Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд  ирон адæмæй бирæты цард схæццæ. Бирæты æвæндонæй бахъуыд сæ райгуырæн къуымæй хуыздæрцардагур ацæуын. Рæстæгмæ йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонæй чи ацыд, уыдон æмбал баистæм мах, Кокойты бинонтæ дæр. Бахъуыд нæ, нæ амондджын царды бонтæ цы фатеры арвыстам, уый ныууадзын. Уымæн та уыд дыууæ аххосаджы: иуæй уый æмæ не ‘ртæуæладзыгон корпус ис горæтгæрон æмæ æппынæдзух уыдыстæм æхстыты бын, нæмгуытæ хаудтой нæ фатермæ. Уыд ахæм цау дæр: иу хатт егъау снаряд сæмбæлд нæ корпусы уæлхæдзарыл, йе схъистæ æркалдысты комкоммæ нæ сынтæджытæй иууыл æмæ хуыссæнтæ ныскъуыдтæ кодтой. Хорз уыд æмæ уыцы рæстæджы уым ничи уыд, æндæра дæ балгъитæг дæр афтæ… Иннæмæй та, мæ мад Тедеты Юля рынчынтæ хаста æмæ йын тынг зын уыд хæстон уавæрты цæрын, æндæра куы цыдыстæм, уæд нæ цæстысыгтæ нæ басур сты  æнæхъæн фæндагыл. Кæй фæнды йæ уарзон горæт, йæ уарзон фатерæй ацæуын, фæлæ… Иннæ ахæм мæ фыд Кокойты Васили æнæнхъæлæжы куы фæзиан, уæд æй уæлмæрдмæ дæр не схастам, гуырдзиæгтæ ТЭК-ы кæй лæууыдысты æмæ кæй æхстой, уый аххосæй. Баныгæдтам уал æй, йæ царды бонтæ цы  æрмадзы æрвыста, уый кæрты æмæ фæстæдæр куы фæсабырдæр, уæд ныгæд æрцыд Згъудеры уæлмæрды.

Нырма уал мæ мад æмæ мæ хоимæ æрцардыстæм Дзæуджыхъæуы. Фæлæ-иу æрвылсæрд дæр æрцыдыстæм нæ райгуырæн Цхинвалмæ. Дзæуджыхъæуы цалдæр азы ацæрыны фæстæ амард нæ мад æмæ йæ мард ласгæ фæци, афтæ бирæ цы фатеры уарзта, уырдæм – ацы хатт ын нал бантыст йæ хиуæттыл фæцин кæнын. Уый фæстæ мах та мæ хоимæ нæ хъысмæт Мæскуымæ ахаста æмæ ныр кæд 15 азы бæрц уым цæрæм, уæддæр нæ фатер нæ ауæй кодтам æмæ нæдæр фæнд кæнæм йæ ауæй кæнын, уымæн æмæ фæстæмæ хъуамæ Цхинвалмæ æрæздæхæм. Ныр та уал æрвылаз дæр æрцæуæм нæ уарзон Цхин-валмæ.

Раздæр-иу арæх фехъуыстон, зæгъгæ, адæймаг кæм райгуыры, уыцы зæххæй адджындæр йæ удæн, йæ зæрдæйæн ницы вæййы. Уæд  кæронмæ не ‘мбæрстон ацы ныхæсты нысаниуæг, фæлæ нæ нæ уарзон горæтæй ацæуыны сæр куы бахъуыд, уæд æй бамбæрстон, æцæгæйдæр, райгуырæн зæххæй адджындæр адæймагæн ницы ис. Куыддæр тунелæй рахизын, афтæ мæ риуы дзаг сулæфын, уæлдæф дæр мæм æндæргъуызон фæкæсы. Цхинвалмæ куы æрхæццæ вæййын, уæд та мæм афтæ фæкæсы, цыма мыл базыртæ базайы æмæ мæ тæхын æрфæнды фырцинæй. Зæрдæ цахæмдæр æнахуыр цины æнкъарæнтæй айдзаг вæййы æмæ хатт фырцинæй мæ цæссыгтæ дæр нал бауромын. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг фæцин кæнын мæ уарзон хæстæфхæрд æмæ хæствæллад Цхинвалæн фæстаг рæстæджы цадæггай йæ хъæдгæмттæ кæй гас кæнынц, ууыл.

Æртæ-цыппар азы размæ-иу куы æрцыдтæн Цхинвалмæ, уæд-иу мæ зæрдæ нырхæндæг, ахæм мæгуыргъуызæй-иу мыл сæмбæлдысты нæ горæты уынгтæ, хæдзæрттæ. Сæ хуызæй-иу нынкъард дæн æмæ-иу мæхинымæр ахъуыды кодтон, зæгъын, нырма кæд слæудзæн нæ горæт йæ къахыл, кæд райсдзæн йæ раздæры хуыз. Фæлæ ныр бæрæг йæ хуыз фæивта Цхинвал. Бæрæг ма йæ хуыз фæивта Дзауы поселок дæр. Мæ фæндаг Дзауыл у æмæ уый дæр æнæрахатгæ нæ фæдæн. Куы æрцæуын æмæ та ногæй исты арæзтад куы фенын, уæд та сывæллонау тынг фæцин кæнын. Ныр дæр та уыд, афтæ. Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ фæндагыл цæугæйæ мæхинымæр цытæ хъуыды кодтон, уыдон уын хъуамæ фергом кæнон. «Дæ бонтæ та хорз, мæ уарзон хæствæллад горæт! Уæ бонтæ та хорз мæ уарзон æмтуг ирон адæм!  Æрцыдтæн та дæм Мæскуыйæ, мæ иууыл уарзондæр горæт Цхинвал, æмæ та дын хъæбыс кæнын. Тъунелæй рахизгæйæ та мæ риуы дзаг сулæфыдтæн Ирыстоны сæртæг уæлдæфæй æмæ та æрхъæцмæ нал лæууын, кæд та бакæндзынæн мæ фатеры дуар,  кæд та азилдзынæн нæ горæты уынгты, уымæ».

