Мыхуыры рацыд журнал «Фидиуæджы» æхсæзæм номыр.

Журнал йæ фыццаг фарсыл мыхуыр кæны, Жорж Дюмезилы райгуырдыл 120 азы кæй сæххæст, уый охыл йæ къам æмæ Цгъойты Хазбийы уац «Хиуонау бауарзта нæ хъæстæ», зæгъгæ.

Дарддæр журнал мыхуыр кæны Цæрукъаты Алыксандры райгуырды 100 азы сæраппонд авторы къам æмæ йе ‘мдзæвгæтæ.

Ирон зынгæ прозаик æмæ драматург Гаглойты Владимиры райгуырдыл сæххæст 90 азы. Уый цытæн ын журнал мыхуыр кæны йæ къам æмæ йæ радзырд «Фæдон».

Плиты Ильяйы райгуырды 105 азы бонмæ журнал мыхуыр кæны йæ къам æмæ йе ‘мдзæвгæтæ.

Журнал ма мыхуыр кæны Плиты Ильяйæн йæ райгуырды 100 азы бонмæ Цхуырбаты Мерийы уац «Йæ бæстæ, йæ адæм уарзгæйæ».

Æгънаты Гæстæныл 75 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд мыхуыр цæуынц йæ къам æмæ йæ радзырд «Мæ фыды цæстытæ».

Зындгонд журналист, фыссæг æмæ тæлмацгæнæг Багаты Аврамы райгуырдыл 75 азы сæххæсты охыл журнал мыхуыр кæны Аврамы къам æмæ йæ радзырд «Къобор».

Зынгæ ирон фыссæг Хъазиты Мелитоныл сæххæст 70 азы. Уый цытæн ын журнал мыхуыр кæны йæ къам æмæ йе ‘мдзæвгæтæ. Журналкæсæг ма бакæсдзæн Хъазиты Мелитоныл фыст æмдзæвгæтæ дæр, афтæ ма Плиты Гацыры уац «Хъазиты Мелитон – царды цин æмæ тухитыл зарæггæнæг».

Журнал ма мыхуыр кæны Джиоты Павелы радзырд «Автостанцы».

«Очерктæ» – ахæм рубрикæйы бын журналкæсæг базонгæ уыдзæн Хуыбиаты Никъалайы очерк «Кафты аивады – æппæт йæ цард»-имæ.

«Сфæлдыстадон бынтæ» – ацы рубрикæйы бын мыхуыр æрцыдысты Æлборты Хадзы-Умары æмдзæвгæтæ.

«Фидиуæджы» равдыст мыхуыр кæны Кæсойты Аланы конд нывтæ.

Журнал йæ фæстаг фарсыл мыхуыр кæны поэт-публицист, къорд поэтикон æмбырдгæндты автор Бахъаты Нугзар Ильяйы фырты некролог.

«Фидиуæджы тыллæг» – ахæм рубрикæйы бын журналкæсæг базонгæ уыдзæн 2019 азы журналы ныммыхуыргонд æрмæджытимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.