Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон Хуссар Ирыстоны сывæллæтты делегаци Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, дидинджытæ сæвæрдтой Санкт-Петербурджы Беслæны трагедийы амæттæгты монументыл.

Беслæны фæмардуæвæг сывæллæттæн Санкт-Петербурджы цырт æвæрд æрцыд 2007 азы Сыгъдæг Мады Майрæмы Аргъуаны цур.

Аргъуаны уагæвæрæг фыд Андреимæ иумæ, ирон æхсæнады минæвæрттæ æмæ Би-былты Анатоли бакуывтой Беслæны фæмардуæвæг сывæллæтты удты æнцойы тыххæй.

Президенты ныхæстæм гæсгæ «æгас дуне, æппæт политикон тыхтæ дæр хъуамæ æрæ-вæрой се ‘ппæт хъарутæ, цæмæй æппæт зæххы къорийыл сывæллæттæ уой æдас».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.