Дыууæйæ фыццаг æмæ иу та дыкаг бынат – ахæм фæстиуджытæ уыд Сабитæ æмæ фæсивæды республикон комплексон спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæн Стараполы чи ацыд, Цæгат Кавказы федералон фадыджы уыцы ерысты Киоккусин-кан каратэйæ.

45 килограммы уæзы категорийы 12-13 азы кары къорды æмбал нæ уыд Дудайты Доннæйæн. Уый финалмæ хизгæйæ, фыццаг бынат райсыны сæраппонд тохы татамийыл фембæлд бынæттон спортсменкæимæ. Доннæйæн бантыст дыууæ хатты къæхтæй комкоммæ цæфтæ фæкæнын йæ ныхмæлæууæджы сæр, æмæ уый фæстиуæгæн не спортсменкæ æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз.

Уæззаудæр, 50 килограммы уæзы, категорийы тынг хорз йæхи равдыста æндæр спортсменкæ – Гаглойты Дианæ. Финалы уый къухы бафтыд йæ ныхмæлæууæгыл æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз уæвын, хорз кæй бацæттæ кодта æмæ кæй сæххæст кодта, йæ уыцы къахæй цæфты фæрцы.

Турниры æвзист майдан рамбылдта Тадтаты Софья (50 кг). Уый рахызт 14-15 аздзыдты кары къорды. Развæлгъау тохтæ æнтысгæйæ сæххæст гæн-гæйæ, уый, хъыгагæн, финалы уæлахиз радта Дагестайнаг спортсменкæйæн.

«Нæ спортсменкæтæ сæхи куыд равдыстой, уымæй æмткæй æз баззадтæн рйагондæй. Майы сæ ба-хъæудзæн хайад райсын Хуссар Федералон фадыджы ерысты, июны та мах хайад исдзыстæм Дзæуджыхъæуы сабитæ æмæ фæсивæды хæстон аивæдты фестивал «Мирный Кавказ»-ы. Уый уагъдæуы æрвылаз дæр. Рæхджы мах æрæвналдзыстæм ацы ерыстæм цæттæ кæнынмæ», – загъта РХИ-йы Киокусин-кан каратэйы Федерацийы сæйраг тренер Владимир Созаев.

Уый куыд загъта, уымæ гæсгæ ЦКФФ-ы ерысты йæ хъомылгæнинæгтæ уыдысты РЦИ-Аланийы командæйы сконды.

Куыд зонæм, афтæмæй Дудайты Доннæ æртæ хатты фæд-фæдыл сси ЦКФФ-йы ерысты уæлахиздзау, Гаглойты Дианæ æмæ Тадтаты Софья та – ЦКФФ-йы æвзист æмæ бронзæ майданты хицæуттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.