Уæрæсейы Федераци нын нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, ууыл дыууадæс азы сæххæсты цытæн 26-æм августы горæт Цхинвалы кафе «Vincenzo»-йы Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварады къухдариуæгад Республикон фæсивæдон æхсæнадон организаци «Иууон Алани»-имæ сорганизаци кодтой хъæлдзæг бæрæгбонон акци. Бæрæгбонмæ æрбамбырд бирæ адæм, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты сывæллæттæ. Кафе «Vincenzo»-йы æрæмбырдуæвджытæн æнæаргъæй уæрстой сæлдæгтæ, афтæ ма Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны чысыл тырысатæ.

Бæрæгбонон мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварады къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов. Уый бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, цæмæй адæм цæрой сабыр арвы бын æмæ республикæ цæуа размæ. «Абон Хуссар Ирыстон нысан кæны стыр æмæ ахсджиаг бæрæгбон. Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бонæй рацыдис дыууадæс азы æмæ уæдæй нырмæ Уæрæсе фидарæй лæууы уæ фарсмæ. Уæрæсейаг центр мæнæ ахæм акцийы руаджы арфæ кæны хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн. Сæлдæгтæ уарын мах нысан кæнæм, куыд хæлардзинады символ, афтæ æмæ уын сæ хæлар кæнæм. Уырыссаг æмæ ирон тырысатæ иумæ та нысан кæнынц уый æмæ мах иу бинонтау хæларæй кæй цæрæм, кæд формалон æгъдауæй нымад цæуæм, куыд дыууæ хицæн паддзахады, уæддæр», – банысан кодта Сергей Скворцов.

Бæрæгбонон акци организатортæ адарддæр кодтой хъæлдзæг уырыссаг мультфильмтæй, кæцытæм сывæллæттæ кастысты стыр æхсызгонæй. Акци ахаста цалдæр сахаты æмæ дзы адæм райстой позитивон эмоцитæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.