Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан йæ политикон карьерæ аразгæйæ бирæ зындзинæдтыл фæтых ис æмæ уый руаджы,  афтæ ма йе ‘рвылбонон æнæрынцой куысты фæрцы раргом сты паддзахадон архайæджы куырыхон æмæ æмбаргæ миниуджытæ.

Хуссар Ирыстоны æвзарджыты 56,09% Гаглойты Аланыл схъæлæс кодтой æмæ афтæмæй адæм сæ фидæн йæ къухы  бакодтой. Æнцон æмæ æнæмæт рæстæджы нæ райдыдта йæ куыст ног Президент, фæлæ йæ куысты фыццаг бонæй  уый фæд-фæдылонæй скъуыддзаг кæны, Хуссар Ирыстоны дæсгай азты дæргъы цы  хъуагдзинæдтæ тыхсын кодтой, уыцы фарстатæ .

Нæ сæйраг горæты цæрджытæй арæх фехъусæн ис, хицауад, дам, нæм йæ хъус рæстмæ нæ дары, адæмы æхсæн арæх нæ вæййы, зæгъгæ. Раст куы зæгъæм, уæд ахæм уайдзæфтæ бынтон æнæбындур не сты.  Сæ характертæ æмæ темпераментæй адæм хицæн кæнынц. Иутæ хи равдисын уарзынц, вæййынц активон, адæмы ‘хсæн арæх фæзынын æмæ сæ разы ныхас кæныныл  æмæ публикон раныхасыл сæ энерги нæ ауæрдынц, аннæтæ та сæ куыстæн дырыс график саразынц, адæмы размæ арæх  рахизынæй сæхи фæхизынц. Нæ ныры Президент активон публикон архайдæй  йæ куысты конкретон фæстиуæг рæгъмæ хæссын  уæлдæр бынаты æвæры.

30 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны цы паддзахадон системæ аразæм, уый зæрдæйы фæндиаг эффективонæй йæхи нæ равдыста. Ӕмæ  исты фарста аскъуыддзаг кæнынæн айдагъ фæндвидардзинад хатт фаг нæ разыны. Паддзахадон управленийы механизмтæй бирæты скусын кæнын бахъæуы. Растдæр уæд  сæ сæртæ сдарынц  рагон «къæрмæджытæ»: кæм барадон системæйы  къуыхцыдзинæдтæ коррекци кæнын бахъæуы, кæм та æнæмæнг иу бæрнон кусæг æнæкомпетентон разындзæн æмæ  кæнæ рæстæгыл нæ фæцарæхст, кæнæ та хъуыддагмæ разæнгардæй бæргæ бавналдзæн, фæлæ йæ раст нæ сараздзæн. Паддзахадон масштабы хъуыддæгтæ æрнывыл кæныны фæндагыл цы цæлхдуртæ вæййы, уымæн бирæ дæнцæгтæ ис. Уымæ гæсгæ паддзахады разамонæджы бахъæуы  арф  æмæ бирæазон проблемæтæ иуварс кæныны   бæстыастæу слæууын.

Гаглойты Аланы дыууæ президентон азы сæйраг æнтыстытæй сæ иу у, кондадон куыстуæтты кусæгон бынæттæ кæй фæфылдæр сты, уый. Сæдæ ног бынаты байгом кодта хуыйæн фабрикæ «БТК-4».  Республикæйы районты ацы кондад  рæхджы цы филиалтæ байгом кæндзæн, уыдоны фæрцы æгуыстады фарстаты уаргъ зынгæ фæрогдæр уыдзæн. Уыимæ иумæ Консервон завод практикон æгъдауæй цæттæ у скусынмæ. Райдианы уал ам  кусдзæн 250 адæймаджы, перспективæйы та сыл ноджы уыйбæрц бафтдзæн, ома, æдæппæтæй 500 адæймаджы æмæ сæ бинонты дарынхъом уыдзысты. Фидæны, 2025 азы, та бынæттон хомæгæй продукттæ уадзын райдайдзыстæм. Куыд зонут, афтæмæй Советон Цæ-дисы ныппырхы фæстæ мидæгон сæудæджерад сæндидзын кæнын тынг зын у æмæ ныры онг йæ уавæр зæрдæйы  фæндиаг нæма у.

