2008 азы хæст Хуссар Ирыстоны алы цæрæджы зæрдæйы дæр ныууагъта уæззау фæд. Ацы бонты редакцимæ æрбахуыдтам, 2008 азы хæстон архайдтыты активон хайад чи райста æмæ Фыдыбæстæ гуырдзиаг тыхæйисджытæй чи хъахъхъæдта, уыцы хæстонтæй дыууæйы – Гаглойты Алан æмæ Цхуырбаты Мураты. Дыууæ дæр сты хъайтартæ – Ирыстоны уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йы кавалертæ. Дыууæ хæстонæн дæр ис уыцы тугуарæн, æнæмсæр хæсты тыххæй сæхи уæззау мысинæгтæ.

Гаглойты Алан 17-аздзыдæй бацыд службæ кæнынмæ Мидхъуыддæгты министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ. 2003 азы январы мæйы ацы ми-нистрады Тагъд фердæхты сæрмагонд къорды дæлхай арæзт куы æрцыд, уæд уырдæм раивта æмæ дзы баслужбæ кодта 2015 азы онг. Се штаб уыд ЦАРЗ-ы микрорайоны. Алан æппынæдзухдæр хайад иста хæстон архайдтыты. Лæууыд постыты дæр. 2008 азы  8-æм августы, нæ Райгуырæн бæстæйы ногдæр историйы иууыл уæззаудæр бонты СОБР-ы хæстонтæ слæууыдысты сæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ æмæ Райгуырæн бæстæйы иннæ хъахъхъæнджытимæ  бацыдысты карз тохы агрессоримæ.

Фæлæ уал уæдмæ ЦАРЗ-ы цæрæг сылгоймæгты, сывæллæтты æмæ зæрæдты æхстытæй бааууон кодтой СОБР-ы ныккæнды. Уыдон хæцгæ-хæцгæ схæццæ сты вагзалмæ. Уый фæстæ та гуырдзиæгтимæ тохы бацыдысты Пушкины уынджы кинотеатр «Чермен»-ы цур. «Кæсын æмæ Джиоты Аланы проспекты уæлæмæ ссæуы гуырдзиæгты танк. Æз æй уайтагъд æхсын райдыдтон гранатæхсæнæй. Танк йæ бынаты ныззылд, фæлæ не спырх. Гуырдзиæгтæ уый æнхъæл нæ уыдысты æмæ фæкуыддæр сты, фæлæ сæхимæ куы æрцыдысты, уæд нæ фæстейæ танкыл расырдтой. Мемæ ма СОБР-æй уыд Джиоты Рудольф æмæ Спецназæй æртæ лæппуйы. Бахъуыд нæ «Чермен»-мæ балидзын. Дæс-фынддæс минут дæр нæма рацыдаид, афтæ кæсæм æмæ ма гуырдзиæгты танкмæ æрбаиу ноджы иу танк. Дыууæ танчы дæр æхсын райдыдтой «Чермен»-ы бæстыхай æмæ Тасойты Димитры хæдзар. Дыууæйæн дæр разиан кодтой. Кинотеатры æдас кæй нал уыд, уымæ гæсгæ балыгъдыстæм, Хъоцыйы фырты уынг æмæ Джиоты Аланы проспект кæм иу кæнынц, уым Гæбæраты Аланы хæдзары ныккæндмæ. Хорз уыд æмæ сæ хæдзары кулдуар гом разынд, æндæра ма афтид армæй танкты ныхмæ чи хæцы. Гуырдзиæгтæ РХИ-йы зонад-иртасæн институт куы æхстой, уæд дзы фæцæф иу лæппу æмæ уый дæр баййæфтам Гæбæраты ныккæнды. Йæ фæсонты уыд снаряды стыр схъис».

