Уӕрӕсейаг ӕфсæддон тæхæг, майор Владимир Едаменкойæн Хуссар Ирыстоны сывӕрдтой цыртдзӕвӕн. Вла­ димир хъæбатырæй фæмард 2008-æм азы 9-æм августы.

Мадзалы хайад райстой нæ республикæйы къухдариуӕгад Президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, министрадтӕ ӕмӕ ведомствоты къухдариуӕггӕнджытӕ, 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан банысан кодта, зӕгъгӕ, нӕ республикӕ бахъахъхъӕныны сӕрвӕлтау йӕ цард нывондӕн чи ӕрхастой, уыдоны нæмттæ цӕрдзысты ӕнустӕм. «Ӕфсӕддон тӕхӕг Владимир Едаменко фӕмард хъӕбатырӕй. Махӕй алкӕйы хӕс дӕр у, цӕмӕй мысӕм ӕмӕ ма рох кӕнӕм Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнджыты хъӕбатырдзинады тыххӕй ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ ӕркӕныны хъуыддаджы чидӕриддӕр хайад райста, уыдоны. Се сгуыхтдзинад ӕнустӕм баззайдзӕн нӕ мысынады ӕмӕ фӕзминаг уыдзысты куыд рӕзгӕ фӕлтӕрӕн, афтӕ ӕмткӕй нӕ республикӕйы адӕмӕн дӕр», – банысан кодта Президент.

Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов загъта, зӕгъгӕ, махӕй алкӕй хӕс дӕр у Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнджыты ном мысын. «Сӕ хъӕбатырдзыинад сын макуы ферох кӕнут. Едаменко йӕ цард снывонд кодта уӕлдӕфӕн, ӕмӕ кӕд йӕ цард цыбыр уыд, уӕддӕр ӕй рацард намысджынӕй ӕмӕ фӕмард хъӕбатырӕй. Уый фӕстаг минутты онг хӕцыд йӕ ӕфсӕддон хӕдтӕхӕджы штурвалыл ӕмӕ уӕлдӕфы ссардта æнцойад. Уый йӕ цард нывондӕн ӕрхаста Хуссар Ирыстоны зӕхх ӕмӕ фидӕны тыххӕй, уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ мысӕм ӕмӕ кад кӕнӕм ацы хъайтарӕн», – банысан кодта уӕрӕсейаг минӕвар.

Уый ма бузныджы ныхӕстӕ загъта Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауадӕн хъайтарæн цыртдзæвæн обелиск саразыны сын кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй.

Уый фӕстӕ министрадтӕ ӕмӕ ведомствоты минӕвӕрттӕ дидинджытӕ ӕмӕ веноктӕ сӕвӕрдтой цыртдзæвæны раз.

Владимирыл цыдис бæрцæй 30 азы. Уый уӕлдӕфы хъахъхъӕдта Хуссар Ирыстонмӕ цӕуӕг уæрæсейаг ӕфсады 58-ӕм армийы танкон колоннӕйы. Фӕлӕ, хъыгагӕн, афтӕ рауад ӕмӕ йын 9-ӕм августы Итраписы хъӕумӕ хӕстӕг знаг йӕ хӕдтӕхӕг ӕрӕппӕрста. Уӕрӕсейы Президенты Барамындмӕ гӕсгӕ 2008 азы 5-ӕм сентябры Владимир Едаменкойӕн лӕвӕрд ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъайтары ном. Хъайтары сыгъзӕрин стъалы лӕвӕрд ӕрцыд ӕфсӕддон тӕхӕджы цардӕмбал Марина Едаменкойӕн. 2019 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Владимир Едаменкойы схорзӕхджын кодта уӕлдӕр паддзахадон хорзӕх «Уацамонгӕ»-йӕ йӕ амӕлӕты фӕстӕ. Хъайтары номыл уӕрӕсейаг музыканттӕ скодтой зарӕг дӕр «Я летчик!», зӕгъгӕ.

Хуссар Ирыстоны Владимир Едаменкойы номыл ӕвӕрд ӕрцыд ныр дыккаг цыртдзӕвӕн. Фыццаг байгом 2023 азы Дзауы районы ӕфсӕддон тӕхӕг йӕ мӕлӕт кӕм ссардта, уыцы бынатмӕ хӕстӕг проект «Поле памяти»-йы фӕлгӕтты. РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Беджызаты Батрадзы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕдтӕхӕг кӕм ӕрхауд, уыцы бынатмӕ бацӕуӕн кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ уынаффӕ рахастой тӕхӕгӕн сӕйраг цыртдзӕвӕн Итраписы хъӕумӕ хӕстӕг сӕвӕрын.  Монумент ӕвдисы Владимир Едаменко цы хӕдтӕхӕгыл тахт, уый базыр.

Цыртдзӕвӕн сывӕрын сорганизаци кодта Цхинвалы Уӕрӕсейы минӕварад, Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы ӕххуысӕй.

КОКАЙТЫ Заринӕ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.