Цæуынц азтæ 2008 азæй фæстæмæ дæр, 1920 азæй фæстæмæ куыд цыдысты æмæ цæуынц, афтæ… Цæуынц, фæлæ сæ куыд нымайæм, сæ нымæц нын куыд фылдæр кæны, афтæ рогдæр нæ кæнынц, сæ рыст уæлæнгайæ-уæлæнгайдæр нæ кæны, фæлæ – фыддæр, риссагдæр… Дыууынæм азы геноцидæй рацыд сæдæ азы æмæ уыцы геноцид йæхиуыл чи бавзæрста, уыдонæй удæгас ничиуал у, фæлæ сæ фæдонтæ сæхицæй тынгдæр риссынц, уымæн æмæ йæ æнкъарынц, кæй фæдонтæ сты, уыдонæн ахæм æгъатыр митæ чи бакодта, уыдоны фæдонтæ нырма дæр сæ фарсмæ цæрынц, нырма дæр сыхæгтæ стæм семæ æмæ цалынмæ сыхæгтæ уæм, уæдмæ сæ фыдæлтæй нæ фыдæлтæм цы æнæуынондзинад лæдæрст, уый уыдзæн сæ фæдонтæм дæр. Уыдзæн æмæ хиздзæн фæлтæрæй-фæлтæрмæ, никуы амæлдзæн, никуы дзы фервæздзыстæм, цалынмæ фæстаг гуырдзиаг уа, уæдмæ… 

Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн…

Æстæм азы геноцидæй дыууадæс азы йедтæмæ нæ рацыд, фæлæ нын уæззаудæр у сæдæазыккон геноцидæй, уымæн æмæ уый нæхæдæг бавзæрстам нæхиуыл. Ныр дыууадæс азы дæргъы æрвылаз дæр æвзарæм, æстæм азы, æстæм августы кæй бавзæрстам, уыцы рыст, алы аз дæр нын фæриссы, æстæм августы дзы куыд фæрыстыстæм, афтæ. Сног вæййы, сдуды нæ судзаг рыст. Дыууадæс цæфы нын иу цæфы хуызæн систы…

Цалынмæ та нын нæуæдзæм азты райдианы ног геноцид сарæзтой, уæды онг ма нæ, чизоны, исты ныфс уыдаид, гуырдзиаг адæмы уæды фæлтæр ирон адæммæ цахæм æгъатырдзинад равдыстой, уый ивгъуыды кæй баззайдзæн, уымæй, царды размæцыдимæ гуырдзиаг адæм дæр иу чысыл кæй фæивтаиккой уымæй, фæлæ нын æй фенын кодтой нæуæдзæм азтæ: Хуыцау адæмы, нацийы цы ныхыфыстимæ сфæлдиса, уымæн ивæн кæй нал ис, рæстæджытæ йын кæй ницыхъом сты…

Мах сайдтой æвдай азы дæргъы, дыууынæм азы нын геноцид гуырдзиаг адæм кæй нæ сарæзтой, фæлæ Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады æрбарвитгæ æфсад. Уырнын нын кодтой, гуырдзиаг фæллойгæнæг адæм нæ фарс кæй хæцыдысты, не знæгтæ кæй нæ уыдысты, уый. Æмæ махæн нæ бон нæ уыд «афтæ нæ уыдаид» зæгъын, уымæн æмæ нæ зыдтам, æцæгæй куыд уыдаид, уый… Уæд нæ дæр телеуынынад уыдис, нæ дæр – интернет.

2008 азы та нын уыдис æппæт фæрæзтæ дæр, цæмæй уыдтаиккам æмæ зыдтаиккам, не скуынæг кæнынмæ æнæхъæн Гуырдзыстон кæй растад. Уыдтам, хуымæтæджы зæх-кусæг адæм сæ цæхæрадæтты куыстытæ дæр куыд ныууагътой, куыд рацыдысты уынгтæм, фæндæгтæм æмæ цины хъæртимæ, сæ тæрттæ Хуыцаумæ даргæйæ, куыд фæндараст кодтой, Хуссар Ирыстонæй сыгъдæг быдыр аразынмæ чи цыд, уыцы гуырдзиаг æфсады. Уый та нысан кæны, алы хæсты дæр æмуд, æмзонд кæй вæййынц нæ ныхмæ, æмхуызон æнæуынондзинад сын кæй ис махмæ, ирон адæммæ. Хицауадæй, æфсадæй, хуымæтæджы адæмæй…