Гæбæраты Аланы цардæмбал, нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ дæр хорз хъуыды кæны  уыцы хæстон цаутæ. «Хæст куы райдыдта, уæд мæ цардæмбал бакодта нæ кæрты дуар. Ома, лæппутæй чи фæтыхса, уый æрбалидза нæ хæдзары  ныккæндмæ. Уалынмæ æцæгæйдæр удаистæй æрбалыгъдысты иу авд лæппуйы. Се ‘хсæн уыд Гаглойты Алан дæр. Уыдон тыхстæй дзырдтой, зæгъгæ, нын куыд аирвæзт танк, хъуамæ, дам, æй æнæмæнгæй спырх кæнæм. Хъуыддаг цæй мидæг ис, уый уайтагъд нæ бамбæрстон æмæ ахъуыды кодтон, зæгъын, уырыссæгты танк цæмæн хъуамæ спырх кæной. Хъуыды дæр нæ акодтаин, знæгты танктæ нæ горæты уынгты дыууæрдæм рацу-бацу кæнынц, ууыл. Æмæ йæ куы базыдтон, уæд мæхицæн бынат нал ардтон. Лæппутæ мæ æрсабыр кодтой, зæгъгæ сæ цалдæр сахатмæ фæсурдзыстæм нæ зæххæй. Уыдон танчы уынæрмæ хъуамæ фæстæмæ алыгъдаиккой, фæлæ сæ разы æрлæууыдтæн, зæгъын, ныртæккæ уын мады бæсты дæн æз æмæ уæ хъуамæ мæлæтæй бахизон. Уыдон мæм бахатыдысты, цæмæй сæ ауагътаин. Сæ ‘взонг уæнгты уыйбæрц хъа-ру уыд, сæ цæстытæй уыйбæрц ныфсхаст-дзинады цæхæр калд æмæ мæхинымæры ахъуыды кодтон, зæгъын, ахæм хъæбатыр гуырдтæ цы адæмæн ис, уыцы Хуссар Ирыстон састы бынаты никуы баззайдзæн. Лæппутæм кæсгæйæ мæ бауырныдта, Ирыстонæн йæ фидæн  хорз кæй уыдзæн, уый. Æмæ мæ хъуыды раст  разынд. 11-æм августы мæ цардæмбал зонад-иртасæн институты бæстыхайы раз ныхас кодта Джуссойты Нафиимæ. Æз дæр сæм мæхи баввахс кодтон æмæ Нафийæн загътон, зæгъын, «Фыдæлты туг» ныффыстай, фæлæ дæ бахъæудзæн ныры хъæбатыртыл дæр ныффыссын. Уый мæм лæмбынæг байхъуыста æмæ йæ цæстытæ доны азылдысты», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы тæссаг цаутæ Дыгъуызты Лианæйæн.

Гæбæраты хæдзарæй Алан æмæ йе ‘мбæлттæ ралыгъдысты 6-æм скъоламæ, уым уыдысты спецназы лæппутæ дæр. Нартыхты Давид дæр уыд уым. Уый йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд «Уацамонгæ»-йы орденæй. Алан Давидæй ракуырдта гранатæхсæны «выстрел» æмæ атагъд кодта Профцæдисты хæдзары цурмæ. Уым баййæфта гуырдзиаг танчы æмæ йæ спырх кодта. Иу танк та спырх кодта Плиты Маир (Дзиба, абон дзæнæттаг). Уый дæр – «Уацамонгæ»-йы кавалер. Амардтой знæгтæй цалдæры. Гуырдзиæгтæй ма иу аирвæзт сæрæгасæй. Æз æмæ Рудольф йемæ дзырдтам иронау æмæ уый дæр немæ ныхас кодта, алцыдæр æмбæрста. Немæ ма уыд ОМОН-ы хæстон Зассеты Сослан дæр. Гуырдзиаг сын лæгъстæ кæнын райдыдта, зæгъгæ, мæ ма амарут, фæлæ йын куыддæр гæнæн фæцис, афтæ сыл хæцæнгарз суагъта æмæ алыгъд. «Мах дæр æй райдыдтам æхсын, уый-иу ахауд æмæ та-иу фæстæмæ сыстад. Афтæмæй куыддæрты йæхи бааууон кодта. Фæлæ йыл Хъайтарты уынджы зынгхуыссынгæнæн службæйы цур хæрхæмбæлд фæцис Нартыхты Давид æмæ кæрæдзи фехстой. Бæргæ амардта, чи алыгъд, уыцы знаджы, фæлæ йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæф фæцис. Вагзалы уазæгдон «Алан»-ы цур лæууыд гуырдзиаг танк æмæ йæ æхста. Иннæ ахæм уазæгдоныл комкоммæ рауагътой ракетæтæ. Бæстыхайы ныккæнды та æмбæхстысты сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Уым сын æдас кæй нал уыд, уымæ гæсгæ сæ тагъдыл  ракодтам, ХИПУ-йы æмдзæрæндоны фæстæ цы сабидон ис, уый ныккæндмæ. Уым сын уыд æдасдæр. Рохуаты сæ нæ ныууагътам, бахастам сын дон æмæ хæрд дæр», – радзырдта йæ мысинæгтæ хъæбатыр хæстон.

