Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Санкт-Петербурджы фембæлд Сербаг Республикæйы президент Милорад Додикимæ.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, фембæлды нысан уыди разамонджыты хи-сæрмагонд æмæ дыууæ паддзахады æхсæн ахастытæ саразын.

«Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг у Сербаг Республикæимæ ахастытæ саразын. Махæн нæ хъысмæттæ æнгæс сты, нæ адæмтæ æмбæлдысты иугъуызон зындзинæдтыл, ис нын иумæйаг нысæнттæ, иумæйаг хæлæрттæ æмæ иу уырнынад», – загъта Бибылты Анатоли.

Милорад Додик йæхи ‘рдыгæй радзырдта, йæ адæм цы проблемæтыл æмбæлынц, уы-дон тыххæй. Ныгуылæйнаг бæстæтæ республикæйыл æмæ, сæрибар паддзахады хуызы рæзыны сæраппонд йæ фæндондзинадыл тыхæндæвд кæй кæнынц, уый тыххæй.

Уый ма равдыста йæ цæттæдзинад Республикæ Хуссар Ирыстонимæ йæ бастдзинæд-тæ рæзын кæныны сæраппонд.

«Тынг æхсызгон мын у нæ базонгæдзинад. Мах нæ хъус дарæм Хуссар Ирыстоны цау-тæм, æмæ зонæм, уым æрцæугæ цауты тыххæй, æмзæрдæ уыдыстæм уемæ. Ныртæккæ ралæууыд фарн, æмæ мах хъуамæ аразæм нæ цард. Мах цæттæ стæм æмгуыстадмæ», – загъта Милорад Додик.

Бибылты Анатоли æмæ Милорад Додик кæрæдзи фæхуыдтой уазæгуæтты. Развæлгъау куыд бадзырдтой, афтæмæй Сербаг Республикæйы сæргълæууæгæн фадат уыдзæн 20 сентябры Республикæйы боны иу бонæмгъуыдмæ æрцæуын. Бибылты Антоли та хуынд æрцыд Сербаг Республикæйы бæрæгбонон мадзæлттæм 9-æм январы сæ Республикæйы Боны.

Милорад Додик æмæ Бибылты Анатоли радтой æмбæлон хæслæвæрдтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Сербаг Республикæйы минæварæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.