Зын у цæрын, дæ фарсмæ ма дæхицæй тыхджындæр (æрмæстдæр нымæцæй) знаг куы цæра, уæд. Куы йын æнкъарай йæ хæрам, йæ фыдæх, йæ марг, арæны сæрты дæр дæм куы æнхъæвза йе ‘нæуынондзинад æмæ йæ удысконды æлгъагдзинад… Цы, нæй сæм æлгъагдзинад? Бæстыдзаг!.. Сæ парламенты раздæры сæрдар Нино Бурджанадзе йæ интервьюйы рæстæджы  йæ мæстæг цæсгом (хатыр, сылгоймагæй афтæ кæй зæгъын…) сырх дæр нæ кодта, афтæмæй æнæхъæн дунейæн дзуры, Хуссар Ирыстонæй, дам, сæдæ фæндзай мин гуырдзиаджы куы расырдтой, уый фæстæ, дам, ауагътой референдум хæдбардзинады тыххæй… Нино нæ зоны, Хуссар Ирыстоны территорийыл иронæй, гуырдзиагæй, хæрæджы дымæгæй – нæуæдз мин адæймагæй фылдæр кæй никуы цард, уый? Куыднæ йæ зоны, фæлæ æнусты дæргъы æддагон знæгты бын сæ намыс афтæ фесæфтой æмæ сæ цæсгомæй ту дæр нал сæрфынц… Иннæ та, Нинойæ цъус сылгоймаггъуыздæр – Гуырдзыстоны паддзахадон министр Тея Ахвледиани афтæ зæгъы, махмæ, дам, ис территориалон æнæхъæндзинад æмæ уыцы æнæхъæндзинады фæлгæтты æмбæстагон æмбарад…

 Æмбарæм æй, цахæм знаджы фарсмæ цæрæм?..

Æмæ афтæ цæрдзыстæм. Æнусон цъаммардзинад æнкъар-гæйæ æмæ æнусон рыстæй хъæрзгæйæ. Æрвылхатт дæр, алы геноциды бон нысан кæнгæйæ дæр… Цалфæнды цæф дæр нын уыдзæн иу цæфы хуызæн. Уый нæ историон хъысмæт у æмæ дзы никуыдæм ис фæлидзæн, тынг нæ куы бафæнда, уæддæр. Ирон адæм æмдзырд куы бакæной, цæмæй дыууынæм азы геноциды кой дæр мауал кæнæм æмæ æстæм азы геноциды кой дæр, ферох сæ кæнæм, дур сыл ныффæлдахæм, уæддæр нæ рисдзысты, алы нысан-гæнæн бон дæр нын уыдзысты иу риссаг цæфы хуызæн…

Фæлæ куыд кæнæм дарддæр? Хорз, кæуæм æрвылаз дæр: 20-æм майы, 20-æм июны, 4-æм августы, 8-æм августы, 23-æм ноябры… Кæуын хъæуы – мард кæуыл æрцæуы, ууыл ма цы бон ис кæуыны йедтæмæ, фæлæ нæ цæмæй æндæр зæрдылдарæн, мысæн бонтæ нысан кæнын мауал хъæуа, уый тыххæй дæр исты аразын хъæуы… Æнусты дæргъы де скуынæг кæны-ныл чи архайа, ахæм знагæн цы хъæуы? Хъуамæ йæ дæхæдæг скуынæг кæнай. Фæлæ уымæн байрæджы. Уымæн æмæ нæ тых басаст, бæлвырддæр зæгъгæйæ, нæ исто-рион раздзогты æнæсæрфат рæнтондзинады аххосæй не знæгты сæрыл тохты баихсыдыстæм, скуынæг стæм, армыдзаг йедтæмæ нал стæм… Нæ сæртæ бæрзæндты цы «ирæттæй» хæссæм, уыдонæй нæ сæ иу Дауыт-Сослан гуырдзиаг адæмы сæрыл хæсты нывондæн æрхаста æмæ нæ армыдзагмæ æркодта, цы ма нæ баззад, уыдоны та Джугъашвили Иосеб къордтæ-дихтæ ныккодта, нæ иу хай нын йæ мад Къекъейы тугстæг куыд ныхъуырдтой æмæ куынæг кодтой, уымæ æртын азæй фылдæр Кремлæй кæсгæйæ йæ тугæйдзаг рихитæ даудта…

Гъех-х-х, ирон адæм, ирон адæм!..

Дыууынæм азы геноцид йæ рæстæджы, зæгъæн ис, æнæфыстæй баззад. Фæлæ нын уымæн ис иу хирастгæнæн æфсон: советон системæ нæ нæ уагъта уыцы истори фыссын, нæ къухтыл нын хъадамантæ бакодта, нæ дзыхыл нын цъутта сæвæрдта. Нæуæдзæм азтæй августы хæсты онг цы бавзæрстам, уыдон историмæ бахæссыны хъуыддаджы æнæзæрдæхудтдæр стæм, бантыст нын, цас нæ бон уыд, уымæй нæ рæстдзинад дуджы азфыстмæ бахæссын.