 

Рухс, дон, фæндæгтæ

Адæймагæн йæ царды уавæртæ комфортон хъуамæ уой – къранæй иугæндзонæй цæуæг дон, æхсæвыгон  хъæуты рухс уынгтæ æмæ лæгъз фæндæгтæ. Уыцы хъуыддæгты бæрнон чи сты, уыдон зынгæ хуыздæр кусын райдыдтой. Гаглойты Алан йæ президентон архайды фыццаг бонтæй лæмбынæг хъусдард æвдисы ацы хъуыддæгтыл бæрнон организацитæ «ЮгОсетСтройИнвест», «Водоканал» æмæ «Энергоресурс»-ы куысты эффективондзинадмæ. Афтæмæй та «ЮгОсетСтройИнвест» 2022 азы бынтондæр уыдис банкрот æмæ  уыцы уавæрæй раконд æрцыд бæрцæй æрдæг азмæ. Иннæ паддзахадон унитарон куыстуæтты (ПУК) ахадындзинад дæр зынгæ фæхуыздæр. 2021 азы куыстуæттæ сæ кусджытæн мæйгæйтты мызд нæ бафыстой.  Куыдфæндыйы цæстæнгасы аххосæй сæ ифтонгад æмæ техникæ æдзæллаг уавæрмæ æрхаудысты, куысты пълæнттæ та 25% фылдæр æххæст нæ цыдысты.  Ранымад организациты сæргъы хорз разамонджытæ æвæрд кæй æрцыд, уый фæрцы а-фæстаг дыууæ азы дæргъы не ‘ппæт дæр уынæм президенты командæйы эффективон менеджерты æнтыстджын куыст. Транскавказы автомагистралæн йæ дзыхъхъытæ æмæ йæ тарæрфыг галерейæтæ, горæты уæлмæрдмæ  пырх фæндаг ивгъуыды баззадысты. Цхинвалы фылдæр уынгтæ рафидыдтой ног асфальтæй, фæзындысты ног сквертæ. Уæлдай нæ уыдзæн бафиппайын, сæ арæзтад Инвестпрограммæйы фæлгæтты кæй нæ цæуы, фæлæ цæуы адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ здæхт РХИ-йы Президенты æнæбюджетон фæрæзты фæрцы. Доны дефицит дæр ивгъуыды баззадис. Кæй зæгъын æй хъæуы, аваритæ дæр вæййы æмæ уæд горæты цавæрдæр районтæ æнæ донæй аззайынц, фæлæ организацитæн сæхи фæрæзты фæрцы донхæтæлон-канализацион инфраструктурæйы æххæст модернизаци, горæты хызæгтæм хæрзхъæд æркаст æмæ донифтонгады магистралон хызæгты авариты æнæ фæрссаг æххуысæй иуварс кæнын – æппæт уыдæттæн гæнæнтæ дæр фæзындысты а-фæстаг дыууæ азы дæргъы.

30 азы дæргъы Тъбетæй дон ластой Къостайыхъæумæ.

Разæнгардæй цæуы куыст, 30 азæй фылдæр эксплуатацийы цы зæронд энергохызæгтæ уыдысты, уыдоны баивыныл. Горæты уынгты иу хайы рухсы хæххытæ ивд æрцыдысты,  бирæуæладзыгон хæдзæртты электрон тыхы ног нымайæнтæ æвæрынц, электрон тыхыл фиддонтæ нæ фылдæр кæнынц – æппæт уыцы куыстытæ  иу аз æмæ æрдæгмæ цæстуынгæ систы. Ныртæккæ паддзахад кусы электрон тыхы тарифтæ фæкъаддæр кæныныл. Æнцон хъуыддаг нæу уый, фæлæ дарддæр дæр ПУК-тæ сæ пъланмæ гæсгæ куы кусой, уæд электрон тыхы фиддонтæ фæкъаддæр уыдзысты.

 

Вазыгджын хъуыддæгтæ

Йæ уæрæсейаг коллегæтимæ Гаглойты Алан оперативон æгъдауæй кæй баныхас кодта, уый фæрцы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ æрласгæ товартыл æвæрд 7% таможнæйон фиддонтæ ист æрцыдысты, Абхазы та баззадысты.

Закъон æмæ барады домæнтæ æххæст кæнгæйæ, Президент йæ  куысты фыццаг мæйты бацархайдта,  цæмæй не ‘мбæстаг, политикон ахæстлæг, 4 азы æмæ æрдæг республикæйы æхсæнад кæй хъысмæтыл хъынцъым кодтой, уыцы Къæбысты Георги ссæрибар уа æмæ йæ бинонтæм æрбаздæха. Уыимæ иумæ прокуратурæ ногæй уадзын райдыдта Дзабиты Иналы уголовон хъуыддаджы фæдыл æппæт хъæуæг фæдысгарæн процедурæтæ. Уыцы куыст бирæ фæвазыгджындæр, Дзабийы фырт, Хъуылымбеджы фырт æмæ Цхуырбайы фыртмæ ахасты фыдракæнды рæстæджы райдиан бæлвырдгæнæн базæ кæй фесæфт, уый аххосæй.

Растдæр йæ куысты фыццаг бонтæй Пре-зидентæн бантыст йæ уæрæсейаг коллегæтимæ  хъуыддагон кæрæдзиæмбарынад æмæ хъарм ахастытæ саразын. Афтæ ма Гаглойты Алан лæгæй-лæгмæ базонгæ ис Цæгат-Кавказы Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстадмæ æмхиц цы регионтæ сты, уыдоны сæргълæуджытимæ.

