Ацы аз 29 майы нæ Республикæ банысан кодта историон нысаниуæджы бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады акт расидыныл 32 азы сæххæсты бон. Ацы къахдзæф нæ адæмæн уыд лæмбынæг ахъуыдыгонд æмæ уæззау фыдæвзарæн фæндагыл рацæуыны фæстæ равзæрст фæндон.

Ацы ахсджиаг бæрæгбоны цытæн Парламенты æмбырдгæнæн залы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой, ацы хъуыддагыл уæхскуæзæй чи куыста, уыцы фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ, бæстæйы разамынад Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Парламенты депутаттæ, министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ, зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы, æхсæнады минæвæрттæ.

Президент Гаглойты Алан йӕ раныхасы банысан кодта, зӕгъгӕ, 1992 азы 29 май Хуссар Ирыстоны абоны ӕмӕ фидӕны фӕлтӕртӕн уыд хъысмӕтскъуыддзаггӕнӕг бон. Уыцы нысаниуӕгджын боны, Республикӕйы Уӕлдӕр Советы депутаттӕ Хъуылымбегты Торезы сӕрдариуӕгадӕй ӕмхъӕлӕсӕй райстой хӕдбардзинад расидыны тыххӕй уагӕвӕрд. Уыцы документ бындур ӕрӕвӕрдта, уыцы аз 9 январы нӕ адӕм бӕстӕйы рӕзтӕн цы фӕндондзинад равдыстой, уыцы сӕрибары фӕндаг равзарын.

Бӕстӕйы разамонӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоныл уӕззау рӕстӕджытӕ куы скодта, уæд Уӕлдӕр Советы депутаттӕ равдыстой ӕцӕг ӕмбӕстагон фæндвидардзинад, фидар ныфсхастдзинад сӕрибардзинадмӕ æмæ адӕмы фӕндондзинад кӕронмӕ акӕнынмæ.

«Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны фӕстӕ гуырдзиаг атакӕтӕ уадид фӕкарздӕр сты. Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнджыты хъӕбатырдзинад, фидардзинад ӕмӕ удуæлдайдзинадмæ нӕ кӕсгӕйӕ, бӕрӕг уыд, тыхтӕ ӕмхуызон кӕй не сты. Фӕлӕ нæ хъахъхъæнджыты фӕндвидардзинад, бæс­тæйы сӕрибардзинад бахъахъхъӕнынмӕ цæттæ кæй сты, уый ӕвдыстой карз тохты рæстæджы. Паддзахадон арӕзтад ӕмӕ политикон рӕзтæн сарӕзтой разæууæлтæ ӕмӕ фадӕттӕ, афтæ ӕддагполитикон баст­дзинӕдтӕ рӕзын ӕмӕ биноныг кӕнынӕн дæр. Ирӕтты ныхмӕ гуырдзиаг хотыхджын хӕстонтӕ цы сырдон митӕ кодтой, уыдон фӕдыл раст информаци парахат кӕнын, афтæ ма Хуссар Ирыстоны уавӕр ӕмӕ паддзахаддзинад аразын ӕмӕ нӕ адӕмы рӕстагон тох дæр æвдисын», – дзырдта Президент.

Бӕстӕйы разамонӕг банысан кодта Хуссар Ирыстоны территорийыл сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад биноныг кӕныны хъуыддаджы Уӕрӕсейы Федерацийы ӕгӕрон ӕххуыс. Нӕ адӕмы историон бастдзинад ӕмӕ монон иудзинадмӕ хъусдард здахгӕйӕ, Уӕрӕсе уӕды рӕс­тӕджы арӕзта ӕппӕт дӕр, цӕмӕй ӕрурӕдтаит хӕстон архайдтытӕ.

«Æмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы фӕндвидар дипломатон хайадист Гуырдзыстоны бахӕсджын кодта 1992 азы 24 июны сабырадон сразыдзинадыл къухтӕ ӕрфыссын. Уый фӕстиуӕгӕн нæм уыцы аз 14 июлы ӕрцыдысты фидауынгӕнӕг тыхтӕ», – банысан кодта уый.

Гаглойты Алан бузныг загъта, йӕ рӕстӕджы нӕ республикӕ расидын ӕмӕ рӕзын кӕнынмӕ йӕ хайбавӕрд чи бахаста, йӕ сӕрибардзинадыл чи тох кодта, адӕмы хæдуагæвæрды бар ӕмӕ йӕ царды аргъӕй Фыдыбӕстӕ чи бахъахъхъӕдта, уыцы ӕмбӕстӕгтӕн.

