Нæ фыдæлтæм сæ алы æгъдауы дæр æвæрд уыдис арф, сæ уырнынад æмæ дунембарынадимæ баст чи уыд, ахæм мидис. Уымæн æххæст кодтой алы æгъдау дæр йæхи сæрмагонд хуызы. Нæ йын уыдис ивæн…

Ирæд, туг исын, чызгæскъæфт, мæнгуырнынад æмæ мæнг дæснытæ… Афтæ нæм кæсы, цыма ацы æгъдæуттæ баззадысты ивгъуыд дуджы талынг рæстæджы. Фæлæ ма сыл алчидæр ахъуыды кæнæд… Абоны онг нырма дæр сæхи зонын кæнынц.

Раздæр заманы худинаг цы уыд, уыцы фæзынд ныр парахат кæны. Иу иннæйы фæдыл чызджыты нымæты атух, машинæйы йæ баппар æмæ ма дæ исчи аййафæт! Цæмæн афтæ рауайы? Бинонтæн чындзæхсæв скæнын сæ къух нæ амоны æмæ æрыгæттæ кæрæдзиимæ баныхас кæнынц? Æви хорз чызджытæм усгуртæ къахихсыд бавæййынц æмæ мæ разæй мачи фæуа, ууыл хъуыдыгæнгæйæ, лæппу фыруарзтæй йæ сæр фесафы? Кæнæ кæд хи кæуыл амарай, ахæм чызджытæ вæййынц. Уыимæ иумæ ма чызгæскъæфт телефонтæм фæисынц æмæ йæ интернеты алы хызæгтæм баппарынц, мæнæ, зæгъгæ, цы лæгдзинад сарæзтон…

Уымæй уæлдай та – ирæды хъуыддаг. «Нæ фыдбылызты фыддæр» – афтæ схуыдта Коцойты Арсен ирæд. Бирæ уыдысты, ирæд ирон адæмæн цы зиæнттæ хаста, уыдон. Цы кæна уæдæ сæрæн æмæ уæздан лæппу? Сыгъдæг куыстæй нæй бынтæ скæнæн. Ис æндæр мадзал – чызджы аскъæфын. Фæлæ уый чъизи æмæ хъæддаг ми у, æмæ намысджын лæппу йæ сæрмæ нæ хæссы ахæм цъаммардзинад.

Чызгæскъæфт хорз æгъдауыл нымад нæ цыд, уымæ усгур лæппуйы кодтой царды уавæртæ. Уæдæ ныр та цæмæн æрцæуынц ахæм цаутæ? Ногæй та “модæйы” рацыд? Ау, хорз æгъдæуттæй нæм цы ис, уыдоныл фидар хæцын хуыздæр нæу? Уыцы æгъдæутты, кæцытæ ном кодтой æмæ кæнынц ирон лæгæн. Нæ фыдæлтæм фауддзаг æгъдæуттæй цы уыд, уыдон ныу-уадзæм ивгъуыды, нæ цард та аразæм, адæймагæн ном чи кæнынц, уыцы æгъ-дæутты æмæ закъæттæм гæсгæ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.