Цхинвалмæ куы æрцæуын, уæд мæ фæллад дæр не суадзын, афтæмæй азилын мæ хæлæрттыл, мæ уарзон горæты уынгтыл æмæ та мæ зæрдæ барухс вæййы. Уымæн æмæ горæтæн гас кæнынц йæ хæстон хъæдгæмттæ, арæзт дзы æрцыд тынг бирæ. Фæстаг æртæ азы мæ алы æрцыды рæстæджы дæр цыдæр ногдзинад æрæййафын æмæ та мæ зæрдæ цины малы аныгъуылы. Ивгъуыд аз паддзахадон драмон театры бæстыхайы арæзтад куы федтон, уæд мæ фырцинæй ныхъхъæр кæнын æрфæндыд æмæ фæарфæтæ кодтон нæ президентæн. Ныр дæр та мæ зæрдæ хурварс абадт Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты арæзтадæй. Мæ цæстытыл æууæндгæ дæр нæ бакодтон, зæгъын, ивгъуыд аз ацы ран нырма зæронд институты бæстыхай куы уыд, уæд афтæ тынг йæ къабæзтæ куыд айвæзта фæйнæрдæм университеты ног бæстыхай. Йæ арæзтад мын уæлдай æхсызгон  уымæн у  æмæ æз дæр мæ дæсныйад ацы институты  (уæд институт уыд) ахуыр кæнгæйæ райстон, уым арвыстон ме студентон азтæ.

Мæ ацы æрцыды рæстæджы ма мын æхсызгон уыд уый дæр, æмæ мын мæ фыд, фыццаг ирон скульптор Кокойты Василийæн университеты залы «Апполон»-ы уæнгтæ мысæн изæр кæй сарæзтой, уый дæр. Мæ фыд у уый тыххæй дзы нæ раппæлдзынæн, фæлæ мысæн изæры мæ фыды тыххæй цы æппæлæн ныхæстæ дзырдтой сæ мысинæгты, уыдон иууылдæр уыдысты раст. Æцæг хорз адæймаг уыд мæ фыд æмæ йæ ном рох макуы хъуамæ уа, уымæн æмæ уый бирæ сарæзта йæ сыгъзæрин къухтæй йæ радтæг Ирыстонæн. Абоны онг дæр ма йæ арæзт цыртытæ æмæ бюсттæ лæууынц горæты уынгты æмæ мын уый уæлдай æхсызгон у.

Тынг  æхсызгон мын у уый дæр æмæ хæрзарæзт уынгты нымæц бирæ кæй фæфылдæр. Иу чысыл ма æмæ Цхинвал раздæр куыд уыд, уымæй авд ахæм хуыздæр кæй фестдзæн, уый мæ уырны. Афтæ у, бæстæйы къухдариуæгад йæ адæмы фæрныгады тыххæй зæрдæйæ куы фæтыхсы, уæд. Акæуст-ма, куыд тынг рафидыдтой Цхинвалы уынгтæ.

Мæ уацы мæ фæнды ской кæнын мæхи проблемæйы тыххæй дæр. Æз цæрын 13 Коммунары уынджы 27-æм æртæуæладзыгон корпусы æмæ куыд горæты æндæр хæдзæрттæ, афтæ  бахъыгдард нæ корпус дæр хæстон азты рæстæджы, уæлдайдæр та йæ агъуыст, кæцы абоны онг дæр арæзт нæма æрцыд. Къæвда бонты дон æркæлы нæ фатертæм. Мæ сыхæгтæ мын куыд загътой, афтæмæй уыдон цалдæр хатты куырдиæттæ ныффыстой æмбæлон инстанцитæм, фæлæ абоны онг дæр фарст æвæрццагæй скъуыддзаг нæма æрцыд. Уырны мæ, нæ куырыхон Президент ацы проблемæйы тыххæй куы базона, уæд нын æнæмæнгæйдæр кæй баххуыс кæндзæн фарст аскъуыддзаг кæнынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмыл хур дæр не ‘ххæссы, фæлæ мах рад дæр хъуамæ æрцæуа æмæ нын нæ хæдзары агъуыст раивой, науæд цæрджытæ тынг сфæлмæцыдысты.  Уырны мæ, мæ радон æрцыдмæ нæ корпусы проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн. Фæнды мæ мæ фатер сцалцæг кæнын æмæ фæстæмæ æрæздæхын, фæлæ йыл афтæ къæвдадæттæ куы цæуой, уæд æй цæмæн цалцæг кæнын. Уырны ма мæ уый дæр æмæ нæ уынг та хæрзарæзт кæй æрцæудзæн,  цыран ныртæккæ цæуынц арæзтадон куыстытæ.

Кæронбæттæны мæ фæнды раарфæ кæнын не ‘взонг паддзахады къухдариуæгадæн Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй. Тынг бирæ саразын бафтыд уæ къухты  æмæ уын уадз, ноджыдæр фылдæр бантысæд саразын уæ хæстæфхæрд адæмы фæрныгадæн.

Кокойты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.