Ныр та уæ базонгæ кæндзынæн Цхуырбаты Мураты  цардвæндагимæ.  2008 азы марты мæйы службæ кæнынмæ бацыд ОМОН-мæ. Уый размæ та службæ кодта СОБР-ы. Сæ пост уыд «ПАУК»-ы. 2004 азы дæр хайад иста хæстон архайдтыты. 2008 азы 7-æм августы уыдысты ОМОН-ы бæстыхайы. Уыд СПГ-йы расчеты. Мурат уыд хайады командир.  Æхсæвы 11 сахат æмæ 35 минутыл фыццаг тыхджын срæмыгъд куы фæцыд, уæд ОМОН-ы уæды командир Пухаты Мераб сæ расчетæй Тъбеты хъæумæ схизæны, Цхинвал фыст кæм ис, уырдæм скодта Цхуырбаты Мурат, Мæлдзыгаты Валери æмæ Хæбæлаты Георгийы. Бахæс сын кодта, цæмæй Цхинвалмæ цæуæг гуырдзиаг танкты æхстаиккой. Уæдмæ ОМОН-ы иннæ лæппутæ дæр схæццæ сты сæ цурмæ. Уыдон та слæууыдысты  уæлдæр. Фыццаг тох дæр уыдон райстой сæхимæ. Танк сæ кæй фехста, уый фæстиуæгæн уыцы бынаты ОМОН-æй фæмард  æхсæз хæстоны.

Дыууæ хæстоны – дыууæ хъайтары

«Уайтагъд нæ  минæзгъалæй æхсын райдыдтой знæгтæ. Уæдмæ сæ танктæ дæр æрбаввахс сты. Мах аскъуыддзаг кодтам сæ размæ рацæуын æмæ сæ бауромыныл бафæлварын. Фæндагыл сæвæрдтам СПГ (станковый противотанковый гранатомет) æмæ куыддæр фыццаг танк фæзилæны фæзылд, афтæ йæ райдыдтам æхсын. Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзиаг уæззау артиллери æмæ танкты ныхмæ фæлæууын иу СПГ æмæ автоматтимæ ОМОН-ы æртæ лæппуйæн фадат нæ уыд. Мах хъуыд куыддæрты знаджы уæззау техникæ бауромын, цалынмæ нæм æххуысмæ цыдаиккой, уæдмæ. Æмæ нæ къухты бафтыд гуырдзиæгты фыццаг танк бауромын. Хæст нын бацайдагъ. Кæрæдзи æхсын райдыдтам. Нæмгуытæй-иу нæхи бааууон кодтам бæлæсты фæстæ, фæлæ бæлæстыл æмбæлдысты нæмгуытæ æмæ схъисгай кодтой. Уым лæууыны гæнæн нын нал уыд», – загъта Цхуырбайы фырт.

