РХИ-йы Хицауады рабадты æркастысты æмæ Экономикон рæзты министры дыууæ хæдивæджы бынæттæм сфидар кодтой Дыгъуызты Руслан Виталийы фырт æмæ Александр Эдуарды фырт Ефименкойы.

Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат банысан кодта, зæгъгæ, бавдисгæ кандидатурæтæ сæ раздæры бынæтты æнтысгæйæ æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ.

Дыгъуызты Руслан раздæр уыд Экономикон рæзты министрады æргътæ æвæрын æмæ фæлхасадон базар бæстон кæныны управленийы сæргълæууæг, Александр Ефименко та банысангонд министрады лицензи кæныны управленийы сæргълæууæг.

Сæ ног бынæтты уыдон сæ хъус, сæйраджыдæр, дардзысты ацы фадгуытæм.

Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади раарфæ кодта  Дыгъуызты Руслан æмæ Александр Ефименкойæн, Экономикон рæзты министры хæдивджыты бынæттæм нысан кæй æрцыдысты, уый тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтысгæ куыст.

«Сымахыл абон Хицауад баууæндыд бæрнон фадгуытæ æмæ уæм æнхъæлмæ кæсы æнтыстджын куыстмæ, уый уын уарзы мæ цæст дæр», –  загъта  Бекъойты Геннади.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.