Æнæформалон фембæлд

Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты лидертæ æрæмбырд сты æнæформалон саммитмæ. Бæстæты президенттæн фембæлд уыд Ново-Огаревойы резиденцийы. Казахстаны сæргълæууæг Нурсултан Назарбаев раарфæ кодта йæ уæрæсейаг коллегæйæн æрбалæугæ ног азы цытæн. Æнæформалон фембæлды хайад райстой Азербайджаны, Сомихстоны, Беларусы, Хъыргъыстаны, Молдовайы, Таджикистаны, Узбекистаны президенттæ Ильхам Алиев, Серж Саргсян, Александр Лукашенко, Сооронбай Жээнбеков, Игорь Додон, Эммали Рахмон æмæ Шавкат Мирзиеев. Паддзахадты сæргълæуджытæ хатдзæгтæ сарæзтой 2017 азы ХПÆ-йы уæрæсейаг сæрдариуæгадæн, афтæ ма уынаффæ кодтой алыгъуызон фадгуыты дарддæры рæзты фарстытыл. 2018 азы ХПÆ-йы сæрдар уыдзæн Таджикистан.

 

Йæ цардæй ахицæн зынгæ композитор

92-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн номдзыд композитор, УФ-йы адæмон артист, Советон Цæдисы паддзахадон премиты лауреат Владимир Шаинский. Шаинский у сывæллæтты ахæм зарджыты автор, куыд «Антошка», «Белые кораблики», «Вместе весело шагать», «Голубой вагон», «Облака», «Песенка Крокодилы Гены», «Песня Чебурашки», «Чему учат в школе», «Чунга-Чанга» æмæ бирæ æндæртæ. Уый ныффыста 300 зарæгæй фылдæр, уыдонæй бирæтæ систы популярон: «А он мне нравится», «А лес стоит загадочный», «Будет завтра лучше, чем вчера», «Две звезды», «Идет солдат по городу», «Лада», «Не плачь, девчонка», «Родительский дом», «Мы начинаем КВН» æмæ бирæ æндæртæ. Йæ зарджытыл схъомыл сты Советон Цæдисы адæмы бирæ фæлтæртæ.

АИШ-ы фæаххосджын

кодтой

Уæрæсейы Федерацийы Генералон штаб АИШ-ы фæаххосджын кодта Сирийы террористтæ цæттæ кæныны. АИШ-æн æфсæддон базæтæ ис Сирийы цæгат-хурскæсæны, цыран хæстон цæттæдзинад исынц, раздæр ислаймаг паддзахады сæрыл чи тох кодта, уыцы боевиктæ, – уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæр Валери Герасимов. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ боевиктæ сты Сирийы хуссары Ат-Танфы базæйы. Уыимæ уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, æрæджы телеканал Би-би-си куыд фехъусын кодта, афтæмæй Раккийæ организаци æрцыд боевикты эвакуаци. Афтæмæй, америкæйæгты æххуысæй Шаддадийы лагермæ курдтæ ракодтой 400 адæймаджы. Валери Герасимовы ныхæстæм гæсгæ ИГИЛ-ы террористтæ цæттæдзинад рацæуыны фæстæ сæхи схонынц «Ног сирийаг æфсад». Боевикты сæйраг хæс у Сирийы уавæр сдестабилизаци кæнын.

***

Валери Герасимов ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй уæрæсейаг æфсадæн Сирийы бантыст «Ислаймаг паддзахады» 60 мин боевикы скуынæг кæнын.

Æдæппæт та сæ нымæц уыд 70 мины бæрц. Куынæг цы боевиктæ æрцыдысты, уыдонæй 2,8 мин адæймаджы уыдысты Уæрæсейы Федерацийæ рацæугæтæ. Уымæй дарддæр ма уый куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Сирийы операцийы рæстæджы уым уыдысты 48 мин салдаты æмæ афицеры. Уыдон иууылдæр нымад æрцыдысты хæстон архайдтыты хайадисджытыл «Ветеранты тыххæй» закъонмæ цы уæлæмхасæнтæ хаст æрцыдысты, уыдоны бындурыл.

 

Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æмæ АИШ-ы госсекретарь Рекс Тиллерсон телефоны уынаффæ кодтой Корейаг æрдæгсакъадахы уавæрыл. Уæрæсейаг министр банысан кодта æвæстиатæй бадзырдон процессмæ рахизыны ахсджиагдзинад. Дыууæ фарс дæр банысан кодтой, зæгъгæ, Кореяйы ракетон-ядерон бакуыстытæ  халынц ИНО-йы æдасдзинады советы домæнтæ.

Сомихстоны президент фембæлд гуырдзиаг патриархимæ

Гуырдзыстонмæ йæ официалон визиты фæлгæтты Сомихстоны президент Серж Саргсян Тбилисы сомихаг æмæхсæнады минæвæрттимæ бабæрæг кодта Сыгъдæг Георгийы гуырдзиаг епархийы резиденци. Сомихаг лидер ма фембæлд æппæт Гуырдзыстоны католикос-патриарх Илия дыккагимæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм

гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.