Мурат гуырдзиæгты танкы æхсæз æхст фæкодта. Уыцы тохы фæцæф Мæлдзыгаты Валери, нæмыг йæ сины ахызт æмæ йын йе стæг ныппырх кодта, йæ бон цæуын нал уыд. Мурат æй куыддæрты бахаста,  æввахс сæм цы дыууæуæладзыгон хæдзар уыд, уырдæм. Уым иу ацæргæ лæг (хъыгагæн, ын йæ ном æмæ йæ мыггаг нæ базыдта) йæхи машинæйыл æхстыты бын Валерийы  æрласта рынчындонмæ. Республикон рынчындонæй йæ арвыстой Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ, фæлæ йæм уым дæр сæ ныфс нæ бахастой æмæ йæ уырдыгæй та аластой Мæскуымæ. Иу мæйæ фылдæр баззад уым рынчындоны.

Баззадысты ма дыууæйæ, Мурат æмæ Хæбæлаты Георги. «СПГ схастон уæлдæр æмæ танкы 7-æм æхст фæкодтон. Танк нæ фæстийæ расырдта æмæ алыгъдыстæм «Тулдзы къох»-ы ‘рдæм. Танк нæ æхста пулеметæй. Æхстыты рæстæджы фæцæф Георгийы къах. Уырдыгæй йæ рахастон вагзалы корпустæй сæ иуы ныккæндмæ. Уым ын фыццаг медицнон æххуыс бакодта Цхинвалы  медицинон ахуыргæнæндоны 1-æм курсы студенткæ. Бирæ туг фесæфта. Корпусы ныккæнды ма уыцы рæстæджы уыд «Уацамонгæ»-йы кавалер Декъаноидзе Шорена йæ автоматимæ. Уый дæр службæ кодта СОБР-ы. Мах æй кæд нæ уагътам, æхстытæй æддæмæ ракæсæнтæ дæр кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ, уæддæр йæ зæрдæ æхсайдта СОБР-ы иннæ лæппутæм æмæ ихуарæгау æхстыты бын алыгъд уазæгдон «Алан»-мæ», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты Цхуырбайы фыртæн уыцы тæссаг, тугуарæн  бонты цаутæ.

Цхуырбаты Мураты ныхæстæм гæсгæ ма вагзалы уыдысты ОМОН-ы командиры хæдивæг, «Уацамонгæ»-йы кавалер Тедеты Инал, ОМОН-ы командиры иннæ хæди-вæг Тототы Таймураз, Бежанты Алан, Гæбæраты Алим (ныртæккæ ОМОН-ы командир), Бежанты Тимур, Доциты Валери, Кобесты Руслан, Зассеты Сослан æмæ æндæртæ. Уыдон иууылдæр гуырдзиæгты ныхмæ æрлæууыдысты Тъбеты хъæуы.

Абон Цхуырбаты Мурат у Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы хистæры хæдивæг.

Гаглойты Алан æмæ Цхуырбаты Мурат куыд банысан кодтой, афтæмæй барадхъахъхъæнæг органты службæгæнджытæн æмæ хæдхæстонтæн хæст райдыдта августы цаутæй бирæ раздæр. «Гуырдзиæгтæ нæ æхстой минометтæй. Æхста нæ снайпер дæр. Иу æнæрхъуыды къахдзæф æмæ дыл нæмыг сæмбæлд. Æппынæдзух кастыстæм мæлæты цæстытæм.  Мæйгæйтты-иу хæдзары нæ уыдыстæм. Ахæм службæ хастой æрмæст ОМОН, СОБР-ы службæгæнджытæ нæ, фæлæ ма иннæ тыхон ведомствоты кусджытæ дæр».

Абон мах Алан, Мурат æмæ сæ хæстон æмбæлтты фæрцы цæрæм сæрибар Ирыстоны. Ирон хъæбатыртæн сæ тох æнæхъуаджы нæ фæцис. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ, Ирыстоны зæххыл цæрынæй бафсæдут уæ хъæбултæ æмæ уе ‘ввахс адæмимæ!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.