Бахатыд цытджын мадзалы хайадисджытӕм ӕмӕ ӕмырӕй алӕугӕйӕ, ссардтой, бӕстӕйы сӕрибардзинад чи хъахъхъӕдта ӕмӕ абон не ‘хсӕн чи нал сты, уыдон рухс нӕмттӕ.

Бӕстӕйы разамонӕг дарддӕр йӕ ныхасы банысан кодта Хуссар Ирыстон йӕ рӕзты фӕндаг кӕй бӕтты Уӕрӕсейы Федерациимӕ. Нӕ бӕстӕйӕн уӕззау рӕстӕджыты ӕппынӕдзух нӕ фарсмӕ чи уыд ӕмӕ нӕ мӕлӕтӕй тӕссаг рӕстӕджыты чи ирвӕзын кодта, уый уыд Стыр Уæрæсе.

«Социалон-экономикон рӕзт фӕтагъддӕр кӕныны ахсджиаг факторӕн ахъазгӕнӕг уыд, Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинад Уӕрӕсейы Федераци кæй банымадта, уый. Цӕдисон ахастытӕ фидар кӕнын, хъомысджын Уӕрӕсеимӕ интеграци рӕзын кӕнын у ахсджиаг ӕмӕ нӕ бӕстӕйы ӕддагполитикон курсы сӕйраг хӕс», – банысан кодта Президент.

Гаглойты Алан æрсидт фæсивæдмæ, зӕггӕ, бӕстӕйы хъысмӕты тыххæй бӕрндзинад уыдон хъуамæ хæссой дарддӕр. Уымӕн ӕмӕ уыдон схъомыл сты сӕрибар ӕмӕ хӕдбар Республикӕ Хуссар Ирыстоны. Ныфсджынӕй хъуамӕ цӕуой, нӕ адӕм сӕрибары тыххӕй тохты азты цы фӕндаг равзӕрстой, ууыл. Нӕ фыдӕлтӕ куыд хъахъхъӕдтой, афтӕ хъуамӕ хъахъхъӕной Фыдыбӕстӕ ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ фӕллой кӕной йӕ райрӕзты хӕрзӕбонӕн. Ис нын фӕлтӕрты разӕнгардгӕнӕн дӕнцӕгтӕ – фӕсхӕст пырхӕнтӕй республикӕ чи ӕндидзын кодта, арӕзта ӕмӕ хъахъхъӕдта, уыцы хъæбатыртæ.

Фыццаг сӕвзӕрсты Парламенты депу­тат, профессор Битарты Зойæ банысан кодта, уыцы уæззау рæстæджыты адæм кæй райдыдтой тох кæнын ирон æвзаг æмæ культурæйы бахъахъхъæныныл. Уæд депутаттæ материалон хорздзинæдтыл кæнæ цавæрдæр пайдайыл нæ хъуыды кодтой, хъуыды кодтой, не ‘взаг æмæ наци куыд бахъахъхъæнæм, æрмæстдæр ууыл. Уæды рæстæджы, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ тынг архайдтой, цы нысанмæ тырныдтам, цæмæй уый нæ къухты ма бафтыдаид, фæлæ мах нæ кæнон акодтам.

Плиты Бэлӕ æмæ Кокойты Тарзан дзырдтой, ацы историон документ райсынмӕ сӕ цы сразӕнгард кодта, цы уавӕрты ист цыд, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ йыл куыд иузӕрдионӕй архайдтой, ӕппӕт уыдӕттыл.

Ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, 1992 азæй абоны онг нæ паддзахаддзинадӕн цы мӕсыг амад цӕуы, уый дарддæр араздзысты ног сæвзæрст Парламенты депутаттæ.

Цытджын мадзал адарддæр Адæмон инс­трументты паддзахадон оркестр «Айзæлд»-ы бæрæгбонон концертæй.

 

Хъуылымбегты Торезы цырты раз сӕвӕрдтой дидинджытӕ

Цытджын æмбырд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады Акт расидыны сæраппонд

Цытджын мадзæлтты хайадисджытæ, бæстæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой нæ республикæйы зынгæ политикон архайæг 1990-1993 азты Уæлдæр Советы сæрдар Хъуылымбегты Торезы бюсты раз.

Банысан кæнын хъæуы, Хъуылымбегты Торез кæй уыд зынгæ паддзахадон æмæ политикон архайæг. Уый фыццаг слæууыд паддзахады сæргъ, ирон адæмæн уый у сæрибардзинад æмæ хъæбатырдзинады символ. Йæ сæргълæудæй уæды Уæлдæр Совет райста историон ахсджиаг документ æмæ кæронмæ сфидар кодта бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады рæзты фæндæгтæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.