Дæргъвæтин ахуыры азы фæстæ алы скъоладзау дæр йæхи фенкъары фæллад æмæ уымæ гæсгæ сæрдыгон улæфт бонтæ хъуамæ арвитой хорз уавæрты. Уый ахъаз фæуыдзæн ног ахуыры азмæ ног тыхтæ æрбамбырд кæнынæн. 

Ацы бонты Цхинвалы  æмæ Дзауы скъола-интернатты сидзæр æмæ æвæрæз бинонты сабиты иу къорды, æдæппæт – 29 ахуырдзауы,  нæ республикæйы къухдариуæгад  Мæскуыйаг проект «Мать и дитя»-йы фæлгæтты арвыста Хъырымы улæфæн-æнæнизгæнæн лагертæй сæ иумæ. Къорды къухдариуæггæнджытæй сæ иу, Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнæг Тедеты Анжелæ нын куыд радзырдта, афтæмæй сабитæ сæхи æнкъарынц тынг хорз æмæ сты райгонд æппæтæй дæр. «Ныртæккæ ам, Хъырымы, улæфы 29 скъоладзауы æмæ 13 хъомылгæнæджы. Ардæм æрцæугæйæ, мах йæхимæ райста не ‘мбæстаг, бынæттон цæрæг, уазæгдон «Сакля горца»-йы хицау Битеты Эльбрус. Мах не ‘ппæт дæр стæм тынг райгонд нæ уавæртæй. Уазæгдоны хатæнтæ сты сыгъдæг, алы хатæны дæр ис уæлдæфсыгъдæггæнæнтæ æмæ æндæр хъæугæ уавæртæ.  Боны дæргъы сабитæ ба-хæрынц æртæ хатты, хæринæгтæ дæр сты хæрзад æмæ сабиты рæзгæ организмæн цы витаминтæ фæхъæуы, уыдон хынцгæйæ. Уымæй дарддæр алы бонæн дæр ис расписание. Æрвылбон дæр сабитæ сæхи фæнайынц денджызы, фæссихор та сæ Эльбрус акæны алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæм. Афтæ ма сæрдыгон хъарм изæрты та сæхи фæир-хæфсынц караокейыл ирон зарджытæ заргæйæ», – радзырдта Анжелæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ сабитæ дæр æмæ хъомылгæнджытæ дæр сæхи хатынц тынг хорз. 

Къорды  сабитæ сидзæр æмæ æвæрæз бинонтæй кæй сты, уымæ гæсгæ сын Битеты Эльбрусы цæст уарзы æппæт дæр æмæ сыл ауды, куыд  йæхи хъæбултыл, афтæ.

Кæд проекты фæлгæтты уыд, сабиты денджызы былыл æппæт уавæртæй дæр баулæфын кæнын, уæддæр уырдæм хаст нæ уыдысты алыгъуызон цымыдисон бынæттæм сæ экскурситы акæнын æмæ уыдонæн хъуыд хицæн æхцайы фæрæзтæ. Ацы фарст та йæхимæ райста не ‘мбæстаг Тедеты Дзамбулат. Ныридæгæн сабитæ федтой Хъырымы бирæ фенддаг бынæттæ. «Балхæнæм ма сын алыгъуызон чысыл зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр сæхи фæндонмæ гæсгæ. Уадз, сæ зæрдыл лæууа, а-дунейы кæй ис тынг бирæ хæрзи-уæгджын адæм æмæ кæд бинонты ‘рдыгæй баййæфтой  зындзинæдтæ, уæддæр сæ ныфс ма сæфа æмæ сæ фидæнмæ тырной уæндон æмæ ныфсджынæй», – загъта Анжелæ.

Сабитæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сты тынг хъæлдзæг æмæ дарддæр улæфынц сæ чысыл зæрдæты æхцон æнкъарæнтæй йемыдзагæй, цы цымыдисон бон-тæ æрвитынц, уыдон та сæ зæрдæты баззайдзысты æхцон мысинагæй. Куыд сабитæ, афтæ хъомылгæнджытæ дæр бузныг зæгъынц, ацы хъуыддаг чи сорганизаци кодта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр, сæйраджыдæр та нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн, Хъырымы уазæгдон «Сакля горца»-йы къухдариуæггæнæг Битеты Эльбрус æмæ номдзыд тренер Тедеты Дзамболатæн, афтæ ма проект «Мать и дитя»-йы фæлгæтты чидæриддæр архайы, уыдонæн.

 Къорды улæфджытæ Хъырымы баулæфдзысты дыууæ къуырийы, 9-æм июнæй 21 июнмæ. 

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.