Адæмы цард фæхуыздæр, фæрогдæр кæнынæн цы мадзæлттæ уагъд цæуы, уыдонæн сæ къаннæг хай дæр цæстахадгæ у: Уæлвæткон уавæрты кусджытæн пенсион ифтонгады фарстайыл куыст, республикон медицинон центрæн зынаргълæууæг медицинон ифтонгад, Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ хуынд бæрзондквалификацион хирургтæ, ортопедтæ, кардиологтæ,  æндæр здæхтыты дохтыртæ –  уыдæттæ иумæ сты егъау куыстæн æрмæст сæ къаннæг хай.

2022 азæй абоны онг Уæлвæткон уавæрты министрады кусджыты  мызд фæфылдæр æртæ хатты. Ацы ведомствойы æдæппæтæй кусы 500 адæймаджы. Кæронмæ хæццæ кæны йæ кусджыты мыздтæ Цæгат-Кавказы федералон зылды мыздты æмвæзададмæ скæныны фарста. Афтæ ма рæхджы министрад райсдзæн ног техникæ.

Иттæг бæрнон æмæ лæмбынæг ахаст ис бæстæйы сæргълæууæгæн паддзахады фарстатæм. Хъахъхъæнынады министрадæн, йæ бындурæвæрæны бонæй ранымайгæйæ, фыццаг хатт капиталон æгъдауæй цалцæггонд æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты автобронетехникон æфсæддон машинæтæ.

2021-2022 азты Уæрæсейы Казначействойы басгæрст цы хъуагдзинæдтæ рабæрæг кодта, уыдон æмгъуыдæй дзæвгар раздæр иуварсгонд æрцыдысты.  2007 азæй фыццаг хатт Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ  лыггонд æрцыд Хъахъхъæнынады министрады раздæры уæлвæткон уавæрты ротæйы  службæгæнджытæн (40 адæймагæй фылдæр), сæ службæйы азтæ банымайыны фарст. Уыимæ ма Хъахъхъæнынады министрадæн уæлæмхас штаттæ рахицæн кæныныл дæр ныртæккæ куыст цæуы.

 

Культурæ æмæ спортæн паддзахадон æххуыс

Алы адæмыхатт дæр йæ национ идеологи дунемæ хæссы йæ Культурæйы фæрцы. Хуссар Ирыстон  ацы дыууæ азы æхсæнадæмон культурон аренæйы тынг рафидыдта: хуыздæр уæрæсейаг ансамблты номхыгъды «Симд» ис раззагдæртимæ. Президенты системон æххуысы фæрцы паддзахадон ансамбль «Симд» ссис бирæнымæц æхсæнадæмон фестивалты уæлахиздзау, райста Гран-при. Нæ кафты æмæ зарды паддзахадон коллектив ныртæккæ у цæгат-кавказаг культурон мадзæлтты фаворит. Æнæркаст не сты республикæйы районты сфæлдыстадон коллективтæ, нывгæнджытæ, драмон театры артисттæ дæр. «Симд»-ы солисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Гаглойты Аланы ном историйы баззайдзæн, куыд национ культурæйы æндидзыныл архайæг.

Стыр æххуыс бакодта Президент спорты райрæзтæн дæр. Æхсæнадæмон турниртæ, ерыстæ, алыхуызон кубоктæ, спортивон инвентарь æмæ формæ  –  алы тренер, алы спортсмены куырдиат дæр сæххæст кодта Президент.

Уыцы æххуысы фæстиуджытæ уынæм: спортивон дуне нæ зоны, алы ранмæ дæр нæ хонынц, кæддæриддæр нæм æнхъæлмæ кæсынц. Æрмæст ма хъæуы архайын, цæмæй нæ спорты фадыджы банымайой, куыд æхсæнадæмон ерысты æххæстбарджын архайджытæ, афтæ. Ныртæккæ уал хуссарирыстойнаг спортсментæ ерысты архайынц Уæрæсейы регионты командæты сконды. Фæлæ кæмфæнды дæр уыдон сæрыстырæй сисынц  сæ сæрмæ Хуссар Ирыстоны тырыса.

Президент æнæрынцойæ кусы республикæйы размæцыдыл. Проблемæтæ æмæ лыггæнинаг фарстатæ нырма фагæй фылдæр сты. Афтæ нæ зæгъдзыстæм æмæ алцыдæр арæзт у, алцыдæр нæ къухы бафтыд. Фæлæ, æнтыстытæ дæр бæгуы ис.

Цæмæй республикæ тыхджындæр æмæ æнтыстджындæр кæна, уый тыххæй та хъæуы нæ Президенты фарсмæ æрбалæууын æмæ иумæ нæ проблемæтæ иуварс кæнын.

Адæмы фарн та бирæ у.

ИА «РЕС»

Уырыссаг æвзагæй редакцийы тæлмац

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.