Бирæ æнусон иронуырыссаг дыууæфарсон ахастытæ ноджы фæтыхджындæр сты, 1774 азы иууон Ирыстон Уæрæсейы скондмæ куы бацыд, уæдæй фæстæмæ. ИрыстонУæрæсеимæ куы баиу, уæд нæ дих кодта Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоныл, сехсæн арæн никуы уыд. Петырбурджы цы æртæ ирон минæвары уыд, уыдонæй дыууæ уыдысты Ирыстонæн йæ хуссар хайæ.

Ирыстоны хуссар хай Уæрæсеимæ куы баиу, уæд фæбæрзонддæр йæ социалон-экономикон рæзт, фæфидардæр сты йæ культурон бастдзинæдтæ куыд уырыссаг адæмимæ, афтæ Уæрæсейы цæрæг æндæр адæмтимæ дæр.

1917 азы революцийы фæстæ Гуырдзыстоны хицауад бафæлвæрдтой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейæ атонын æмæ ирон адæмы скуынæг кæнынмæ. 1920 азы та ирон адæмæн расидтысты æцæг геноцид: туджы зæйты бын фæкодтой сахар Цхинвал æмæ йæ алфæмблай хъæуты, æгъатырæй цагътой сабыр цæрæг ирон адæмы, сыгътой хъæуты, нæ ауæрстой сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтыл дæр. Уæлдай тынгдæр агуырдтой ахæм бинонты, кæцытæн хæр зчысыл бастдзинад дæр уыд уырыссаг адæмимæ. Ахæм бинонты-иу уайтагъд скуынæг кодтой хæдзарыдзагæй.

Къуыдаргоммæ куы бабырстой, уæд гуырдзиаг лæгмартæ райдыдтой хъæуты судзын. Кæй-иу нæ фехстой, уыцы адæмы-иу сæ разæй скодтой æмæ-иу сæ сырдтой Часавалы ‘рдæм. Уым-иу сæ бакодтой, гуырдзиæгтæ бæхдон кæмæй сарæзтой, уыцы раздæры аргъуаны агъуысты, стæй-иу уыдоны дæр  фехстой.

Мæ мады фыд Джусойты Сашино Цъоны цард. Уый хæрзчысылæй афтыд Сачхереты районы Схвиторы хъæумæ æмæ цыппараздзыдæй æртыназдзыды кары онг рæзт æмæ хъомыл кодта зынгæ поэт Акаки Церетелиимæ, Акакийы  фыд Ростомы хæдзары. Гуырдзиагау дзырдта сыгъдæг, сæрæй кæронмæ æнæкæсгæйæ дзырдта Шота Руставелийы поэмæ «Стайы цармдарæг».

Ацы поэмæ раджы кæддæр чидæр рауагъта къухæйфыстæй. Иууыл иумæ уыдысты  æхсæз чиныджы, æмæ уыдонæй иу лæваргонд æрцыд Сашинойæн Акаки Церетелийы къухæй. Уыцы заманы сыхаг паддзахадты тыхджындæр хъæбысæйхæцджыты ‘хсæн Гуырдзыстоны цы традицион тыхæвзарæн цыд, уым та радон хатт кæй фæуæлахиз æмæ фыццаг бынат кæй бацахста, уый тыххæй. Чиныг бирæ азты фæцис Цъоны, сæ хæдзары, фæлæ йæ фæстæдæр нæ мады мадæй ракуырдта номдзыд ахуыргонд, академик, Хуссар Ирыстоны ботаникон-географион картæ саразæг Буш æмæ йæ ахаста Ленинградмæ. Уæдæй фæстæмæ нæм ницыуал информаци ис, уыцы чиныджы хъысмæт цы бацис, уый тыххæй.

Уыцы традицион тыхæвзарæнты Гуырдзыстонæй хайад исыны бар уыд æрмæстдæр ахæмтæн, Цхрамухы хъæуы цы æнахуыр стыр дур уыд, уый йæ бынатæй чи фезмæлын кодтаид. Дур нырма дæр уым ис. Лæмбынæгдæр æвдыст æрцыд Акаки Церетелийы зындгонд уацау «Баши Ачук»-ы, кæцы фыст æрцыд, Перс сæм куы ныббырста, уыцы хæсты тыххæй.

Дыууынæм азы геноциды рæстæджы Сашино нæ бабыхста гуырдзиаг тыхгæнджыты æгъатыр митæн æмæ фыстæг ныффыста Гуырдзыстоны уæды хицау Ной Жорданиямæ, цыран карзæй домдта æнæаххос ирон æдæмы цæгъдынæн, Ирыстоны хъæутæ судзынæн кæрон скæнын.

Жордания фыстæг бакаст. Сашиноимæ ныхас дæр акодта иудзæвгар, цыма дзы исты ракъахынмæ хъавыд, уыйау æм лæвæрдта, тынг æй чи нæ цымыдис кодта, ахæм уæ-лæнгай фарстатæ. Æмæ стæй бафарста Сашинойы, афтæ хорз кæм сахуыр дæ гуырдзиагау сыгъдæг фыссын æмæ дзурын, зæгъгæ… Куырыхон зæронд лæг æмбæрста, сæйраг адæмы цард кæй у, æмæ йын дзуапп радта, зæгъгæ, ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ цæрæнбонты хæларæй цардысты, се ‘хсæн ис хæстæгдзинад, зонынц кæрæдзийы æвзаг, кæрæдзийы æгъдæуттæ æмæ традицитæ.

Æмæ, æцæгдæр, йæ дзуапп бандæвта Жорданияйыл. Загъта йын:

«Хорз. Дæ хъæу æмæ йæ алыварс 10 хъæумæ нæ февналдзыстæм, иннæтæ сыгъд æрцæудзысты планмæ гæсгæ…»

Æмæ сæххæст кодта йæ дзырд. Цъон æмæ йæ алыварс цы хъæутæ уыд, уыдоны нæ басыгътой, кæд дзы Сашино æнæхъæн Хуссар Ирыстоны куынæг кæнын æруромын домдта, уæддæр…

Æмæ уыцы тугуарæн не ‘рлæууыд, цалынмæ Сырх Æфсады 292 полк æмæ Цæгат Ирыстонæй бархионтæ не ‘рцыдысты æххуысмæ, уæдмæ.

Фæлæ… Кæд Гуырдзыстонæй меньшевикон хицауад сырд баййæфта, уæддæр нын тæдзынæгæй цыхцырæгмæ бахауæгау рауад. Ирыстоны дыууæ дихы ныккодтой гуырдзиаг большевиктæ Орджоникидзейæ райдайгæйæ æмæ йын йæ иу хай, туджы лæсæнты бын æй чи фæкодта, уыцы Гуырдзыстоны хъуыры нытъыстой. Уый та нысан кодта ирон адæмы иудзинадæн кæрон скæнын.

ТЕБЛОЙТЫ Сослан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.