæн радзурдзыстæм уыдонæн сæ хæстон фæндæгты тыххæй. Ацы мадзæлттæ аразын хъæуы, цæмæй ног фæлтæртæ зоной сæ районы хъайтарты æмæ истори.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы фондзбонон хæсты сæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау знагимæ æнæмсæр тохты Тъбеты хъæуы сæ удтæ радтой дзауаг хъайтар лæппутæ дæр æмæ сын кад кæнынц Ирыстоны адæм. Уыдонæй дыууæйæ уыдысты ОМОН-ы хæр­зæвзонг хæстонтæ Санахъоты Алан æмæ Къæбысты Алан.

Тъбеты хъæумæ хæстæг, раздæр институты агъуыст кæм арæзтой, уый цур та æнæмсæр тохы фæмард мотоæхсæн дивизийы танкты батальоны хæстон Цхуырбаты Батыр. Зæрдæ риссы сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хъæбатыр лæппутыл дæр… Зын у уыдоны тыххæй ивыгъуыд афоны дзурын, фæлæ абон махæн æндæр гæнæн нал ис», – банысан кодта Анжелæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Къам «Хурзæрин»-ы архивæй

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.