Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд æрцыд пресс-конференци Италийы Катанийы провинцийы горæт Рандаццойæ Хуссар Ирыстонмæ хæларадон балцы æрцæуæг делегацийы уæнгтæн.

Италийы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты минæвар Мауро Мурджиа журналисттæн базонгæ кодта италиаг уазджыты –  Рандаццойы горæты сæргълæууæджы хæдивæг Скализи Кармело Тиндаро æмæ йе ‘фсымæр Скализи Анджело Даниелеимæ.

Мауро Мурджиа куыд банысан кодта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитры фæрцы бантыст  италиаг горæт Рандаццойæ делегацийы æрцыд æмæ Цхинвал æмæ Рандаццойы ‘хсæн сразыдзинадыл къухтæ æр-фыссын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм къахдзæфтæ ахъаз сты Хуссар Ирыстоны интерестæ дунеон аренæйы размæ кæнынæн.

«Чысыл Хуссар Ирыстоны тых-хæй хъуамæ фылдæр зоной дуне. Абоны уазджыты æрцыд дæр но-джы иу къахдзæф у уыцы фæндагыл», – загъта Мауро Мурджиа.

Горæт Рандаццойы мэры хæди-вæг Скализи Кармело Тиндаро куыд радзырдта, афтæмæй Цхинвал æмæ Рандаццойы горæтты ‘хсæн цы сразыдзинадыл æрфыстæуыд къухтæ, уый арæзт æрцыд хæлардзинады бындурыл, уымæн нæй политикон нысаниуæг.

Ацы сразыдзинад фæахъаз уыдзæн дыууæ адæмты ‘хсæн ахастытæ фæхуыздæр кæнынæн, хæларадон æмæ культурон бастдзинæдтæ сфидар кæнынæн. Афтæ ма ахъаз кæндзæн армукъатæ, равдыстытæ, фестивальтæ, сфæлдыстадон коллективты хайадистæй æндæр мадзæлттæ уадзынæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæ, нæ адæм тынг фæцыдысты йæ зæрдæмæ.

«Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыд уæ бæстæ, æрдз дæр тынг рæсугъд у, уый у мæ райгуырæн бæстæйы æрдзы хуызæн. Иууыл диссаг та уæ уазæгуарзон адæм сты. Кæд 4000 километры дæрддзæгæй æр-цыдтæн, уæддæр æцæгæлон бæстæйы мæхи фæсарæйнагæй нæ хатын, æз Цхинвалы мæхи хатын, куыд мæхи хæдзары, афтæ», – загъта италиаг уазæг æмæ ма банысан кодта, æмахастытæ кæй фæнды, уыцы дыууæ адæмты ‘хсæн бастдзинæдты ахсджиагдзинад.  Йæ  ныхæстæм  гæсгæ,  уыцы ахастытæ   æнæмæнгдæр   тау  суадздзысты.

«Мах фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстоны тыххæй зоной Италийы. Политикон аспекттæ куыдфæнды æвæрд  ма цæуой, уæддæр адæмы бахизæн нæй кæрæдзиимæ хæлар уæвынæй», – загъта Скализи Кармело Тиндаро.

Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй суагъæ ахæсдзысты Италимæ æмæ йæ италиаг адæмæн базонгæ кæндзысты. «Хуссар Ирыстоны уым уабæрæг ничи зоны æмæ сын мах информаци дæтдзыстæм уæ республикæйы тыххæй», – ныфс бавæрдта уазæг.

Италийы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты минæвар Мауро Мурджиа куыд загъта, афтæмæй горæтты ‘хсæн æмахастытæ уыдзысты культурæйы, туризмы фадгуыты, гæнæн ис, экономикæйы фадыджы  дæр, уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Рандаццо æмæ Цхинвал кæрæдзимæ æрвит-дзысты се ‘мбæстæгты.

«Рæзын хъæуы туризм, цæмæй дыууæ горæты цæрджытæ кæрæ-дзийы тыххæй зоной фылдæр. Гæнæн ис, æфсымæрон горæтты журналисттæ дæр цæуой кæрæдзимæ æмæ сæ æрмæджыты руаджы зонгæ кæной дыууæ бæстæйы адæмты», – загъта Мауро Мурджиа.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фæнд кæны ноджы иу италиаг горæт Ланузейимæ æмгуысткæнынады тыххæй бадзырд саразын. Цхинвалы мэр Коцты Алан июны мæйы хуынд у ацы горæтмæ, цыран къухтæ æрфыс-тæуыдзæн меморандумыл.

Мауро Мурджиа ма радзырдта, зæгъгæ, сентябры мæйы фæнд цæуы италиаг журналист Джульетто Кьезайы чиныджы презентаци Цхинвалы ауадзыныл.

Рандаццойы мэры хæдивæг куыд радзырдта, афтæмæй федта ирон сæн æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд, ома, дам, уый дæр сицилиаг сæны æнгæс у.

Скалази Кармело Тиндаройы ныхæстæм гæсгæ, Рандаццо уадзы 300 хуызы  сырх сæнтæ, уадзы сын этикеткæтæ дæр.

«Нæ сæнтæ сæ адмæ гæсгæ хицæн кæнынц æндæр рæтты сæнтæй. Уыдон сты хæрзаддæр, уымæн æмæ сæндæттæ зайынц хъал вулкан Этнайы рæбын. Зайы ма нæм олива дæр æмæ дзы аразæм оливкайы зети», – банысан кодта уазæг.

 ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.