Хъахъхъæнынады министрады официалон сайты информацимæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты управленийы органты офицертимæ, æппæт дæлхæйтты сæрмагонд скондимæ, æмгъуыдмæ службæйы салдæттимæ ауагъдæуыд теоретикон ахуыртæ æфсæддон службæйы ныхмæ фыдракæндтæ  аиуварс кæныны фæдыл. Ахуыртæ ауагъта барадон куысты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры æххуысгæнæг Собаты Григори.

Гарзджын тыхты цæттæ кæныны планмæ æмæ ахуырты ранывæзтмæ гæсгæ, ведомствойы сæрмагонд скондимæ ахæм куыст уагъд цæуы министры хæдивджытимæ, алыгъуызон тематикон здæхтыты хайадты сæргълæуджытимæ.

Æфсæддон службæйы ныхмæ фыдракæндтæ аиуварс кæныны фæдыл ахуырты рæстæджы æфсæддон фыдракæндтæн анализ арæзт цыд РХИ-йы уголовон за-къондæттынадмæ гæсгæ.

Лекцитæм хъусджытæ лæмбынæг сахуыр кодтой фыдракæндты хуызтæ: æфсæддон службæйæ хи тылиф кæнын, хæстонмæ къух сисын, æфсæддон службæйы фæтк халын, æфсæддон исад паплой кæнæ куынæг кæнын æмæ а.д.

«Ахæм хуызы фыдракæндтæ тæссаг сты, закъонмæ гæсгæ фæткæвæрд  хæлд кæй цæуы, уымæй, афтæ ма тасдзинад æвзæрын кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн. Иууыл арæх сты æфсæддон хай æнæ бафæрсгæйæ ныууадзын, æмæ алидзын. Хуссар Ирыстоны уавæр бынтон æвзæр нæу, уымæн æмæ ахæм цаутæ стæм вæййынц», – банысан кодта дæлбулкъон Собаты Григори.

Ахуырты рæстæджы пунктгай уынаффæ кодтой ахæм темæтыл, куыд æфсæддон хай æмæ служ-бæйы бынат æввастæй ныууадзын, дезертирство, караулон службæйы фæтк халын æмæ ноджы бирæ æндæртыл.

Сæрмагонд хъусдард аздæхтæуыд алыгъуызон фыдракæндтæ саразыны тыххæй æфхæрдты системæмæ. Ахæм информаци лæвæрд æрцыд сæрмагонд скондæн дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.