Фæлæ ма дзы иу хабар ис: нæхимæ цытæ цыд, нæхицæй аххосджын, азымаг чи уыд æмæ у, уыдæттæ дæр хъуамæ ма баззайой рохуаты, уыдон нæ историйы ноджы риссагдæр фарстатæ сты. Абоны рæзгæ фæлтæр дæр æмæ фидæны фæлтæртæ дæр хъуамæ зоной се знæгты. Куыд æддагон, афтæ мидæггагон знæгты дæр. Уыдæтты тыххæй та аразын хъуыд æмæ хъæуы сæрмагонд къамистæ. 1989 азы нæм гуырдзы цæгъдынмæ куы ‘рбацыдысты, уæд нæ хæстхъом фæсивæд сæ разы афтидкъухæй цæмæн æрлæууыдысты, ахæм æгуыдзæгæй нæ цæмæн æрбаййæфтой?… Цы фесты, нæ милицийы, æппæт барадхъахъхъæнæг органты чи уыдис æмæ адæмæн сæхи къухы дæр, уыцы æхсæнгæрзтæ? Гуырдзыйы æрбацыдмæ сæ чи æруыгъта æмæ æруидзын кодта? Чизоны, уыдонæй исчи  кæнæ исчитæ абон бæрнон бынæтты кусынц, уæд сæ адæм цæмæннæ хъуамæ зоной, къухæй сæм цæмæннæ хъуамæ амоной?..

Августы хæсты хæдразмæ сывæллæтты æмæ сылгоймæгты Цæгат Ирыстонмæ куы æрвыстой, уæд куыд æмбæлы, ахæм куыст цæмæннæ æрцыд адæмы ‘хсæн, кæй аххосæй баззадысты нæ сывæллæттæн иу хай судзгæ горæты, мæлæты дзыхмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ? Цæмæннæ исчи радта дзуапп уый тыххæй?

Кæнæ…  Адæмы ‘хсæн ма абон дæр цæуы ахæм ныхæстæ, цыма горæтмæ æрбахизæнты æвæрд уыд танк рæмудзæн минæтæ, фæлæ сæ сисын кодтой… Цæмæн? Уымæн æмæ бацархайдæуыд ууыл, цæмæй гуырдзиаг танктæ горæтмæ æрбацыдаиккой, фылдæр туг ныккалдаид… Кæд афтæ нæ уыд, уæддæр адæм афтæ кæй дзурынц, уый факт у, æмæ раст дзурынц æви нæ, уый цæмæннæ бæлвырд кæнæм дыууадæс азы дæргъы, адæм цæмæннæ зонынц рæстдзинад?

Дыууадæс азы дæргъы адæм дзурынц, августы хæсты фæстæ кæмæ не ‘мбæлди, ахæмтæ дæр кæй райстой хъайтары нæмттæ… Цæмæннæ йæ сбæлвырд кодтам ныры онг, кæд æцæг афтæ у, уæд, адæм цæмæннæ хъуамæ зоной сæ æцæг хъайтарты дæр æмæ сæ мæнг хъайтарты дæр?

Цæмæй, Хуыцау бахизæд, фæлæ ма ахæм исты, зæгъгæ, уæд æцæг хъайтартæй… ахъазджытæ мачи ныссида…

 Адæм нырма дæр дзурынц, уыцы хæсты судзгæ горæты ам, йæ адæмы фарсмæ чи хъуамæ уыдаид, горæт хъахъхъæнын кæй комкоммæ хæс уыд, формæ чи дардта, Ирыстоны хъахъхъæныны тыххæй мызд чи иста, уыдонæй чидæртæ кæй фæлыгъдысты, сæ сæртæ кæй бафснайдтой æмæ стæй уырыссаг æфсады аууæтты æмбæхсгæ кæй æрцыдысты… Цас зын сбæрæггæнæн сты уыдæттæ, цал азы ма хъуамæ рацæуа, цæмæй адæм зоной рæстдзинад?..

…Махмæ уый бæрц тых æмæ фæрæзтæ нæй, цæмæн не ‘нусон знæгтæй фервæзæм… Басæттæм ыл, æдых стæм. Фæлæ… Чысылнымæц, армыдзаг уæвгæйæ дæр не ‘хсæн рæстдзинад æмæ кæрæдзимбарынад куы уа, нæ сауæй сау зæгъынхъом куы уæм, нæ урсæй – урс, уæд нын цыфæнды тыхджын æмæ æппæтхъом знаг дæр ницы ракæндзæн…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.